Лӕмбынӕг хъусут Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ
«Ис нӕм иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд; ӕмӕ сымах раст кӕнут, уӕхи уымӕ кӕй здахут» (2 ПЕТРЫ 1:19, НФ).
1, 2. Мӕнгмессиайы тыххӕй цавӕр цӕвиттон у дӕ бон ӕрхӕссын?
ӔНУСТЫ дӕргъы мӕнгмессиатӕ архайдтой, фидӕны цы уыдзӕн, уый развӕлгъау зӕгъыныл. Н. э. V ӕнусы, йӕхи Моисей чи схуыдта, ахӕм адӕймаг, Криты сакъадахыл цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонӕн бауырнын кодта, мессиа кӕй у ӕмӕ сӕ ӕфхӕрддзинадӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый. Сӕ фервӕзын кӕнынӕн цы бон снысан кодта, уыцы бон дзуттӕгтӕ йӕ фӕдыл ссыдысты Зӕххыастӕу денджызы сӕрмӕ цы къардиу ис, уырдӕм. Уый сын загъта, зӕгъгӕ, куыддӕр уӕхи денджызы ныппарат, афтӕ дӕттӕ фӕйнӕрдӕм фӕцӕудзысты. Адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи фехстой денджызмӕ ӕмӕ дзы фӕдӕлдон сты, мӕнгмессиа та йӕ сӕр бафснайдта.
2 XII ӕнусы иу «мессиа» фӕзынд Йемены. Халиф, кӕнӕ хицау, ӕрдомдта, цӕмӕй мессиа кӕй у, уый исты хъуыддагӕй сбӕлвырд кодтаид. Уӕд «мессиа» халифӕн загъта, зӕгъгӕ мын мӕ сӕр акъуыр ӕмӕ уый фӕстӕ куы райгас уон, уӕд уый уыдзӕн мӕ рӕстдзинады бӕлвырдгӕнӕн. Халиф сразы — ӕмӕ «мессиа» амард, ӕмӕ уыйадыл йӕ кой дӕр нал ис.
3. Чи у ӕцӕг Мессиа ӕмӕ йӕ лӕггаддзинадӕй цы сбӕлвырд?
3 Мӕнгмессиатӕй дӕр ӕмӕ цы фӕзӕгъынц, уымӕй дӕр ницы рауайы, фӕлӕ мах Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд фыдӕнхъӕл никуы фӕуыдзыстӕм. Ӕцӕг Мессиа Йесо Чырыстийыл сӕххӕст бирӕ библион пехуымпарӕдтӕ. Дзырдӕн зӕгъӕм, Матфей йӕ Евангелийы ӕрхаста Исайы пехуымпарад: «„Завулоны зӕхх ӕмӕ Неффалимы зӕхх, денджызбыл фӕндагыл, Иорданы фаллаг фарс, муртатты Галилей, талынджы бадӕг адӕм федтой стыр рухс, ӕмӕ мӕлӕтон аууоны уӕвӕг бӕстӕйы цӕрджытӕм сӕрттывта рухс“. Уыцы рӕстӕгӕй Йесо райдыдта хъусын кӕнын ӕмӕ дзурын: фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрбахӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 4:15—17; Исай 9:1, 2). Уыцы «стыр рухс» уыд Йесо ӕмӕ йӕ лӕггаддзинадӕй рабӕрӕг, Моисей развӕлгъау кӕй тыххӕй загъта, уыцы Пехуымпар кӕй уыд, уый. Йесойы коммӕ чи нӕ бакастаид, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт (Дыккаг закъон 18:18, 19; Куыстытӕ 3:22, 23, НФ).
4. Йесойыл куыд сӕххӕст Исайы 53:12-ӕм стихы пехуымпарад?
4 Йесойыл ма сӕххӕст сты Исайы 53:12-ӕм стихы пехуымпарадон ныхӕстӕ дӕр: «[Уый] Йӕ уды ратта мӕлӕтмӕ ӕмӕ фыдгӕнӕгыл нымад ӕрцыд, афтӕмӕй та бирӕты тӕригъӕд ахаста Йӕхиуыл ӕмӕ фыдгӕнджыты тыххӕй сси ӕхсӕны лӕг». Тагъд йӕ зӕххон цард адӕймагады тыххӕй нывондӕн кӕй ратдзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо фидар кодта йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад (Маркы 10:45). Уымӕн иууыл хуыздӕр цӕвиттон у, Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый.
Йӕ хуыз кӕй аивта, уый фидар кӕны адӕймаджы уырнындзинад
5. Йесойӕн йӕ хуыз куы аивта, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд радзурис?
5 Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уымӕн уыдис пехуымпарадон нысаниуӕг. Йесо загъта: «Ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт Йӕ Фыды кады Йӕ Зӕдтимӕ... ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: ис иутӕ ам чи лӕууы, уыдонӕй, кӕцытӕ нӕма бавзардзысты мӕлӕт, афтӕмӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты, Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:27, 28). Цымӕ апостолтӕй Йесойы «Йӕ Паддзахады ӕрцӕугӕ» ӕцӕгдӕр исчи федта? Матфейы 17:1—7-ӕм стихты мах кӕсӕм: «Ӕхсӕз боны фӕстӕ, Йесо акодта Петры, Иаковы ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны ӕмӕ ӕрмӕст уыдоны скодта бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ Йӕ хуыз аивта сӕ разы». Диссаджы цау! «Йӕ цӕсгом сӕрттывта хуры хуызӕн, Йӕ дарӕстӕ та уыдысты рухсы хуызӕн урс. Ӕмӕ мӕнӕ, фӕзындысты уыдонмӕ Моисей ӕмӕ Илиа, Йемӕ ныхасгӕнгӕйӕ». Уымӕй уӕлдай ма «рухс ӕврагъ ӕраууон кодта уыдоны» ӕмӕ фехъуыстой Хуыцауы хъӕлӕс: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут. Ӕмӕ уый фехъусгӕйӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрхаудтой дӕлгоммӕ ӕмӕ тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ Йесо ӕрбалӕугӕйӕ, аныдзӕвыд уыдоныл ӕмӕ загъта: сыстут ӕмӕ ма тӕрсут» (Матфейы 17:1—7).
6. а) Йесо йӕ хуызы аивд цӕстылуайӕн цӕмӕн схуыдта? ӕ) Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый фӕрцы развӕлгъау цы фенын кодта?
6 Уыцы диссаджы цау, куыд зыны, афтӕмӕй ӕрцыд Ермоны хохы рындзыл, Йесо ӕмӕ йӕ ӕртӕ апостолы се ’хсӕв кӕм ӕрвыстой, уым. Ӕвӕццӕгӕн Йесо йӕ хуыз ӕхсӕвы аивта, уымӕн ӕмӕ уӕд ирддӕр уыдаид. Йесо уыцы цау «цӕстылуайӕн» схуыдта, уымӕн ӕмӕ Моисей ӕмӕ Илиа раджы амардысты ӕмӕ уым ӕцӕгӕй нӕ уыдысты. Уым уыдис ӕрмӕстдӕр Чырысти (Матфейы 17:8, 9, СТ). Йесо йӕ хуыз ахӕм диссаджы ӕгъдауӕй кӕй аивта, уый фӕрцы Петр, Иоанн ӕмӕ Иаков развӕлгъау федтой, Йесо Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райса ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уӕд цы хуызӕн уыдзӕн, уый. Моисей ӕмӕ Илиа та ӕвдисынц Йесойы сӕрст ӕмбындарты. Уый ӕддейӕ уыцы цау уыд тынг хорз бӕлвырдгӕнӕн, Йесо Паддзахады ӕмӕ йӕ фидӕны паддзахиуӕгады тыххӕй цы загъта, уымӕн.
7. Йесойы хуызы аивд Петр цӕрӕнбонтӕм кӕй бахъуыды кодта, уый кӕцӕй зонӕм?
7 Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый бафидар кодта, чырыстон ӕмбырды хъуыддӕгты разамынд сӕхимӕ чи хъуамӕ райстаид, уыцы ӕртӕ апостолы уырнындзинад. Чырыстийы цӕсгом кӕй ныррухс, йӕ дарӕстӕ цӕхӕртӕ кӕй калдтой ӕмӕ Хуыцауы Йесойӕ афтӕ кӕй загъта, Уый Мӕ уарзон Фырт у ӕмӕ уымӕ хъусут, зӕгъгӕ, уыдӕттӕ иууылдӕр цӕстылуайӕн цӕй тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд, уый афтӕ хорз сӕххӕст кодтой, ӕмӕ хуыздӕрӕн гӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ цалынмӕ Йесо нӕ райгас уыдаид, уӕдмӕ апостолтӕ иу адӕймагӕн дӕр хъуамӕ ма загътаиккой уый тыххӕй. Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы фӕстӕ дӕр ма Петр уыцы цӕстылуайӕн хъуыды кодта, цыма йӕ уый размӕ бон федта, афтӕ. Куыд стыр нысаниуӕг ын ис, уый тыххӕй та ныффыста: «Мах сымахӕн фехъусын кодтам нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тых ӕмӕ ӕрцыд, хинӕй быд таурӕгъты фӕдыл цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ куыд Йӕ стырад фенджытӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый райста Фыд Хуыцауӕй намыс ӕмӕ кад, бӕрзонд кадӕй куы ӕрцыд Уымӕ ахӕм хъӕлӕс: „Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон“. Ӕмӕ уыцы хъӕлӕс, кӕцы ӕрцыд уӕлӕрвтӕй, мах фехъуыстам, сыгъдӕг хохыл Уыимӕ уӕвгӕйӕ» (2 Петры 1:16—18).
8. а) Хуыцау йӕ Фырты тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдоны сӕйраг хъусдард цӕмӕ уыд здӕхт? ӕ) Йесо йӕ хуыз куы аивта, уыцы рӕстӕджы ӕврагъ кӕй фӕзынд, уый цӕуыл дзурӕг уыд?
8 Цӕстылуайӕны иууыл ахсджиагдӕр уыдысты Хуыцауы ныхӕстӕ: «Уый у Мӕ Уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут». Уыцы ныхӕстӕ амонынц Йесомӕ, Хуыцау Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ ӕппӕт фӕлдисондтӕ дӕр кӕй коммӕ хъуамӕ кӕсой, уымӕ. Ӕврагъ сыл кӕй ӕраууон кодта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ цӕстылуайӕны сӕххӕст цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй. Йесо Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый «нысан» чи рахата, ӕрмӕстдӕр ӕй уыдон фендзысты ӕмбарындзинады цӕстытӕй (Матфейы 24:3). Йесо йӕ апостолтӕн афтӕ кӕй бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, цалынмӕ мӕрдтӕй райгас уон, уӕдмӕ цӕстылуайӕны тыххӕй макӕмӕн зӕгъут, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо куы райгас уыдаид, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ кӕй хъуамӕ сбӕрзонд уыдаид ӕмӕ скадджын уыдаид.
9. Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый нын нӕ уырнындзинад цӕмӕн хъуамӕ фидар кӕна?
9 Петр цӕстылуайӕны кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ бамбарын кодта: «Айимӕ ма нӕм ис иуыл ӕцӕг пехуымпарады дзырд; ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уӕхи уымӕ кӕй здахут, талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ, цалынмӕ не срухс уа бон, ӕмӕ бонвӕрнон не скӕса уӕ мидзӕрдӕты,— уӕдмӕ. Фыццаджыдӕр уый зонгӕйӕ, никӕцы пехуымпарад Фысты мидӕг хи хъаруйӕ раиртасинаг кӕй нӕу,— цӕмӕйдӕриддӕр пехуымпарады никуыма радзырдӕуыд адӕймаджы фӕндонӕй, фӕлӕ йӕ сдзырдтой Хуыцауон сыгъдӕг адӕм, Сыгъдӕг Удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ» (2 Петры 1:19—21, НФ). Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый ноджы тынгдӕр бӕлвырд кӕны, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд дызӕрдыггаг кӕй нӕу, уый. Уӕдӕ нӕ хъус хъуамӕ дарӕм «хинӕй быд таурӕгътӕм» нӕ, фӕлӕ уыцы дзырдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕй не сты, стӕй йӕ зӕрдӕмӕ дӕр нӕ цӕуынц. Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад пехуымпарадон дзырдыл, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн — Паддзахады бартӕ йӕ къухтӕм райсӕг Йесойы кады развӕлгъау равдыст — ныр у, чи сӕххӕст, ахӕм цау. О, махӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, абон Йесо хъомысджын уӕларвон Паддзах уӕвгӕйӕ, не ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уымӕн.
Бонвӕрнон куыд скӕсы
10. Петр цы «Бонвӕрноны» кой ракодта, уый кӕй кӕнӕ цы ӕвдисы, ӕмӕ ахӕм дзуапп цӕмӕн дӕттыс?
10 Петр фыссы: «Сымах хорз кӕнут, уӕхи уымӕ [пехуымпарады дзырдмӕ] кӕй здахут, талынг раны чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ, цалынмӕ не ’срухс уа бон ӕмӕ бонвӕрнон не скӕса». Кӕй кӕнӕ цы ӕвдисы «бонвӕрнон»? Дзырд «бонвӕрнон» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕмӕ йын ис ахӕм нысаниуӕг куыд «сӕууон стъалы». Раргомады 22:16-ӕм стихы Йесо Чырысти хуыйны «сӕууон, Бонвӕрнон стъалы». Афӕдзы бӕрӕг афон уыцы стъалы ӕппӕты фӕстаг фӕзыны скӕсӕны ’рдыгӕй. Уый фӕзыны хуры скасты хӕдразмӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ вӕййы ног боны фарнхӕссӕг. Петр ацы дзырдӕй спайда кодта Йесомӕ, уый Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд. Уыцы рӕстӕджы Йесо скаст ӕгас Дун-дунейыл, уыимӕ нӕ Зӕххыл дӕр! Куыд Мессианон «Бонвӕрнон», афтӕ уый коммӕгӕс адӕмӕн хъусын кӕны ног боны кӕнӕ ног дуджы фарн.
11. а) 2 Петры 1:19-ӕм стих ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ «райсомы стъалы» комкоммӕ адӕймаджы зӕрдӕйы скӕсы? ӕ) 2 Петры 1:19-ӕм стих ды куыд бамбарын кӕнис?
11 Библийы тӕлмацтӕй бирӕты афтӕ зыны, цыма апостол Петр 2 Петры 1:19-ӕм стихы цы загъта, уый ӕцӕг адӕймаджы зӕрдӕмӕ хауы. Стыр адӕймаджы зӕрдӕ у дӕлӕмӕдӕр-уӕлӕмӕдӕр 250—300 граммы. Цымӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Йесо Чырысти, ныртӕккӕ ӕнӕмӕлгӕ кадджын уӕларвон гоймаг чи у, уый адӕймаджы буары гыццыл хайы «скӕса»? (1 Тимофеймӕ 6:16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ам дзырд цӕуы нӕ символикон зӕрдӕтыл, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕрдӕтӕм исӕм Хуыцауы пехуымпарадон дзырд. Фӕлӕ ма банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ «Ног Дунейы тӕлмац»-ы 2 Петры 1:19-ӕм стихы бавӕргӕ хъуыдыйад «цалынмӕ бон рухс кӕнын нӕ байдайа ӕмӕ не скӕса райсомы стъалы» стихы фыццаг хайӕ ӕмӕ дзырдбаст «уӕ зӕрдӕты»-йӕ ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй кӕй цӕуы хицӕнгонд, уый. Ацы стихӕн ӕндӕр хуызы зӕгъӕн ис афтӕ: «Мах ноджы тынгдӕр уырны пехуымпарадон дзырд; ӕмӕ сымах хорз кӕнут, цалынмӕ бон кӕнын нӕ райдайа ӕмӕ райсомы стъалы не ’скӕса, уӕдмӕ йӕм уе ’ргом кӕй здахут, куыд талынг ран, ома уӕ зӕрдӕты, чи ӕрттивы, ахӕм рухсгӕнӕнмӕ».
12. Ӕмткӕй райсгӕйӕ адӕмы зӕрдӕтӕ цы уавӕры сты, фӕлӕ цы ис зӕгъӕн ӕцӕг чырыстӕттӕй?
12 Тӕригъӕдджын адӕмы символикон зӕрдӕтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ цы уавӕры сты? Духовон талынджы! Фӕлӕ кӕд мах ӕцӕг чырыстӕттӕ стӕм, уӕд афтӕ у, цыма нӕ зӕрдӕты судзы рухсгӕнӕн, уымӕн ӕмӕ дзы уый куы нӕ уаид, уӕд уаид талынг. Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕмӕй чырыстӕттӕ, ног боны ралӕуд сӕ зӕрдыл дарой ӕмӕ уыцы хъуыддаджы талынгдзинады ма уой, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг хъусой Хуыцауы рухсдӕттӕг пехуымпарадон дзырдмӕ. Уыдон ӕмбарынц, Бонвӕрнон кӕй скаст, тӕригъӕдджын адӕмы зӕрдӕты нӕ, фӕлӕ ӕппӕт сфӕлдыстадыл.
13. а) Бонвӕрнон раджы кӕй скаст, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм? ӕ) Йесо нӕ рӕстӕгмӕ развӕлгъау цы уӕззау уавӕрты тыххӕй загъта, уыдон чырыстӕттӕ цӕй фӕрцы фӕразынц?
13 Бонвӕрнон раджы скаст! Цӕмӕй ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй цы ахсджиаг пехуымпарад загъта, уымӕ. Уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы: нӕхи цӕстӕй уынӕм, ныры онг чи никуы ма уыд, ахӕм хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ хорз уацхъуыд ӕгас дунейыл кӕй цӕуы хъуыстгонд, уый (Матфейы 24:3—14). Ӕмӕ кӕд, Йесо развӕлгъау цы уӕззау уавӕрты тыххӕй загъта, уыдонӕй мах дӕр тыхсӕм, уӕддӕр сын фӕразӕм ӕмӕ уыимӕ нӕ зӕрдӕйы цы фарн ӕмӕ циндзинад ис, уый дӕр нӕ сафӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ лӕмбынӕг хъусӕм ӕмӕ нын фидӕны тыххӕй цы зӕрдӕвӕрдтӕ ратта, уыдоныл ӕууӕндӕм. «Кӕроны рӕстӕгӕн» йӕ тӕккӕ фӕуды кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, хуыздӕр рӕстӕджытӕ нӕ къӕсӕрыл кӕй сты! (Данелы 12:4, НД). Дуне ис тынг мӕгуырау уавӕры, растдӕр Исайы 60:2-ӕм стихы развӕлгъау куыд ӕрцыд загъд, афтӕ: «Мӕнӕ, тар ӕрӕмбӕрздзӕн зӕхх, ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты талынджы». Уыцы тарӕй фервӕзын кӕй фӕнды, уый цы хъуамӕ кӕна? Цалынмӕ ӕгӕр нӕма байрӕджы, уӕдмӕ уый хъуамӕ сӕрныллӕгӕй лӕмбынӕг хъуса Хуыцауы пехуымпарадон ныхасмӕ. Ӕргомзӕрдӕ адӕмы хъӕуы Иегъовӕ Хуыцаумӕ, цард ӕмӕ рухсы Гуырӕнмӕ, се ’ргом раздахын (Псалом 35:10; Куыстытӕ 17:28). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй у адӕймагӕн йӕ бон ӕцӕгад бамбарын ӕмӕ Хуыцау коммӕгӕс адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уымӕ ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын (Раргомад 21:1—5).
«Рухс ӕрцыд дунемӕ»
14. Библийы диссаджы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, цӕмӕй уый фенӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?
14 Сыгъдӕг Фыстад нын ирдӕй ӕвдисы, ныр Йесо Чырысти Паддзах кӕй у, уый. 1914 азы уый йӕ къухмӕ райста Паддзахы бартӕ, ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ма ноджыдӕр хъуамӕ сӕххӕст уа бирӕ диссаджы пехуымпарӕдтӕ. Фӕлӕ цӕмӕй уыдон фенӕм, уый тыххӕй, ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ракодтам, уыдоныл хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм, ныууадзӕм сӕ ӕмӕ уымӕй сбӕлвырд кӕнӕм, Йесо Чырыстийыл йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, ахӕм сӕрныллӕг адӕм кӕй стӕм, уый. Талынг чи уарзы, уый ай-гъайдӕр нӕ райсдзӕн ӕнусон цард. Йесо загъта: «Тӕрхон та уый у, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ; фӕлӕ адӕм рухсӕй талынг фылдӕр бауарзтой, уымӕн ӕмӕ сӕ митӕ уыдысты фыдмитӕ. Уымӕн ӕмӕ алы фыдгӕнӕнӕгӕн дӕр ӕнӕуынон у рухс ӕмӕ нӕ цӕуы рухсмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ митӕ зылын сты ӕмӕ йын раргом уыдзысты. Фӕлӕ рӕстӕй чи цӕры, уый рухсмӕ цӕуы, цӕмӕй, йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй сты, уый раргом уа» (Иоанны 3:19—21, «Мах дуг», 5-ӕм номыр, 1992 аз).
15. Хуыцау нын йӕ Фырты уылты цы ирвӕзындзинады фадат ратта, уый куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд ныл цы ’рцӕудзӕн?
15 Дунемӕ духовон рухс ӕрхаста Йесо ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у уымӕ хъусын. Павел афтӕ ныффыста: «Хуыцау раджы кӕддӕр бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы ӕгъдауӕй дзырдта нӕ фыдӕлтӕм пехуымпарты дзыхӕй, ацы фӕстаг бонты махмӕ дӕр дзырдта, ӕппӕтӕн ӕнхъӕлцауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ ӕнустӕ дӕр кӕмӕй сфӕлдыста, уыцы Фырты дзыхӕй» (Дзуттытӕм 1:1, 2, НФ). Хуыцау нын йӕ Фырты уылты цы ирвӕзындзинады фадат ратта, уый куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд ныл цы ’рцӕудзӕн? Дарддӕр Павел дзуры: «Кӕд Зӕдты фӕрцы хъуыстгонд дзырд фидар уыд ӕмӕ алкӕцы фыдракӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй уыд раст фиддон, уӕд мах куыд аирвӕздзыстӕм, хъус нӕ бадаргӕйӕ уый бӕрц стыр ирвӕзындзинадмӕ, кӕцы райдайӕны хъуыстгонд уӕвгӕйӕ Хицауӕй сфидар мах мидӕг, Уымӕй фехъусджытӕм, Хуыцауӕй ӕвдисӕндзинӕдтимӕ нысӕнттӕй ӕмӕ диссӕгтӕй, ӕмӕ алыхуызон тыхтӕй, ӕмӕ Сыгъдӕг Уды лӕвӕрттӕй, Уый фӕндонӕй?» (Дзуттытӕм 2:2—4). О, пехуымпарады дзырд хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕйраг бынат ахсы Йесо (Раргомад 19:10).
16. Иегъовӕ Хуыцауы пехуымпарӕдтӕй алкӕцыйыл дӕр нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын?
16 Уӕлдӕр мах ӕрхастам Петры ныхӕстӕ: «Никӕцы пехуымпарад Фысты мидӕг хи хъаруйӕ раиртасинаг... нӕу». Адӕмӕн сӕ бон нӕу ӕцӕг пехуымпарад зӕгъын, фӕлӕ махӕн та нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын Хуыцауы пехуымпарӕдтӕй алкӕцыйыл дӕр. Уыдон Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕхицӕй цӕуынц. Йӕ лӕггадгӕнджыты сыгъдӕг удӕй кӕй схайджын кодта, уый фӕрцы сӕ бон у, Библийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕнынц, уый ӕмбарын. Ӕцӕгдӕр, нӕхи цӕстӕй уынӕм, 1914 азӕй уыцы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ уый тыххӕй стыр бузныг стӕм Иегъовӕйӕ! Мах фидарӕй уырны, ацы фыдцардыуагон системӕйы кӕроны тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон дӕр ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый. Уӕдӕ нӕ рухс адӕмы раз куыд ӕрттивын кӕнӕм, афтӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг нӕ хъус дарӕм Хуыцауы пехуымпарӕдтӕм (Матфейы 5:16). Зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнӕм Иегъовӕйӕн, абон зӕххыл цы «тар» ӕртыхст, уым «йӕ рухс [кӕй] ӕрттивын кӕны», уый тыххӕй! (Исай 58:10).
17. Хуыцау цы духовон рухс дӕтты, уый нӕ цӕмӕн хъӕуы?
17 Рухсы фӕрцы нӕ бон у уынын. Уый фӕрцы рӕзы зӕххыл тыллӕг ӕмӕ нын ис бирӕ алыхуызон хӕринӕгтӕ. Ӕнӕ рухсӕй цард нӕй. Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн духовон рухсӕй та? Уый нын дӕтты царды разамынд, уый фӕрцы зонӕм, Хуыцауы Ныхас Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый (Псалом 118:105). Иегъовӕ Хуыцау нын ӕнӕвгъауӕй «ӕрвиты Йӕ рухс ӕмӕ Йӕ ӕцӕгад» (Псалом 42:3). Мах та хъуамӕ ӕвдисӕм, уыцы рухс ӕмӕ ӕцӕгадӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм, уый. Уӕдӕ цас гӕнӕн ис, уыйас зӕрдиагдӕрӕй уадзӕм нӕхимӕ «Хуыцауы кад базоныны» рухс, цӕмӕй нын нӕ символикон зӕрдӕтӕ срухс кӕна (2 Коринфӕгтӕм 4:6; Ефесӕгтӕм 1:18).
18. Иегъовӕйы Бонвӕрнон ныртӕккӕ цӕмӕ у цӕттӕ?
18 Цӕй стыр арфӕдзинад у, 1914 азы Бонвӕрнон, Йесо Чырысти, ӕгас Дун-дунейыл кӕй скаст ӕмӕ йӕ хуыз кӕм аивта, уыцы цӕстылуайӕн ӕххӕст кӕнын кӕй райдыдта, уый зонын! О, Иегъовӕйы Бонвӕрнон цӕттӕ у уыцы цӕстылуайӕн дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынмӕ — «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы... стыр боны» хӕст райдайынмӕ (Раргомад 16:14, 16). Ацы зӕронд цардыуагон системӕйӕ рыг дӕр куынӕуал баззайа, уӕд Иегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн йӕ зӕрдӕвӕрд «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй, ӕмӕ йын уым ӕнустӕм нӕ бон дӕттын уыдзӕн, куыд Дунескӕнӕг ӕмӕ ӕцӕг пехуымпарӕдты Хуыцау, афтӕ йын цы кад ӕмӕ ӕппӕлындзинад ӕмбӕлы, уый (2 Петры 3:13). Уыцы стыр бон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ та лӕмбынӕг хъусӕм Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр цӕуӕм Йӕ рухсы.
Цавӕр дзуапп раттис?
• Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый куыд радзурис?
• Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?
• Кӕй кӕнӕ цы ӕвдисы Иегъовӕйы Бонвӕрнон ӕмӕ кӕд скаст?
• Хуыцауы пехуымпарадон дзырдмӕ нӕ лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн хъӕуы?
[Ныв 21 фарсыл]
Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уымӕн йӕ нысаниуӕг дӕ бон у бамбарын кӕнын?
[Ныв 23 фарсыл]
Бонвӕрнон раджы скаст. Куыд ӕмӕ кӕд, уый зоныс?