1 ЗАРӔГ
Йегъовӕйы миниуджытӕ
1. Йегъовӕ Хуыцау, куыд хъомысджын дӕ!
Дӕттыс цард ӕмӕ хъару алкӕмӕн дӕр.
Дӕ хъомыс де сконд хъуыддӕгты зыны.
Ӕнустӕм уӕларв ’мӕ зӕхх ысты.
2. Ды алы хъуыддаг фӕкӕныс рӕстӕй,
’Мӕ ахуыр кӕнӕм мах дӕ раст амындтӕй.
Ӕдзух лӕмбынӕг дӕ Ныхас кӕсӕм,
Дӕ диссаджы зонд мах уым уынӕм.
3. Дӕ уарзондзинад у махӕн зынаргъ.
Дӕ бирӕ хӕрзтӕн нӕй ӕмбал, нӕй сын аргъ!
Дӕ ном ӕмӕ де стыр кады тыххӕй
Мах хъусын кӕнӕм ӕппӕт тыхтӕй.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 36:9; 145:6–13; Еккл. 3:14; Иак. 1:17.)