Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • CO-pgm17 7 ф.
  • Информаци

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Информаци
  • 2017 азы регионалон конгрессы программӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • СӔРМАГОНД ФЕМБӔЛДТӔ
  • ИНФОРМАЦИ
  • Информаци
    2018 азы регионалон конгрессы программӕ
  • Информаци
    2019 азы регионалон конгрессы программӕ
  • Информаци
    2020 азы регионалон конгрессы программӕ
  • Информаци делегаттӕн
    2024 азы регионалон конгрессы программӕ
Фылдӕр фенын
2017 азы регионалон конгрессы программӕ
CO-pgm17 7 ф.

Информаци

СӔРМАГОНД ФЕМБӔЛДТӔ

ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕй 35 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдонӕй Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уымӕн йӕ бон у майрӕмбоны фӕссихор фембӕлдмӕ бацӕуын. Цафон ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый уын фехъусын кӕндзысты.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ХЪУСЫНГӔНДЖЫТЫ СКЪОЛА Пионерӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ 23 азӕй 65 азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон у Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнын. Уый фӕдыл фембӕлд уыдзӕн хуыцаубоны фӕссихор. Цафон ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй уын фехъусын кӕндзысты.

ИНФОРМАЦИ

ӔХХУЫСГӔНДЖЫТӔ Кӕд дӕ конгрессы истӕмӕй фӕкӕсын фӕнды, уӕд-иу информацийы ӕмӕ ӕххуысгӕнджыты хайадмӕ бацу.

БЫНӔТТӔ Дӕ хорзӕхӕй, иннӕтыл хъуыды кӕн. Дӕ зӕрдыл дар, бынӕттӕ бацахсӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр дӕ бинонтӕн, стӕй, демӕ иу машинӕйыл чи ӕрбацыд кӕнӕ, иу хӕдзары кӕимӕ цӕрыс йе та Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Курӕг дӕ стӕм, дӕ фарсмӕ бандӕттыл мацы ӕвӕр, цӕмӕй иннӕтӕ афтид бынӕттӕ уыной.

ДОНАРГЪУЫД Донаргъуыд чи исдзӕн, уыдонӕн бынӕттӕ рахицӕн кӕндзысты сценӕйы акомкоммӕ. Сабаты райсомӕй хъуамӕ сбадой, бынӕттӕ сын кӕм рахицӕн кӕной, уым, цӕмӕй, донаргъуыды фӕдыл цы раныхас уыдзӕн, уымӕ байхъусой. Алкӕй дӕр сӕ ӕрбахӕссын хъӕудзӕн хисӕрфӕн ӕмӕ, ӕфсармыл дзурӕг чи уа, ахӕм найӕн дарӕс.

МЫСАЙНӔГТӔ Конгрессы алкӕмӕн дӕр ис бадӕн бынӕттӕ, программӕ хорз кӕй фӕрцы хъуысы, ахӕм аппаратурӕ, экрантӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Ӕппӕт уыдӕттыл бахардз вӕййы бирӕ ӕхца, фӕлӕ нын уыдӕтты фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы программӕмӕ лӕмбынӕг хъусын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Уӕ мысайнӕгтӕ стыр ӕххуыс сты уыцы хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Мысайнӕгты асыччытӕ лӕууынц алы рӕтты. Алкӕй мысайнаг дӕр у тынг зынаргъ, ӕмӕ уын Разамонӕг совет арфӕ кӕны, Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ рӕдауӕй кӕй дӕттут, уый тыххӕй.

УАГДАРТӔ Уагдартӕн сӕ хӕс у сымахӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕ хорзӕхӕй, хъусут сӕм ӕмӕ уын куыд зӕгъой, афтӕ кӕнут, зӕгъӕм, машинӕ кӕм сӕвӕрат, кӕм сбадат ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты.

ФЫЦЦАГ ӔХХУЫС Рох дӕ ма уӕд: ам ӕххуыс кӕнынц, ТЫНГ ТЫХСТ ЧИ УА, ӔРМӔСТДӔР УЫДОНӔН.

ЧИ ФЕСӔФТ ӔМӔ КӔЙ ССАРДТОЙ, АХӔМ ДЗАУМАТӔ Чи фесӕфт ӕмӕ кӕй ссардтой, ахӕм дзауматӕ-иу ацы хайадмӕ бахӕссут. Кӕд уӕ исты фесӕфт, уӕд ӕй ам агурут. Сывӕллон йӕ ныййарджыты куы нал ара, уӕд уый дӕр хъӕуы ардӕм бакӕнын. Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут, ацы бынат сывӕллӕтты рӕвдауӕндон кӕй нӕу. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ сывӕллӕттӕм кӕсут, иунӕгӕй сӕ макуыдӕм уадзут.

Программӕ бацӕттӕ кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын