Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lff 55 ур., 1–5 дӕлсӕргӕндтӕ
  • Де ’мбырдӕн ӕххуыс кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Де ’мбырдӕн ӕххуыс кӕн
  • Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФЫЛДӔР БАЗОН
  • ЦЫ БАЗЫДТАЙ
  • ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
  • Йегъовӕйӕ бузныг стӕм уӕ уарзондзинады тыххӕй
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Куыст ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй Библийы цы фыст ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Алцыдӕр кӕй къухы ис, уымӕн нӕ бон раттын цы у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн сын ӕхца кӕцӕй ис?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
Фылдӕр фенын
Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
lff 55 ур., 1–5 дӕлсӕргӕндтӕ
55 урок. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ Паддзахады залы кӕрт ӕфснайынц.

55 УРОК

Де ’мбырдӕн ӕххуыс кӕн

Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци
Мыхуыргонд публикаци

Ӕгас зӕххыл милуангай адӕм Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц мингай ӕмбырдты. Уыдон тынг аргъ кӕнынц, ӕмбырды сын цы амындтӕ ӕмӕ разамынд дӕттынц, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн бирӕ алыхуызон хъуыддӕгты зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц. Дӕу дӕр фӕнды де ’мбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

1. Дӕ бон куыд у ӕмбырдӕн дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ дӕттын?

Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕвӕццӕгӕн, уе ’мбырды дӕр ис ацӕргӕтӕ ӕмӕ, ӕнӕбон чи у, ахӕмтӕ. Дӕ бон-иу сын нӕ уаид ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынӕн баххуыс кӕнын? Йе та сӕ бӕсты дуканимӕ ацӕуын кӕнӕ та сын сӕ хӕдзар рафснайын? (Бакӕс Иаковы 1:27.) Паддзахады зал дӕр фӕхъӕуы ӕфснайын ӕмӕ дзы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цыдӕртӕ бацалцӕг кӕнын. Уыцы хъуыддӕгты дӕр нӕ бон вӕййы баххуыс кӕнын. Уыдӕттӕ нын тыххӕй ничи аразын кӕны. Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый тыххӕй баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййӕм (Псалом 110:3).

Донаргъуыд Ӕвдисӕнтӕн ма сӕ бон у ӕмбырдӕн ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕххуыс кӕнын. Цӕстдарӕгмӕ чи хъуамӕ уа, ахӕм миниуджытӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕ вӕййы, уыдонӕн сӕ бон вӕййы лӕггад кӕнын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй, фӕстӕдӕр та – хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ хотӕн дӕр сӕ бон у пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын. Кӕмӕндӕрты та сӕ бон вӕййы Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын. Иннӕтӕ та ӕндӕр ранмӕ ацӕуынц, цӕмӕй лӕггад кӕной, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ӕмбырды.

2. Нӕ бон куыд у ӕмбырдӕн, цы нӕм ис, уымӕй ӕххуыс кӕнын?

Нӕ бон у Йегъовӕйӕн дӕттын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый, ӕмӕ йын афтӕмӕй кад кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 3:9). Мах нӕхицӕн кадыл нымайӕм нӕ мысайнӕгтӕй, ома не ’хца ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй, ӕмбырдӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:7.) Нӕ мысайнӕгтӕй ма баххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн дӕр. Бирӕтӕ рагацау «хицӕнӕй сӕвӕрынц», мысайнагӕн раттынмӕ цы фӕхъавынц, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 16:2.) Нӕ бон вӕййы нӕ мысайнаг Паддзахады залы мысайнӕгты асыччыты ныппарын кӕнӕ та йӕ арвитын сайты уылты donate.jw.org. Нӕ бон мысайнӕгтӕ дӕттын кӕй у, уый хорз фадат у, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн.

ФЫЛДӔР БАЗОН

Базон, дӕ бон куыд у ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын.

3. Нӕ бон у ӕххуыс кӕнын не ’хцайӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уарзынц, цы сӕм ис, уый зӕрдиагӕй чи дӕтты, ахӕм адӕмы. Зӕгъӕм, Йесо раппӕлыд мӕгуыр идӕдз сылгоймагӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм кӕд тынг гыццыл ӕхца уыд, уӕддӕр мысайнаг ныппӕрста. Бакӕсут Лукайы 21:1–4 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ мысайнагӕн стыр ӕхцатӕ раттӕм?

  • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы цӕстӕй фӕкӕсынц, мысайнаг зӕрдиагӕй куы фӕдӕттӕм, уымӕ?

Нӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕйӕн нӕ лӕвар» (4:47)

  • Нӕ мысайнӕгтӕ ӕгас дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн цы ’ххуыс сты?

Ацӕргӕ хо йӕ мысайнаг мысайнӕгты асыччы ӕппары.

4. Нӕ бон у не ’ххуысы хай хӕссын

Раджы заманы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кодтой, цӕмӕй, Хуыцауӕн кӕм лӕггад кодтой, уыцы бынӕттӕ аив ӕмӕ хӕрззылд уыдаиккой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрмӕст мысайнӕгтӕ дӕттын фаг нӕ уыд. Бакӕсут 2 Азфыстыты 34:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

  • Израилӕгтӕй алчидӕр Йегъовӕйы кувӕндонмӕ зилынӕн куыд ӕххуыс кодта?

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, рагон израилӕгтӕ куыд кодтой, афтӕ кӕнынц. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ. Стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

• ВИДЕОРОЛИК: «Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕм зилӕм» (3:31)

Ныв видеороликӕй «Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕм зилӕм». Нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ Паддзахады зал ӕфснайынц.
  • Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ Паддзахады зал алкӕддӕр ӕфснайд ӕмӕ хӕрззылд уа?

  • Уый тыххӕй дӕуӕн дӕ бон цы у аразын?

Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Паддзахады зал аразынӕн ӕххуыс кӕнынц.

5. Ӕфсымӕртӕн сӕ бон у фылдӕр хӕстӕм тырнын

Фыстад ӕфсымӕртӕн дзуры, цӕмӕй ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй, сӕ бон цы у, уый аразой. Иу ӕфсымӕр уый куыд арӕзта? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

ВИДЕОРОЛИК: «Ӕфсымӕртӕ, хорз хъуыддагмӕ тырнут» (5:23)

  • Райан цы арӕзта, цӕмӕй ӕмбырдӕн фылдӕр ӕххуыс кодтаид?

Библийы фыст ис, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы ӕфсымӕртӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Бакӕсут 1 Тимофеймӕ 3:1–13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа?

  • Сӕ бинонтӕм та цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа? (4 ӕмӕ 11 стихтӕ)

  • Ӕфсымӕртӕ уыцы миниуджытӕм куы тырной, уӕд уый ӕмбырды алкӕмӕн дӕр цы пайда уыдзӕн?

Ӕрыгон ӕфсымӕр, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕимӕ хъусын кӕны, уыцы ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн йӕ инвалиды коляскӕ тулы.

ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн сӕм ӕхца кӕцӕй цӕуы?»

  • Цавӕр дзуапп ын раттис?

ЦЫ БАЗЫДТАЙ

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕм цы ис, уый кӕй нӕ февгъау кӕнӕм, уымӕн.

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

  • Дӕ бон куыд у ӕмбырдӕн дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ дӕттын?

  • Цы нӕм ис, уымӕй нӕ бон куыд у ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

  • Куыд кӕнӕ дӕ цӕмӕй фӕнды ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын?

Дӕ нысан

ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

Базон, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй дӕсӕм хай дӕттын цӕуылнӕуал домы.

«Библийы дӕсӕм хайы тыххӕй цы фыст ис?» (интернет-статья)

Библимӕ гӕсгӕ донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕ цавӕрдӕр хӕстӕ феххӕст кӕнынц. Фӕлӕ-иу иуӕй-иу хатт уыцы хӕстӕ донаргъуыд сылгоймӕгты ӕххӕст кӕнын куы бахъӕуа, уӕд та?

«Ӕмбырды кӕмӕн цавӕр бартӕ ис?» (2021 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Ацы видеороликы фендзынӕ цалдӕр хъӕбатыр Ӕвдисӕны. Уыдон се ’мчырыстӕттӕм литературӕ фӕхӕццӕ кӕныны тыххӕй сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц.

«Конгойы алы къуымтӕм литературӕ куыд фӕхӕццӕ кӕнынц» (4:26)

Базон, цы куыст кӕнӕм, уымӕн нын иннӕ динтӕй уӕлдай ӕхца кӕцӕй ис.

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн сын ӕхца кӕцӕй ис?» (интернет-статья)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын