119 ЗАРӔГ
Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад
1. Пехуымпарты ’рвыста раздӕр Хуыцау,
Ӕргом кодтой уыдон йӕ фӕнд.
Ныр та нӕм йӕ номӕй дзуры йӕ Фырт:
«Уадз алчи ’рфӕсмон кӕнӕд».
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад,–
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Алкӕд уӕд хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
2. Ӕхсызгонӕй хъусӕм Йесомӕ ныр,
Ӕгас зӕххыл хъусын кӕнӕм.
Уӕндонӕй фӕдзурӕм хорз хабар мах,
Нӕй уымӕн сусӕг кӕнӕн.
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад,–
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Алкӕд уӕд хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
3. Уырнындзинад мах ӕнӕмӕнг хъӕуы,
Йӕ фӕрцы ныр фидар лӕууӕм.
Нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарӕм ӕрмӕст,
Нӕ разы ног цард уынӕм.
БАЗАРД
Фидар уӕд нӕ уырнындзинад,–
Уӕд ӕнӕмӕнг фервӕздзыстӕм.
Алкӕд уӕд хъуыддӕгтӕй бӕрӕг,–
Уӕд мах ӕнусон цард ыссардзыстӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Ром. 10:10; Еф. 3:12; Дзут. 11:6; 1 Иоан. 5:4.)