Разныхас 8 хаймӕ
Йегъовӕ Соломоны схайджын кодта стыр зондӕй ӕмӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йын кувӕндон сарӕзтаид. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ Соломон Йегъовӕйы ныууагъта. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдоны тыххӕй Соломон Хуыцауӕй куыд адард, уый. Израилы паддзахад дыууӕ хайыл адих, ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхты тыххӕй адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Уыцы рӕстӕджыты Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй бирӕтӕн сӕ фӕдыл зылдысты, кӕйдӕрты та дзы маргӕ дӕр акодтой. Ус-паддзах Йезавел дӕсмыггаг паддзахады цӕрджыты мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта. Израилы тынг ӕвзӕр рӕстӕг скодта. Фӕлӕ ма уӕддӕр израилӕгты ’хсӕн уыди, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгтӕ, зӕгъӕм, паддзах Иосафат ӕмӕ пехуымпар Илийа.