Дӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уа
«Ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (ЕФЕСӔГТӔМ 6:4).
1. Хуыцау бинонтӕ цӕй тыххӕй сфӕлдыста, фӕлӕ цы ӕрцыд?
«ЗӔНӔГ рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Уӕвынад 1:28). Ацы ныхӕстӕ Иегъовӕ Хуыцау загъта Адам ӕмӕ Евӕйӕн, бинонты цардӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд (Ефесӕгтӕм 3:14, 15, НД). Фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цӕстытыл уади, зӕхх куыд байдзаг сӕ цотӕй — ӕххӕст адӕм амондджынӕй цӕрынц дзӕнӕты ӕмӕ иу бинонтау ӕмзонд ӕмӕ ӕмвӕндӕй табу кӕнынц се Скӕнӕг Хуыцауӕн. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый аххосӕй зӕхх нӕ байдзаг рӕстаг, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыдаид, ахӕм адӕмӕй (Ромӕгтӕм 5:12). Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бинонты цард сӕфтмӕ ӕрцыд, адӕм кӕрӕдзимӕ кӕсын райдыдтой знаджы цӕстӕй, дуне байдзаг тыхмийӕ, адӕммӕ нал уыд «тугхӕстӕгдзинады ӕнкъарӕн» (НД), ӕмӕ уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг у ацы «фӕстаг бонты» (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Уӕвынад 4:8, 23; 6:5, 11, 12).
2. Адамы байзӕддӕгтӕн сӕ бон цы уыди, фӕлӕ цӕмӕй сӕ бинонтӕн Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ уыдаид, уый тыххӕй сӕ цы хъуыди?
2 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдыста йӕхи фӕлгонцмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ кӕд Адам тӕригъӕдджын сси, уӕддӕр ын Иегъовӕ бар радта, цӕмӕй йын сывӕллӕттӕ райгуырдаид (Уӕвынад 1:27; 5:1—4). Адамы байзӕддӕгтӕн дӕр сӕ фыдау уыдис намыс ӕмӕ сӕ бон уыди, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый хицӕн кӕныныл ахуыр кӕнын. Сӕ бон уыди, се Сфӕлдисӕгӕн куыд хъуамӕ куывтаиккой, уый базонын ӕмӕ, иууыл сӕйрагдӕр та, сӕ бон ӕй уыдис ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зонд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзын (Маркы 12:30; Иоанны 4:24; Иаковы 1:27). Уымӕй дарддӕр сӕ бон уыдис «рӕстдзинадыл, хӕларзӕрдӕдзинадыл ӕмӕ... сӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуыныл» ахуыр кӕнын (Михей 6:8). Фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын хъуыди, Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ кӕмӕн уыдаид, ахӕм бинонтӕ скӕнынӕн.
«Рӕстӕг ӕлхӕнут»
3. Ныййарджыты бон куыд у сӕ сывӕллӕтты чырыстон фӕндагыл сӕвӕрынӕн «рӕстӕг ӕлхӕнын»?
3 Цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы нӕ сывӕллӕттӕ «Иегъовӕйы уарзой» ӕмӕ «фыддзинадӕй се сӕфт уыной», уый тыххӕй бирӕ хъарутӕ хъӕуы (Псалом 96:10, НД). Уыцы зын хӕс ӕххӕст кӕнынӕн ӕмбаргӕ ныййарджытӕ ӕнӕмӕнг «рӕстӕг ӕлхӕндзысты» (Ефесӕгтӕм 5:15—17, НД). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уый куыд у дӕ бон аразын? Фыццаджыдӕр, царды фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ цӕуыл хардз кӕндзынӕ, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, дӕ хъус дар, «ахсджиагдӕр цы хъуыддӕгтӕ сты», уыдонмӕ, ӕмӕ уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй иу у сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ сын зонд амонын (Филиппӕгтӕм 1:10, 11, НД). Дыккаг та — дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕн. Уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бахъӕуа, афтӕ ахсджиаг цы хъуыддӕгтӕ не сты, уыдон ныууадзын. Кӕнӕ дӕ хъӕугӕ афтӕ ӕхсызгонӕй чи нӕ кӕны, рӕстӕг та бирӕ кӕуыл хардз кӕнӕм, уыцы хӕдзары дзауматӕй фервӕзын. Чырыстон ныййарӕг уӕвгӕйӕ, ды никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ ис, ахӕм сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ, кӕй фыдӕбон кӕныс, ууыл (Фӕсномыг ныхӕстӕ 29:15, 17).
4. Цы у ахъаз бинонты иудзинадӕн?
4 Уӕ сывӕллӕттимӕ, уӕлдайдӕр та чырыстон хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, рӕстӕг иумӕ кӕй ӕрвитут, уый дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй бинонтӕ ӕнгомдӕр кӕнынц кӕрӕдзиимӕ. Уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ хъӕуы кӕсын. Бӕлвырд рӕстӕг-иу снысан кӕнут иумӕ ӕрвитынӕн. Иууылдӕр хӕдзары куы уат ӕмӕ уӕ алчидӕр, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куы араза, уӕд уый рӕстӕг иумӕ арвитын нӕ нысан кӕны. Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ амондджынӕй рӕзой, уый тыххӕй сӕ алкӕмӕндӕр хъӕуы сӕрмагондӕй рӕстӕг хицӕн кӕнын. Уӕ цин ӕмӕ сӕ уӕ рӕвдыдӕй цух макуы уадзут. Лӕг ӕмӕ ус сывӕллӕттӕ рауадзыны фӕнд куы нӕ ма скӕнынц, уӕдмӕ дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, ныййарӕг уӕвын цӕй стыр бӕрндзинад у, ууыл (Лукайы 14:28). Уӕд сын сывӕллӕттӕ уӕззау уаргъ нӕ уыдзысты, фӕлӕ сӕ нымайдзысты стыр арфӕдзинадыл (Уӕвынад 33:5; Псалом 126:3).
Ахуыр сӕ кӕнут ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр
5. а) Цӕмӕй сывӕллӕттӕ Иегъовӕйы уарзой, уый тыххӕй ныййарджыты цы кӕнын хъӕуы? ӕ) Дыккаг закъоны 6:5—7-ӕм стихты ныййарджытӕн цавӕр уынаффӕ лӕвӕрд цӕуы?
5 Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Иегъовӕйы бауарзой, уый тыххӕй уал ӕй фыццаг уӕхӕдӕг хъуамӕ уарзат. Хуыцауы зӕрдӕбынӕй куы уарзат, уӕд алы хъуыддаджы дӕр архайдзыстут йӕ амындтӕм гӕсгӕ. Уыимӕ уӕ сывӕллӕтты дӕр хъомыл кӕндзыстут Иегъовӕйы «ахуырад ӕмӕ зондамындмӕ» гӕсгӕ (Ефесӕгтӕм 6:4). Хуыцау ныййарджытӕн амоны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой, семӕ ӕнгом ахастыты уой ӕмӕ сын зонд амоной. Дыккаг закъоны 6:5—7-ӕм стихты кӕсӕм: «Дӕ Хуыцау Иегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. Ӕмӕ дын абон цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы; уарзын сӕ кӕн дӕ фыртӕн ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд дӕр». Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ дӕ сывӕллӕттӕн арӕх куы амонай ӕмӕ сын сӕ сӕ зӕрдыл куы лӕууын кӕнай, уӕд сын сӕ дӕ бон суыдзӕн бауарзын кӕнын. Уӕдӕ дӕ цот, Иегъовӕйы куыд уарзыс, уый куы уыной, уӕд уыдонӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ ӕнгом ахастытӕ скӕнын (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:7).
6. Сывӕллӕттӕ цы уынынц, уый кӕй аразынц, уымӕй ныййарджытӕн сӕ бон куыд у ӕнтыстджынӕй пайда кӕнын?
6 Сывӕллӕттӕ тынг зондмондаг сты, алцыдӕр сӕ фӕфӕнды зонын. Исчи исты куы фӕдзуры, уӕд ӕгасӕй дӕр фестынц хъустӕ, ницы сӕ ирвӕзы ӕмӕ хистӕрты цы уынынц аразгӕ, уый уайтагъд дӕр бафӕзмынц. Царды ӕрмӕст хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ дзаумайыл кӕй нӕ мӕт кӕнут, уый куы уыной, уӕд уыдонӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕрын. Афтӕмӕй сӕ ахуыр кӕндзыстут, цӕмӕй зӕххон хъуыддӕгтыл ма тыхсой, фӕлӕ «фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурой» (Матфейы 6:25—33, НФ). Адӕммӕ хӕларзӕрдӕ куы уат, Библийы ӕцӕгад ӕмӕ Хуыцауы ӕмбырд куыд хорз сты, ӕдзухдӕр уый тыххӕй куы дзурат, нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хорзы кой куы кӕнат, уӕд уымӕй уӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кӕндзысты Иегъовӕйӕн кад кӕнын ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы дӕтты, уымӕн аргъ кӕнын. Хистӕртӕ сӕ ныхасӕн хицау кӕй не сты, уый сывӕллӕттӕ уайтагъд кӕй фӕхатынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнут, уыимӕ ма уӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уӕ уагахастӕй дӕр ӕвдисут, чырыстон хъуыддӕгтӕ уын тынг зынаргъ кӕй сты, уый. Цӕй стыр арфӕдзинад у, ныййарджытӕн сӕ хорз дӕнцӕгмӕ кӕсгӕйӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын кӕй райдайынц, уый! (Фӕсномыг ныхӕстӕ 23:24, 25).
7, 8. Сывӕллоны йӕ райгуырдӕй ахуыр кӕнын куыд ахсджиаг у, уый цавӕр дӕнцӕг ӕвдисы ӕмӕ нӕ къухы хорз ӕнтыстытӕ куы бафты, уӕд бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм?
7 Сывӕллӕтты хӕрз гыццылӕй ахуыр кӕнын куыд хорз у, уый фенӕн ис Венесуэлӕйӕ иу бинонты дӕнцӕгӕй (2 Тимофеймӕ 3:15). Дзырд цӕуы ӕвзонг къай Феликс ӕмӕ Майерлиныл. Уыдон лӕггад кӕнынц пионертӕй. Сӕ лӕппу Фелито куы райгуырд, уӕд сӕ уд хъардтой, цӕмӕй дзы Иегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг схъомыл кӕной. Мад йемӕ кӕсын райдыдта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чиныг, «Мӕ библион радзырдты чиныг», зӕгъгӕ. Хӕрз гыццылӕй Фелито зыдта Моисейы ӕмӕ, уыцы чиныджы кӕй нывтӕ ис, уыдонӕй ноджыдӕр бирӕты.
8 Хӕрз гыццылӕй Фелито йӕхӕдӕг райдыдта хъусын кӕнын. Йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд, уый сси Паддзахады хъусынгӕнӕг, фӕстӕдӕр та райста донаргъуыд. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сси ӕххӕстрӕстӕг пионер. Мӕнӕ цы дзурынц йӕ ныййарджытӕ: «Нӕ фырт афтӕ хорз кӕй рӕзы уырнындзинады, уымӕй мах ӕгасӕй дӕр бузныг стӕм Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ амындтӕй».
Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут уырнындзинады рӕзынӕн
9. Хуыцау нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы амындтӕ дӕтты, уыдонӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
9 Сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй ис ӕнӕнымӕц журналтӕ, сӕдӕгай чингуытӕ ӕмӕ мингай Web-сайттӕ Интернеты. Тынг арӕх «уыцы уынаффӕтӕ кӕрӕдзийыл нӕ фӕбадынц,— дзырдӕуы «Ньюсуик»-ы сывӕллӕтты тыххӕй уагъд сӕрмагонд номыры.— Ноджы ӕвзӕрдӕр та уый у, ӕмӕ раст ӕнхъӕл цы амындтӕй уыдтӕ, уыдон бынтондӕр раст куы нӕ разынынц». Куыд бузныг стӕм мах Иегъовӕйӕ, нӕ бинонтӕн зонд амонынӕн ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый цӕстуарзонӕй кӕй дӕтты, уый тыххӕй! «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нын ӕххуысӕн цы цӕуы лӕвӕрд, уыдонӕй иууылдӕр царды пайда кӕныс? (Матфейы 24:45—47).
10. Бинонтӕ Библи иумӕ ӕнтыстджынӕй куы ахуыр кӕной, уӕд уый ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр куыд фӕахъаз уыдзӕн?
10 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй бинонтӕ ӕрвылкъуыри дӕр иумӕ, алчидӕр йӕхи сӕрибар куыд хата, ахӕм уавӕры ахуыр кӕной Библи. Цӕмӕй уыцы ахуыр зӕрдӕмӕхъаргӕ уа, бинонтӕй алкӕмӕндӕр пайда ӕмӕ циндзинад хӕсса, стӕй сӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕна, уый тыххӕй йӕм хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. Ныййарджытӕ алцыдӕр куы аразой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон уа семӕ ӕргом ныхас кӕнын, уӕд сын алыхатт дӕр зондзысты сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕты цы ис, уый. Кӕд, Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнут, уыцы рӕстӕгмӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕд зӕгъӕн ис, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын стут.
11. а) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цавӕр нысӕнттӕм хъуамӕ разӕнгард кӕной? ӕ) Иу япойнаг гыццыл чызгӕн йӕ разы бӕрӕг нысан ӕвӕрд кӕй уыди, уый цавӕр хорз тыллӕг ӕрхаста?
11 Бинонтӕн ма Хуыцауимӕ ӕнгом ахастыты уӕвынӕн ӕххуыс кӕны раст нысӕнттӕ ӕвӕрын дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной сӕ разы ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн. Зӕгъӕм, Библи алыбон дӕр кӕсын, хорз уацхъуыд хъусынгӕнӕг суын ӕмӕ тырнын Хуыцауӕн нывонддзырд радтын ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Дарддӕр сӕвӕрӕн ис ӕндӕр нысӕнттӕ дӕр, зӕгъӕм, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, йе та Вефилы кӕнӕ миссионерӕй лӕггад кӕнын. Астӕуккаг скъолайы райдиан кълӕсты ахуыр кӕнгӕйӕ, иу япойнаг чызг, Айюми, зӕгъгӕ, йӕ разы сӕвӕрдта нысан: йе ’мкъласонтӕй алкӕмӕндӕр Иегъовӕйы тыххӕй радзурын. Цӕмӕй йӕ ахуыргӕнӕг ӕмӕ йе ’мкъласонтӕ цымыдис кӕнын райдыдтаиккой, уый тыххӕй бар ракуырдта, цӕмӕй библион публикацитӕй цалдӕр библиотекӕйы сӕвӕрдтаид. Уыйадыл, ӕхсӕз азы мидӕг Айюми Библи ахуыр кӕнын райдыдта 13 адӕймагимӕ. Уыдонӕй сӕ иу, стӕй ма йӕ бинонтӕй дӕр цалдӕр слӕууыдысты чырыстон фӕндагыл.
12. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ чырыстон фембӕлдтӕй фылдӕр пайда исой, уый тыххӕй цы хъӕуы?
12 Цӕмӕй бинонтӕн сӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй сӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕмбырды алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын. Апостол Павел йе ’муырнджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕмбырдтӕ ма уагътаиккой, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау». Цӕй ӕмӕ уыдонау махӕн, ацӕргӕ стӕм ӕви хӕрз ӕрыгон, чырыстон фембӕлдтӕ цух кӕнын ӕмӕ цы пайда хӕссынц, уымӕй нӕхи ӕнӕхай кӕнын макуы суӕд не ’гъдау (Дзуттытӕм 10:24, 25; Дыккаг закъон 31:12). Сывӕллӕтты ахуыр кӕнын хъӕуы лӕмбынӕг хъусын. Ӕнӕмӕнг хъӕуы развӕлгъау цӕттӕ кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд фылдӕр пайда исдзыстӕм, фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уымӕй. Саби райдианы дыууӕ ныхасы куы зӕгъа кӕнӕ абзацӕй хӕрз цыбыр хъуыды куы бакӕса, уӕд уый дӕр тынг хорз уыдзӕн, фӕлӕ сӕ абзацы дзуапп агурын ӕмӕ йӕхи ныхӕстӕй дзурын куы ахуыр кӕнат, уӕд фембӕлды цӕуыл цӕуы дзырд, уымӕй исдзысты фылдӕр пайда. Ныййарджытӕ, уӕхӕдӕг алыхатт дӕр фӕдӕттут арфмидисджын дзуаппытӕ ӕмӕ уымӕй уӕ сывӕллӕттӕн дӕнцӕг ӕвдисут? Хорз ма уаид, бинонтӕй алкӕмӕндӕр Библи, зарджыты чиныг ӕмӕ Фыстад цы публикацийы руаджы ӕвзӕрст цӕуы, уый куы уаид, уӕд.
13, 14. а) Ныййарджыты цӕмӕн хъӕуы хъусын кӕнынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ цӕуын? ӕ) Сывӕллӕттӕн уацамынд пайда ӕмӕ циндзинад кӕд хӕсдзӕн?
13 Зондджын ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъарутӕ араздзысты Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ, ӕххуыс сын кӕндзысты, цӕмӕй сын хъусын кӕныны хъуыддаг царды уа фыццаг бынаты (Дзуттытӕм 13:15). Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ «ӕнӕазым кусджытӕ, ӕцӕгады дзырд раст чи амоны,— ахӕм» лӕггадгӕнджытӕ суой, уӕд семӕ хъусын кӕнынмӕ цӕут (2 Тимофеймӕ 2:15, НФ). Цы зӕгъӕн ис сымах тыххӕй та? Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын уацамындмӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕнут? Уый фӕрцы уацамынд нымайдзысты тынг ахсджиаг хъуыддагыл, хӕсдзӕн сын циндзинад ӕмӕ дзы уыдзысты ӕнтыстджын.
14 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ куы хъусын кӕной, уӕд уый се ’ппӕтӕн дӕр пайда цӕмӕн уыдзӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сывӕллӕттӕ уындзысты сӕ ныййарджыты хорз дӕнцӕг ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕндзысты. Ныййарджытӕ та уындзысты, сӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, сӕхи куыд дарынц ӕмӕ сӕ бон цы у, уый. Уӕ сывӕллӕттимӕ хъусын кӕнут, куыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, афтӕ уынджы дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сывӕллӕттӕй алкӕмӕндӕр самал кӕнут йӕхи хызын, ӕмӕ сын амонут, цӕмӕй сӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайдӕй дарой. Ӕдзухдӕр сӕ куы ахуыр кӕнат ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ куы разӕнгард кӕнат, уӕд тынг аргъ кӕндзысты уыцы хъуыддагӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбардзысты, уый фӕрцы кӕй ӕвдисынц, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уый (Матфейы 22:37—39; 28:19, 20).
Хуыцауимӕ уӕ ахастытӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕнут
15. Бинонтӕн Хуыцауимӕ алкӕддӕр ӕнгом ахастытӕ кӕй хъуамӕ уа, уый афтӕ ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цы хъӕуы аразын?
15 Бинонтӕ Хуыцауимӕ сӕ ахастытӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр куы кӕной, уӕд уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис (Псалом 118:93). Уымӕн уын тынг ӕххуыс кӕндзӕн, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уӕ бинонтимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ӕмӕ хъуыдытыл кӕй ныхас кӕндзыстут, уый. Алыбон дӕр Библийӕ цы стих фӕхъӕуы ӕвзарын, ууыл иумӕ ӕрныхас кӕнут? «Фӕндагыл куы фӕцӕут», уӕд семӕ фӕныхас кӕнут, уацамынды цымыдисагӕй цы уыд кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номырты цы бакастыстут, ууыл? «Хуысгӕ куы фӕкӕнут ӕмӕ куы сыстут», уӕд уӕ нӕ ферох вӕййы, Иегъовӕ уын алыбон дӕр цы дӕтты, уый тыххӕй йын бузныг зӕгъын? (Дыккаг закъон 6:6—9). Уӕ сывӕллӕттӕн уӕ алы хъуыддаг дӕр, Хуыцауы кӕй уарзут, ууыл дзурӕг куы уа, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕцӕгады фӕндагыл слӕууын.
16. Сывӕллӕтты Библи иртасынмӕ цӕмӕн хъӕуы разӕнгард кӕнын?
16 Сывӕллӕттӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕ фӕхъӕуы ныййарджыты ӕххуыс, цӕмӕй ма фӕцудой ӕмӕ ӕвзӕр фӕндагыл ма ацӕуой. Хорз уаид, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый сын алыхатт сымах куы нӕ дзуриккат, фӕлӕ сӕ куы разӕнгард кӕниккат, цӕмӕй сӕ цы фарстытӕ тыхсын кӕнынц, уыдоныл сӕхӕдӕг хъуыды кӕной ӕмӕ иртасой, Хуыцау уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. «Ӕууӕнкджын цагъары» уылты цы публикацитӕ ӕмӕ ӕххуысчингуытӕ исӕм, уыдонӕй сӕ куы ахуыр кӕнат пайда кӕнын, уӕд сын баххуыс кӕндзыстут Иегъовӕйы бауарзынӕн (1 Паддзахӕдты 2:21ӕ). Библи иртасгӕйӕ цы базыдтой, уый хӕдзары иннӕтӕн куы дзурой, уӕд та ӕгас бинонтӕн дӕр сӕ ахастытӕ ӕнгомдӕр кӕндзысты Иегъовӕимӕ.
Уӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарут Иегъовӕйыл
17. Сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй цы чырыстӕттӕ хъомыл кӕнынц, уыдонӕн сӕ бон цӕмӕн у фидар лӕууын?
17 Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм ныййарджытӕй та цы зӕгъӕн ис? Алчидӕр ӕй зоны, уыдонӕн ноджы зындӕр кӕй у сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Фӕлӕ кӕд иунӕгӕй хъомыл кӕныс дӕ сывӕллӕтты, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд! Бирӕ иунӕг ныййарджытӕ Хуыцауыл сӕ ныфс кӕй дардтой ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъуыстой, уый фӕрцы сӕ бон сси фӕзминаг, Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ кӕмӕн ис, ахӕм сывӕллӕттӕ схъомыл кӕнын, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, дӕуӕн дӕр кӕй суыдзӕн дӕ бон (Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй цы чырыстӕттӕ хъомыл кӕнынц, уыдон сӕ ныфс хъуамӕ дарой Иегъовӕйыл. Уыдон хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндой, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (Псалом 120:1—3).
18. Цӕмӕй сывӕллон дзӕбӕхӕй, ӕнӕнизӕй рӕза, уый тыххӕй ныййарджытӕ сӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарой, фӕлӕ сын уыимӕ фыццаг бынаты цы хъуамӕ уа?
18 Зондджын ныййарджытӕ ӕмбарынц, «кӕй ис рӕстӕг худынӕн ӕмӕ хъазынӕн» (Екклесиаст 3:1, 4). Цӕмӕй сывӕллон дзӕбӕхӕй, ӕнӕнизӕй рӕза, уый тыххӕй йын хъуамӕ уа рӕстӕг йӕхи аирхӕфсынӕн дӕр ӕмӕ дзӕбӕх баулӕфынӕн дӕр. Сывӕллон йӕ гыццылӕй хорздзинадмӕ разӕнгардгӕнӕг музыкӕмӕ куы хъуса, уӕлдайдӕр та Хуыцауы кады зарджытӕм, уӕд ын уыдзӕн хорз зӕрдӕйыуаг, ӕмӕ уый та стыр ахъаз у Иегъовӕимӕ йӕ ахастытӕ ӕнгомдӕр кӕнынӕн (Колоссӕгтӕм 3:16). Сывӕллон йӕ гыццылӕй куы ахуыр кӕна Иегъовӕйы зондыл, уӕд ӕм стырӕй дӕр уыдзӕн Хуыцауы ӕфсарм, ӕмӕ йын уый фӕрцы та фадат уыдзӕн дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цӕрынӕн дӕр (Галатӕгтӕм 6:8).
19. Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ Иегъовӕ кӕй арфӕ кӕндзӕн, ууыл цӕмӕн ис фидарӕй ӕууӕндӕн?
19 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алы чырыстон бинонты ’хсӕн дӕр уа ӕнгомдзинад ӕмӕ сын уа фидар уырнындзинад. Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасмӕ ӕхсызгонӕй куы хъусӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайынӕн (Исай 48:17; Филиппӕгтӕм 4:13). Уӕ зӕрдыл дарут, уӕ сывӕллӕттӕ алкӕд гыццылтӕ кӕй нӕ уыдзысты, ахуыр кӕнӕн ӕмӕ сӕ хъомыл кӕнӕн кӕд ис, уыцы рӕстӕгӕн раздахӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Алы хъуыддаджы дӕр архайут, Хуыцауы Ныхас куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ Иегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, уӕ бинонты ӕнгомдзинад ӕмӕ фидар уырнындзинадыл кӕй архайут, уымӕн.
Цы базыдтам?
• Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн «рӕстӕг ӕлхӕнын» афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?
• Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой?
• Цӕмӕй сывӕллӕттӕн фидар уырнындзинад уа, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы?
• Цӕмӕй уӕ бинонтӕн Хуыцауимӕ кӕддӕриддӕр ӕнгом ахастытӕ уа, уый тыххӕй цы аразын хъӕуы?
[Нывтӕ 16, 17 фӕрстыл]
Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ цы бинонтӕн ис, уыдон иумӕ ахуыр кӕнынц Хуыцауы Ныхас, цӕуынц чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ иумӕ хъусын кӕнынц.