Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 2–3 фф.
  • Разамонӕг советы писмо

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разамонӕг советы писмо
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • 2 хай дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Куыд ис пайда кӕнӕн брошюрӕйӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • 3 хай дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 2–3 фф.
Бинонтӕ иумӕ ахуыр кӕнынц чиныг «Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм» ӕмӕ Библи кӕсынц

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ!

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ Ныхас, Библи, тынг уарзӕм. Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ царды стыр пайда кӕй сты. Стӕй ма Библийӕ ирдӕй зыны, Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы (Псалом 119:105; Лукайы 1:3; 1 Иоанны 4:19). Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад у хӕзнайы хуызӕн, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы рӕстдзинад базоной. Ӕмӕ ацы чиныг дӕр, «Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм», уый тыххӕй рауагътам. Цы ис зӕгъӕн ацы чиныджы тыххӕй?

Сӕйраджыдӕр ӕй сывӕллӕтты тыххӕй рауагътам. Фӕлӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, Библийы фыст хабӕрттӕ хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Библи алы адӕймагӕн фыст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕмӕн дӕр стыр пайда уыдзӕн, цы хабӕртты кой дзы цӕуы, уыдонмӕ ӕркӕсын. Уыцы зонындзинӕдтӕ адӕймаджы кӕнынц амондджын.

Ацы чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй абоны онг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Мах бацархайдтам, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдаиккой ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ хуымӕтӕг ӕвзагӕй, стӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ.

Фӕлӕ ацы чиныджы Библийы хабӕрттӕ ӕнӕуи фыст не сты. Алы радзырд дӕр афтӕ фыст у, цӕмӕй нӕ бон уа хабӕрттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Стӕй дзы цы нывтӕ ис, уыдоны фӕрцы та нӕ бон уыдзӕн, радзырдты кӕй кой цӕуы, уыдонӕн се ’нкъарӕнтӕ бамбарын.

Ацы чиныджы дзырд цӕуы, Йегъовӕйы закъӕттӕ чи ӕххӕст кодта ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кодта, уыдоны тыххӕй. Сӕ цӕвиттонтӕ махӕн сты зондзонӕн (Ромӕгтӕм 15:4; 1 Коринфӕгтӕм 10:6). Ис дзы 14 хайы. Алы хайы размӕ дӕр цыбыртӕй фыст ис, уыцы хайы дзырд цӕуыл цӕуы, уый.

Ныййарджытӕ, радзырд-иу уӕ сывӕллӕттимӕ бакӕсут ӕмӕ-иу нывтыл аныхас кӕнут. Стӕй-иу иумӕ бакӕсут, радзырд Библийӕ цы стихтыл арӕзт у, уыдон. Се ’ргом-иу сын раздахут, уыцы стихтӕ куыд баст сты, радзырды цӕй кой цӕуы ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уыимӕ. Ацы чиныг афтӕ ахуыр кӕнӕн ис ӕрмӕст сывӕллӕттимӕ нӕ, фӕлӕ, Библийы фыст хабӕрттӕ базонын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдонимӕ се ’ппӕтимӕ.

Ныфс нӕ ис, ацы чиныг сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр,– цыфӕнды кары ма уой, уӕддӕр,– кӕй баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхас нын цы дзуры, уый базонынӕн ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразынӕн. Уый фӕрцы сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы бинонтӕй суой ӕмӕ йын лӕггад кӕной.

Уе ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын