161 ЗАРӔГ
Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг
1. Йесо рахызти Иорданӕй,
Ӕмӕ ссыгъд йӕ зӕрдӕйы зынг.
Уыд хӕринагау ын дӕ фӕндон,
Уарзта уый дӕ Ныхас тынг.
Йесо уыд фӕлварӕнты фидар,
Ӕмӕ срухс кодта дӕ ном.
Уыд ӕдзух ӕнувыд, зынгзӕрдӕ –
Хъуамӕ уый хуызӕн цӕрон.
БАЗАРД
Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг.
Дӕуӕн дӕттын мӕ тых, мӕ цард.
Кӕнын бӕрзонд ӕз де стыр ном,
’Мӕ мӕ цинӕн нӕй кӕрон!
Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг –
Мӕнӕн мӕ риуы судзы арт.
Дӕ уарзт мӕнӕн тыхтӕ дӕтдзӕн.
Ӕз кӕндзынӕн кад дӕуӕн.
Уый у сӕйраг!
2. Ӕз куы базыдтон дӕу, Йегъовӕ,
Уӕд мӕ цардыл ракасти хур.
Ӕз дӕу тыххӕй хъусын кӕндзынӕн,
Уый мӕнӕн мӕ фӕндон у.
Ӕз дӕ фӕрцы цардӕй дӕн райгонд –
У фӕрнӕйдзаг, цинӕйдзаг.
’Мӕ дӕ ном хӕсдзынӕн ӕнустӕм –
Уымӕй нӕй ыстырдӕр кад!
БАЗАРД
Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг.
Дӕуӕн дӕттын мӕ тых, мӕ цард.
Кӕнын бӕрзонд ӕз де стыр ном,
’Мӕ мӕ цинӕн нӕй кӕрон!
Дӕ фӕндон у мӕнӕн сӕйраг –
Мӕнӕн мӕ риуы судзы арт.
Дӕ уарзт мӕнӕн тыхтӕ дӕтдзӕн.
Ӕз кӕндзынӕн кад дӕуӕн.
Уый у сӕйраг!
Дӕ фӕндон у сӕйраг!