17 ЗАРӔГ
«Фӕнды мӕ»
1. Йесо уыд фӕразон, фӕлмӕн,
Ӕххуыс кодта ’фхӕрд адӕмӕн.
Уый уыдта алкӕй рыст,
Зӕрдӕйӕ сыл тыхст.
Йӕхиуыл нӕ уыди йӕ мӕт.
Хорз ӕмбӕрста ’фхӕрд адӕмы,
Дзӕбӕх кодта алкӕй дӕр уый.
Уыд ӕдзухдӕр цӕттӕ ’ххуыс кӕнынмӕ,
Фӕлмӕнӕй дзырдта: «Фӕнды мӕ».
2. Мах тырнӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм,
Йӕ къахвӕдтыл алкӕд цӕуӕм.
Дарӕм алкӕмӕ дӕр
Фӕлмӕн, хорз зӕрдӕ,
Рӕстдзинад сын хъусын кӕнӕм.
Хотӕ-’фсымӕртӕн зын куы уа,
Хъуыддагӕй уӕд равдис дӕ уарзт.
Кӕд дӕм сидзӕртӕ сидой ӕххуысмӕ,
Уӕд-иу уайтагъд зӕгъ: «Фӕнды мӕ».
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 18:37; Еф. 3:19; Фил. 2:7.)