17 УРОК
Йесомӕ цавӕр миниуджытӕ ис?
Адӕймаг куы базоны, Йесо зӕххыл цӕргӕйӕ цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, уӕд базоны, цы диссаджы миниуджытӕ йӕм ис, уый. Ӕмӕ йӕ бафӕнды, цӕмӕй Йесойы ӕмӕ йӕ Фыд Йегъовӕйы хӕлар суа. Йесомӕ цавӕр миниуджытӕ ис ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?
1. Йесо йӕ Фыды хуызӕн цӕмӕй у?
Уӕлӕрвты Йесо миллиардгай азты йӕ Фыдмӕ каст ӕмӕ дзы ахуыр кодта, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр уый хуызӕн сси. Зӕгъӕм, йӕ Фыды хуызӕн хъуыды кӕны ӕмӕ алцыдӕр йӕ Фыды хуызӕн аразы. (Бакӕс Иоанны 5:19.) Йесо йӕ Фыды хуызӕн афтӕ тынг у, ӕмӕ йӕ бон зӕгъын уыд: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:9). Йесойы хуыздӕр куы базонай, уӕд Йегъовӕйы дӕр хуыздӕр базондзынӕ. Зӕгъӕм, Йесо адӕмыл куыд тыхсти, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ дыл куыд тынг тыхсы, уый.
2. Йесо Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
Йесо загъта: «Цӕмӕй дуне зона, ӕз мӕ Фыды кӕй уарзын, уый тыххӕй аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ» (Иоанны 14:31). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд алкӕддӕр йӕ Фыды коммӕ каст, уый-иу ын зын куы уыди, суанг уӕд дӕр. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, йӕ Фыды тынг кӕй уарзы. Йесо ма уарзта адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй дзурын ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕм баввахс уыдаиккой (Иоанны 14:23).
3. Йесо адӕмы кӕй уарзы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
Библийы фыст ис, Йесойӕн йе «стыр цин уыдысты зӕххон адӕм», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:31). Адӕмы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, ныфс сӕ кӕй уагъта ӕмӕ сын удуӕлдайӕ кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй. Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг уыд, стыр тыхы хицау кӕй уыд ӕмӕ адӕмы зын кӕй ӕмбӕрста (Марчы 1:40–42). Йесо алкӕимӕ дӕр уыд фӕлмӕн ӕмӕ никӕй хъулон кодта. Чи йӕм хъуыста, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн-иу йӕ ныхӕстӕ удӕнцой ӕрхастой ӕмӕ-иу сӕ ныфс бауагътой. Йесо адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ цӕттӕ уыд сӕ сӕрвӕлтау хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ ӕмӕ йӕ цард раттынмӕ. Уӕлдай тынгдӕр та уарзы, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдоны. (Бакӕс Иоанны 15:13, 14.)
ФЫЛДӔР БАЗОН
Фылдӕр базон Йесойы миниуджыты тыххӕй. Стӕй ма базон, дӕ бон куыд у ӕвдисын, Йесойау Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс ӕмӕ рӕдау кӕй дӕ, уый.
4. Йесо йӕ Фыды уарзы
Йесо нын равдыста, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын. Бакӕсут Лукайы 6:12 ӕмӕ Иоанны 15:10; 17:26. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесойау нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый?
Йесо йӕ уӕларвон Фыды уарзта ӕмӕ йӕм арӕх куывта
5. Йесо тыхсы, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл
Йесо иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсти. Адӕмӕн баххуыс кӕныны тыххӕй йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ никуы бавгъау кодта, суанг-иу фӕллад куы уыд, уӕд дӕр. Бакӕсут Марчы 6:30–44 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йесо адӕмыл кӕй тыхсти, уый ацы стихтӕй куыд зыны? (31, 34, 41 ӕмӕ 42 стихтӕ)
Йесойы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын цӕмӕн фӕндыд? (34 стих)
Йесо алцӕмӕй дӕр Йегъовӕйы хуызӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?
Мах дӕр Йесойау иннӕтыл кӕй тыхсӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
6. Йесо у рӕдау
Кӕд Йесо хъӕздыг нӕ уыд, уӕддӕр уыд рӕдау. Ӕмӕ махӕн дӕр дзуры, цӕмӕй рӕдау уӕм. Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 20:35 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ амондджын кӕд уыдзыстӕм?
Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Хъӕздыг куы нӕ уӕм, уӕд дӕр нӕ бон цы у иннӕтӕн дӕттын?
Зыдтай йӕ?
Библийы фыст ис, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм Йесойы номӕй. (Бакӕс Иоанны 16:23, 24.) Афтӕ куы кувӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм: йӕ фӕрцы нын ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм.
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцаумӕ нӕ зындзинӕдтӕ нымады дӕр не сты».
Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыддӕгтӕй куыд зыны, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Йесо уарзы Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы. Йесо алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн, ӕмӕ Йесойы хуыздӕр куы базонай, уӕд Йегъовӕйы дӕр хуыздӕр базондзынӕ.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойау Йегъовӕйы кӕй уарзӕм?
Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойау адӕмы кӕй уарзӕм?
Йесойы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцы фӕцыд?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон Йесойы миниуджытӕй иуӕй-иуты тыххӕй.
«Йесойы фӕзм, ӕмӕ...» («Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард», 317 фарс)
Базон, Хуыцаумӕ Йесойы номӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм.
«Хуыцаумӕ Йесойы номӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?» (2008 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)
Йесойы ӕддаг бакасты тыххӕй Библийы исты фыст ис?
Йесо сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
«Хуыцау сылгоймӕгтӕн аргъ кӕны» (2012 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)