36 ЗАРӔГ
Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм
1. Нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй
Тӕригъӕдӕй хызт уӕм.
Хуыцау кӕсы ӕмӕ уыны,
Ӕцӕг цӕмӕ бӕллӕм.
Кӕд зӕрдӕ зондыл тых кӕна,–
Рӕдийын ӕй кӕндзӕн.
Кӕд зондмӕ хъуса зӕрдӕ, уӕд
Нӕ фӕндаг раст уыдзӕн.
2. Нӕ зӕрдӕ у Хуыцаумӕ здӕхт,
Фӕкувӕм уымӕ мах,
Фӕдзурӕм ын нӕ сагъӕстӕ,
Фӕкӕнӕм уымӕн кад.
Йегъовӕ нын цы амоны,
Уый цингӕнгӕ кӕнӕм.
Нӕ зӕрдӕ йыл ӕнувыд у,
Йӕ коммӕ мах кӕсӕм.
3. Ӕвзӕр хъуыдытӕй хъахъхъӕнӕм
Нӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух.
Хуыцауы Ныхас уарзӕм тынг –
Тыхдӕттӕг махӕн у.
Ӕнувыд чи у, уыдонӕн
Йегъовӕ кӕны аргъ.
Ӕнустӕм дӕр кӕндзыстӕм кад
Нӕ хорз Хӕларӕн мах.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 34:1; Фил. 4:8; 1 Пет. 3:4.)