102 ЗАРӔГ
Ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн
1. Ныр ӕххӕст, ӕнӕрӕдыд
Не ’хсӕн иу дӕр нӕй.
Фӕлӕ нӕ уӕддӕр Хуыцау
Уарзы ахӕмтӕй.
Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ,
Уарзы мах алкӕддӕр.
Уыйау уарзӕм адӕмы,
’Ххуысмӕ рӕвдз уӕм, цӕй!
2. Хатт кӕмӕдӕр нал вӕййы
Фаг уырнындзинад.
Бауадзӕм дзы ныфс уӕд мах,
Бафидар та уа.
Кӕд исчи у ӕдых –
Ратдзӕн Йегъовӕ тых.
Чи ’рлӕмӕгъ, уый бамбарӕм,
Фенцондӕр ын уа.
3. Лӕмӕгътӕм фау ма хӕссӕм,
Фӕлӕ сыл тыхсӕм.
Хъуамӕ семӕ уӕм фӕлмӕн
Фидар сӕ кӕнӕм.
Уыдоныл уӕд нӕ тыхст,
Алкӕддӕр уӕм сӕ ныфс.
Удӕнцой ыссардзысты,
Се ’ххуыс мах куы уӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Ис. 35:3, 4; 2 Кор. 11:29; Гал. 6:2.)