92 ЗАРӔГ
Дӕ ном дын чи хӕссы, уыцы хӕдзар
1. Цӕй стыр кад у махӕн, Йегъовӕ,
Дӕ номыл ыскӕнын хӕдзар!
Дӕуӕн ӕй нывонд кӕнӕм абон,
Цӕмӕй дын ыстыр кад хӕсса!
Цыфӕнды дын ма раттӕм хорзӕй,
Уый райстам дӕ къухӕй кӕддӕр.
Нӕ къухты фыдӕбон, нӕ исбон
Зӕрдӕйӕ дӕуӕн мах дӕттӕм.
БАЗАРД
Ыскодтам ног хӕдзар дӕуӕн,
Дӕ номы кад ам нӕрдзӕн.
Ныр ӕй дӕуӕн нывонд кӕнӕм –
Уый дӕ кадджын ном хӕсдзӕн.
2. Нӕ уӕларвон Фыд, ныр дӕ кадӕй
Ыскадджын ис ацы бынат.
Дӕ фӕндагыл чи ’рлӕууа, уыдон
Хӕсдзысты, Хуыцау, дӕуӕн кад.
Дӕ хӕдзармӕ зилдзыстӕм алкӕд,
Рӕсугъд ӕмӕ райдзаст куыд уа.
Уадз бирӕ рӕстӕг, о Йегъовӕ,
Дӕ кадӕн ӕвдисӕн лӕууа!
БАЗАРД
Ыскодтам ног хӕдзар дӕуӕн,
Дӕ номы кад ам нӕрдзӕн.
Ныр ӕй дӕуӕн нывонд кӕнӕм –
Уый дӕ кадджын ном хӕсдзӕн.
(Ноджыдӕр кӕс 1 Пад. 8:18, 27; 1 Аз. 29:11–14; Хъуыд. 20:24.)