162 ЗАРӔГ
Хъуамӕ Хуыцауимӕ уон ӕнгом
1. Адӕймаг афтӕ у конд,
Зона Хуыцауы фӕндон.
Алкӕй фӕнды, амондджын уа,
Сабыр цард ралӕууа.
Адӕм нӕ зонынц, кӕм ис
Ссарӕн ӕнцой ӕмӕ ныфс.
Мах та цӕуӕм рухсы, ӕмӕ
Райынц нӕ зӕрдӕтӕ.
БАЗАРД
Мӕ цард Хуыцауӕн дӕттын,
Алкӕддӕр ӕй кадджын кӕнын.
Мӕнӕн у ме ’ххуысгӕнӕг,
Раст фӕндаг амонӕг.
Зонын, хъуамӕ уон
Ӕз йемӕ ӕнгом.
2. Хъуамӕ-иу ссарон рӕстӕг
Кувынӕн, иртасынӕн.
Афтӕмӕй ӕз аргъ кӕндзынӕн
Алкӕд рӕстдзинадӕн.
Кувын, цӕмӕй бирӕтӕн
Байгом уой сӕ зӕрдӕтӕ,
Ссарой ’цӕг фарн ’мӕ удӕнцой,
Амондджын цард кӕной.
БАЗАРД
Мӕ цард Хуыцауӕн дӕттын,
Алкӕддӕр ӕй кадджын кӕнын.
Мӕнӕн у ме ’ххуысгӕнӕг,
Раст фӕндаг амонӕг.
Зонын, хъуамӕ уон
Ӕз йемӕ ӕнгом.
Мӕ цард Хуыцауӕн дӕттын,
Алкӕддӕр ӕй кадджын кӕнын.
Мӕнӕн у ме ’ххуысгӕнӕг,
Раст фӕндаг амонӕг.
Зонын, хъуамӕ уон
Ӕз йемӕ ӕнгом.
Мӕ цард Хуыцауӕн дӕттын,
Алкӕддӕр ӕй кадджын кӕнын.
Мӕнӕн у ме ’ххуысгӕнӕг,
Раст фӕндаг амонӕг.
Зонын, хъуамӕ уон
Ӕз йемӕ ӕнгом.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 1:1, 2; 112:1; 119:97; Ис. 40:8; Матф. 5:6; 16:24; 2 Тим. 4:4.)