151 ЗАРӔГ
Уый фӕдзурдзӕн
1. Мигъӕй уӕлдай нӕу адӕймаджы цард –
Ис абон, нал ис райсом.
Атӕхы тагъд, нӕ йыл цӕуы нӕ бар,
Ӕваст ӕрцӕуы сау бон.
Искуы ма цӕрдзӕн, чи амӕла, уый?
Махӕн ныфс Хуыцау дӕтты:
БАЗАРД
Мӕрдтӕм тагъд Хуыцау фӕдзурдзӕн,
Ногӕй та цӕрдзысты уӕд.
Хуыцау бӕллы сӕ фендмӕ,
Райгас уой, уый у йӕ фӕнд.
Мӕрдтӕн цард Хуыцау кӕй ратдзӕн,
Ууыл ма дызӕрдыг кӕн.
Уыдзӕн нӕ цард ӕнустӕм,
Ӕмӕ нал уыдзӕн мӕлӕт.
2. Не Стыр Хуыцау хӕлӕрттӕн аргъ кӕны –
Йӕ хъуыдыйы сӕ дардзӕн.
Райхъал уыдзӕн, мӕрдвынӕй чи у, уый –
Йегъовӕ йын цард ратдзӕн.
Тагъд зӕххыл уыдзӕн диссаджы дзӕнӕт!
Уый уыдзӕн ӕцӕг цард уӕд!
БАЗАРД
Мӕрдтӕм тагъд Хуыцау фӕдзурдзӕн,
Ногӕй та цӕрдзысты уӕд.
Хуыцау бӕллы сӕ фендмӕ,
Райгас уой, уый у йӕ фӕнд.
Мӕрдтӕн цард Хуыцау кӕй ратдзӕн,
Ууыл ма дызӕрдыг кӕн.
Уыдзӕн нӕ цард ӕнустӕм,
Ӕмӕ нал уыдзӕн мӕлӕт.
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 6:40; 11:11, 43; Иак. 4:14.)