31 УРОК
Цы у Хуыцауы Паддзахад?
Библийы сӕйраг темӕ у Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, райдианы йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Цы у Хуыцауы Паддзахад? Кӕцӕй йӕ зонӕм, бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста? Абоны онг ын цы бантыст? Ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзынӕ ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ урокӕй.
1. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?
Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ Хуыцау уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы хицауад. Йӕ Паддзах у Йесо Чырысти ӕмӕ разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй (Матфейы 4:17; Иоанны 18:36). Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «ӕнустӕм уыдзӕн паддзах», зӕгъгӕ (Лукайы 1:32, 33). Йесо Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдонӕн.
2. Йесоимӕ разамынд чи дӕтдзӕн?
Йесо разамынд иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн. Адӕм «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй... зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10). Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ цал адӕймаджы уыдзысты? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ милуангай адӕм систы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ. Фӕлӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймаджы. (Бакӕс Раргомад 14:1–4.) Иннӕ чырыстӕттӕ та уыдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл (Псалом 37:29).
3. Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у?
Кӕд хицӕутты хорз цыдӕртӕ саразын фӕфӕнды, уӕддӕр сӕ бон нӕ вӕййы, сӕ зӕрды цыдӕриддӕр вӕййы, уый саразын. Ӕмӕ, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр сӕ бынатмӕ ӕндӕр чидӕртӕ ’рбацӕуы, ӕмӕ уыдон та хатт адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо алкӕддӕр йӕхӕдӕг уыдзӕн Хицау. «Хуыцау сфидар кодта, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Данел 2:44). Йесо разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕндзӕн. Уый адӕмы уарзы, у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ адӕмы дӕр сахуыр кӕндзӕн кӕрӕдзи уарзын, стӕй цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уой ӕмӕ рӕстӕй архайой. (Бакӕс Исайы 11:9.)
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у.
4. Хуыцауы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр
Йесо Чырыстимӕ цас бартӕ ис, уыйбӕрц бартӕ зӕххон хицӕуттӕй иумӕ дӕр никуы уыд ӕмӕ нӕ уыдзӕн. Бакӕсут Матфейы 28:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесомӕ цы бартӕ ис, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц, зӕххон хицӕуттӕм цы бартӕ ис, уыдонӕй?
Зӕххон хицауӕдтӕ арӕх фӕивынц, ӕмӕ алы хицауадӕн дӕр йӕ дӕлбар ис ӕрмӕстдӕр бӕлвырд территори. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Бакӕсут Данелы 7:14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Хуыцауы Паддзахад кӕй «никуы ныппырх уыдзӕн», уый хорз цӕмӕн у?
Уыцы Паддзахад разамынд ӕгас зӕххӕн кӕй дӕтдзӕн, уый хорз цӕмӕн у?
5. Зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ уа ӕндӕр хицауад
Зӕххон хицауӕдты бӕсты Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн хъуамӕ уа? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый цӕмӕ ’ркодта?
Бакӕсут Екклесиаст 8:9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Куыд хъуыды кӕныс, зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад райса бартӕ йӕ къухмӕ? Цӕмӕн?
6. Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмы хорз ӕмбарынц
Нӕ Паддзах Йесо зӕххыл кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ нын «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ» ӕмбары (Дзуттӕгтӕм 4:15). Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 иузӕрдион нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы Йегъовӕ равзӕрста «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй» (Раргомад 5:9).
Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕхӕдӕг дӕр адӕм кӕй уыдысты ӕмӕ зӕххыл кӕй цардысты, уый дӕ ныфс нӕ уадзы? Цӕмӕн?
Йегъовӕ алы адӕмыхӕттытӕй ӕвзары нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой
7. Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ цыфӕнды хицауады закъӕттӕй дӕр хуыздӕр сты
Хицауӕдтӕ сфидар кӕнынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Хуыцауы Паддзахадӕн дӕр ис йӕхи закъӕттӕ, ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Дӕумӕ гӕсгӕ, адӕм иууылдӕр Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дуне цыхуызӕн уыдзӕн?a
Йегъовӕ домы, цӕмӕй, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой. Куыд хъуыды кӕныс, уый бар ын ис? Цӕмӕн?
Цӕмӕй бӕрӕг у, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕн сӕ бон кӕй у аивын? (11 стих)
Хицауӕдтӕ рауадзынц, сӕ адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй бирӕ хуыздӕр сты
ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?»
Цавӕр дзуапп ын раттис?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи сты?
Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕй у?
Йегъовӕ цы домы, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕй?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Хуыцауы Паддзахад кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо цы дзырдта.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахадыл уой иузӕрдион, зӕххон хицауӕдтыл нӕ, фӕлӕ?
Базон, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 тыххӕй Библийы цы фыст ис.
Ахӕстоны чи бадт, иу ахӕм сылгоймаджы цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта, зӕххыл рӕстдзинад ӕрмӕстдӕр Хуыцау кӕй ӕрфидар кӕндзӕн?
«Базыдтон, зӕххыл рӕстдзинад кӕй уыдзӕн» (2011 азы ноябры «Райхъал ут!», уырыссаг)