Уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ фӕзмут Иегъовӕйы
«Ис мыййаг ахӕм фырт, кӕцыйы нӕ бафхӕры йӕ фыд?» (ДЗУТТЫТӔМ 12:7).
1, 2. Абон сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у?
ЦАЛДӔР азы размӕ Японы иу ӕрфарсты архайджытӕн се ’рдӕг загътой, зӕгъгӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ тынг гыццыл рӕстӕг ӕрвитынц ӕмӕ сӕ ӕгӕр ауагътой сӕхи бар. Уыцы бӕстӕйы ӕндӕр ӕрфарсты хайадисджытӕн та сӕ цыппӕрӕм хай ӕргом загътой, зӕгъгӕ, сӕ сывӕллӕттимӕ куыд ныхас кӕной, уый нӕ зонынц. О, фӕлӕ афтӕ канд Скӕсӕны бӕстӕты нӕу. «Канадӕйы ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй нӕ зонынц, ныййарӕджы хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнын хъӕуы, уый»,— фыст уыд газет «Торонто стар»-ы. Алы ран дӕр ныййарджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй дзурынц, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын тынг зын кӕй у.
2 Цымӕ ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын афтӕ зын цӕмӕн у? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ мах цӕрӕм «фӕстаг бонты», тынг «зын рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1, НФ). Уый ӕддейӕ ма Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «адӕймаджы зӕрдӕ йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ фыддзинадмӕ здӕхт у» (Уӕвынад 8:21). Рӕзгӕ фӕлтӕр та иууыл ӕнцон асайӕн сты Сайтанӕн, уымӕн ӕмӕ уый «богътӕгӕнаг домбайау» цуан кӕны ӕвӕлтӕрдтыл (1 Петры 5:8, НФ). Кӕй зӕгъын хъӕуы, зындзинӕдтӕ ӕййафынц, йӕ сывӕллӕтты «Хицауы ахуырыл ӕмӕ амындыл» хъомыл кӕныныл чи архайы, уыцы чырыстон ныййарджытӕ дӕр (Ефесӕгтӕм 6:4, НФ). Фӕлӕ уӕддӕр куыд у сӕ бон сӕ сывӕллӕтты афтӕ схъомыл кӕнын, цӕмӕй Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной ӕмӕ сӕ бон «хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад» хицӕн кӕнын уа? (Дзуттытӕм 5:14, НФ).
3. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ хорз схъомыл уой, уый тыххӕй сын ныййарджыты зондамынд афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?
3 «Лӕппуйы зӕрдӕ сонт у»,— бафиппайдта зондджын паддзах Соломон (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:1; 22:15). Цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ сонт зӕрдӕйы фӕдыл ма цӕуой, уый тыххӕй сын ныййарджытӕ хъуамӕ зӕрдӕхӕларӕй зонд амоной. Ӕцӕг, сывӕллӕттӕ алыхатт ӕхсызгонӕй нӕ фӕхъусынц сӕ ныййарджыты уынаффӕмӕ, арӕх сӕм хъыг дӕр фӕкӕсы. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕной, уыдонӕн «хуыздӕр куыд у, уымӕ гӕсгӕ» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 22:6). Сывӕллӕттӕ ахӕм зондамындмӕ куы хъусой, уӕд сын уый ӕрхӕсдзӕн цард (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:13). Уӕвгӕ, куыд тынг хъӕуы, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын цы нысан кӕны, уый хорз ӕмбарын!
Цы нысан кӕны бафхӕрын
4. Дзырд «бафхӕрын» Библийы сӕйраджыдӕр цы нысан кӕны?
4 Иуӕй-иу ныййарджытӕ тӕрсынц, афтӕ сӕ куы зӕгъой, зӕгъгӕ, сӕ сывӕллӕтты нӕмынц, дзыхыныхасӕй сӕ ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ ссӕндынц, уый тӕссӕй сын ма кӕн дӕр нӕ зӕгъынц. Мах ницӕмӕн хъӕуы уымӕй тӕрсын. Дзырд «бафхӕрын»-ӕй Библи куыд пайда кӕны, афтӕмӕй йын фыдмитӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинадимӕ ӕппындӕр иумӕйагӕй ницы ис. Грекъаг дзырд «бафхӕрын» сӕйраджыдӕр нысан кӕны зонд амонын, ахуыр кӕнын, сраст кӕнын, ӕмӕ хаттӕй-хатт та карзӕй, фӕлӕ уарзгӕйӕ бафхӕрын.
5. Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны, уымӕ ӕркӕсын нын ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?
5 Уыцы хъуыддаджы нын ӕххӕст дӕнцӕг у Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг. Иегъовӕйы зӕххон фыдимӕ абаргӕйӕ, апостол Павел фыста: «Ис мыййаг ахӕм фырт, кӕцыйы нӕ бафхӕры йӕ фыд? [...] Уыдон мах ӕфхӕрдтой хивӕндонӕй цыбыр бонтӕн; фӕлӕ Уый [Хуыцау та] — мах пайдайӕн, цӕмӕй махӕн уа хай Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй» (Дзуттытӕм 12:7—10). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зонд уымӕн амоны, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕлаз уой. Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны, уымӕ ӕркӕсгӕйӕ, бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм, сывӕллӕтты бафхӕрын куы фӕхъӕуы, уӕд куыд хъуамӕ архайӕм, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 32:4; Матфейы 7:11; Ефесӕгтӕм 5:1).
Уарзондзинад — разӕнгардгӕнӕг тых
6. Иегъовӕ куыд уарзы, афтӕ уарзын ныййарджытӕн алыхатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
6 «Хуыцау у уарзондзинад»,— дзуры апостол Иоанн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйы йӕ адӕмы хъомыл кӕнынмӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад (1 Иоанны 4:8; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:11, 12). Иугӕр фыд ӕмӕ мад сӕ хъӕбулы уарзынц, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы Иегъовӕйы фӕзмын ӕнцон уыдзӕн? Нӕ, уый алыхатт афтӕ нӕ вӕййы. Хуыцауы уарзондзинад цӕуы зондӕй. Иу Грекъаг Фыстытӕ иртасӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй ахӕм уарзондзинад «алыхатт нӕ вӕййы разы, зӕрдӕ цы зӕгъы, уыимӕ». Хуыцау ӕгӕр тӕнзӕрдӕ нӕу. Уый алыхатт дӕр фӕхъуыды кӕны, йӕ адӕмӕн иууыл хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл (Исай 30:20; 48:17).
7, 8. а) Иегъовӕ йӕ адӕммӕ, зондӕй чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад куыд ӕвдыста, уымӕй нын цавӕр дӕнцӕг равдыста? ӕ) Сӕ сывӕллӕтты Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ахуыр кӕнгӕйӕ, ныййарджытӕн куыд у сӕ бон Иегъовӕйы фӕзмын?
7 Ӕркӕсӕм, Иегъовӕ Израилы адӕммӕ цы уарзондзинад ӕвдыста, уымӕ. Иегъовӕ, ӕрӕджы цы Израилы адӕм равзӕрд, уыдоны куыд уарзта, уый тыххӕй дзургӕйӕ, Моисей ӕрхаста ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ абарст: «Цӕргӕс йӕ ахстон куыд базмӕлын кӕны, йӕ цъиуты сӕрмӕ куыд фӕратӕх-батӕх кӕны, йӕ базыртӕ куыд айтынг кӕны, куыд сӕ сисы ӕмӕ сӕ йе ’ккой куыд фӕхӕссы, афтӕ йӕ [Иаковы] Иегъовӕ дӕр йӕхӕдӕг хаста» (Дыккаг закъон 32:9, 11, 12). Мадӕл цӕргӕс йӕ лӕппынты тӕхын куы фӕахуыр кӕны, уӕд «йӕ ахстон базмӕлын кӕны», йӕ базыртӕ тынг фӕтилы ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиуыл фӕцӕвы, ӕмӕ афтӕмӕй фӕсиды йӕ лӕппынтӕм, цӕмӕй ратӕхой. Сӕ ахстӕттӕ та арӕзт вӕййынц бӕрзонд айнӕг къӕдзӕхтыл, ӕмӕ дзы ӕппынфӕстаг лӕппын куы рагӕпп кӕны, уӕд мад йӕ сӕрмӕ фӕратӕх-батӕх кӕны. Мад лӕппын цӕргӕсӕн зӕхмӕ ӕрхауынӕй куы фӕтӕрсы, уӕд ӕвиппайды йӕ бынмӕ йӕхи баппары ӕмӕ йӕ «йе ’ккой» фӕхӕссы. Раст афтӕ зӕрдиагӕй аудыдта Иегъовӕ дӕр «ноггуырд» Израилы адӕмыл. Радта сын Моисейы Закъон (Псалом 77:5—7). Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та ӕнувыдӕй хъахъхъӕдта, цыфӕнды тыхст уавӕры ма бахаудаиккой, алыхатт дӕр-иу сын цӕттӕ уыди ӕххуысмӕ.
8 Чырыстон ныййарджытӕн та куыд у сӕ бон сӕ сывӕллӕттыл Иегъовӕйау аудын? Фыццаджыдӕр сӕ хъуамӕ ахуыр кӕной, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ домӕнтӕ ис, уыдоныл (Дыккаг закъон 6:4—9). Ныййарджытӕ уымӕ хъуамӕ тырной, цӕмӕй сӕ кӕстӕртӕн ӕххуыс кӕной сӕ царды алы хъуыддаг дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразынӕн. Афтӕ архайгӕйӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уарзӕгой ныййарджытӕ «ратӕх-батӕх кӕнынц» сӕ кӕстӕрты сӕрмӕ, ома сӕ хъус дарынц, цы уагӕвӕрдтӕ сын бацамыдтой, уыдонӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕ. Сывӕллӕттӕ куыд стыр кӕнынц, афтӕ сын фылдӕр бартӕ дӕттынц, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд ныййарджытӕ цӕттӕ сты, истӕмӕй сын тӕссаг куы вӕййы, уӕд «сӕ бынмӕ сӕхи баппарынмӕ» ӕмӕ сӕ «се ’ккой хӕссынмӕ». Цӕмӕй сын у тӕссаг?
9. Сывӕллӕттӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы ӕмӕ уый ныййарджыты рох кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
9 Иегъовӕ Хуыцау израилӕгты фӕдзӕхста, ӕвзӕр адӕмимӕ иудзинад сӕ хорзмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн (Нымӕцты 25:1—18; Ездрӕ 10:10—14). Ӕвзӕр адӕмимӕ иу кӕнын тӕссаг у абон дӕр (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Чырыстон ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ уый тыххӕй куы фӕныхас кӕнынц, уӕд хъуамӕ фӕзмой Иегъовӕйы. Фынддӕсаздзыд Лизӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд, йӕ ныййарджытӕ йӕ цы ӕгъдау ӕмӕ уырнындзинадыл ахуыр кодтой, уыдоныл хӕст чи нӕ уыди, ахӕм лӕппу. «Мӕ ныййарджытӕ уайтагъддӕр фӕхатыдысты, цыдӕр кӕй кӕнын, уый, ӕмӕ мӕм сӕ хъус лӕмбынӕгдӕр райдыдтой дарын,— дзуры Лизӕ.— Куы-иу мын зонд амыдтой, куы та-иу мын фӕлмӕнӕй ныфсытӕ ӕвӕрдтой». Лизӕйӕн-иу йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад йӕ фарсмӕ ӕрбадтысты, фӕразонӕй-иу ӕм фӕхъуыстой, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕххуыс кодтой, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ бӕллӕхы сӕйраг аххосаг цӕй мидӕг уыд, уый бамбарынӕн: Лизӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ йе ’мцахъхъӕнтӕ нымадтаиккойa.
Уӕхи афтӕ дарут, цӕмӕй сӕ бон уемӕ ӕргом ныхас кӕнын уа
10. Иегъовӕ израилӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?
10 Цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕной, уый тыххӕй семӕ сӕхи афтӕ хъуамӕ дарой, сӕ кӕстӕртӕн алкӕддӕр сӕ бон семӕ ӕргом ныхас кӕнын куыд уа. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Иегъовӕ айдӕны кӕсӕгау уыны, фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй йемӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнӕм (1 Паралипоменон 28:9). Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уӕд левиттӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмӕн зонд амыдтаиккой, ӕрвыста сӕм йӕ пехуымпарты дӕр, цӕмӕй цы арӕзтой, ууыл сын хъуыды кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл арӕзтаиккой. Уый ӕддейӕ сын Иегъовӕ алкӕддӕр зӕрдиагӕй хъуыста сӕ куывдтытӕм (2 Паралипоменон 17:7—9; Псалом 64:3; Исай 1:1—3, 18—20; Иереми 25:4; Галатӕгтӕм 3:22—24).
11. а) Цӕмӕй сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытимӕ алкӕддӕр сӕ бон ӕргомӕй ныхас кӕнын уа, уый тыххӕй ныййарджыты цы хъӕуы? ӕ) Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн фӕхъӕуы?
11 Сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Иегъовӕйы фӕзмын? Фыццаджыдӕр сӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъӕуы рӕстӕг арын. Афтӕ ма хъуамӕ ныййарджытӕ сӕхи хизой ӕнӕрхъуыды, ӕлхыскъ ныхӕстӕй, куыд: «Йемӕ ныр уый цы дзуринаг у? Ӕз та хъуыды кодтон, ахсджиаг цыдӕр мын зӕгъинаг дӕ»; «Цӕй ӕдылы ныхӕстӕ кӕныс»; «Уӕдӕ ӕндӕр цы ’нхъӕл уыдтӕ? Ай ӕцӕг сывӕллон куы дӕ нырма» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18). Цӕмӕй сывӕллӕттӕн, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын сын ӕнцон уа, уый тыххӕй ӕмбаргӕ ныййарджытӕ архайынц лӕмбынӕг хъусыныл. Сывӕллон цалынмӕ гыццыл уа, уӕдмӕ ныййарджыты куы нӕ ӕвдӕла, цы дзура, уыдӕттӕм хъусынмӕ, уӕд куы фестырдӕр уа, уӕд та уымӕн нал уыдзӕн рӕстӕг йӕ ныййарджытӕм байхъусынмӕ. Иегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у йӕ адӕммӕ байхъусынмӕ. Уый лӕмбынӕг хъусы, сӕрныллӕгӕй йӕм чи фӕкувы, уыдонмӕ (Псалом 90:15; Иереми 29:12; Лукайы 11:9—13).
12. Цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын ныййарджыты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕнцон уа семӕ ӕргом ныхас кӕнын?
12 Ӕркӕсӕм, Хуыцауы адӕмӕн йемӕ ныхас кӕнын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыди, уымӕ. Зӕгъӕм, Израилы паддзах Давид ракодта стыр тӕригъӕд, кӕйдӕр усимӕ, Вирсавиимӕ, ӕмуатон фӕци. Ӕнӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ, Давид ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр арӕзта. Фӕлӕ уый никуы фӕтарст, цы ӕрцыд, уый Иегъовӕйӕн раргом кӕнын, хатыр ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Бӕгуыдӕр, Иегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый фӕрцы йӕм Давидӕн ӕнцон уыди кувын (Псалом 102:8). Ныййарджытӕ дӕр Иегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уой, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон уыдзӕн, суанг исты раст куы нӕ саразой, уӕддӕр сын ӕй ӕргом зӕгъын (Псалом 102:13; Малахи 3:17).
Ут ӕмбаргӕ
13. Ӕмбаргӕ уай, уый цы нысан кӕны?
13 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд хъуамӕ уой ӕмбаргӕ, ӕмӕ сӕ ахастӕй бӕрӕг уа, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» сӕм кӕй ис, уый (Иаковы 3:17). «Уӕ ӕмбаргӕдзинад зындгонд уӕнт ӕппӕт адӕмӕн дӕр»,— фыста апостол Павел (Филиппӕгтӕм 4:5, НД). Фӕлӕ ӕмбаргӕ уай, уый цы нысан кӕны? «Ӕмбаргӕ»-йӕ тӕлмац рагон грекъаг дзырдӕн йӕ иу нысаниуӕг у «закъон куыддӕриддӕр амоны, уый цыфӕндыйӕ дӕр ӕххӕст кӕнын чи нӕ домы». Уӕдӕ ныййарджытӕ сӕ бон куыд у, ӕмӕ уыцы-иу рӕстӕджы чырыстон уагӕвӕрдтыл дӕр фидар хӕцой ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр уой?
14. Иегъовӕ Лоты уавӕры куыд бацыд?
14 Ӕмбаргӕдзинады иууыл хуыздӕр дӕнцӕг нын у Иегъовӕ (Псалом 9:38). Лотӕн куы загъта, зӕгъгӕ, сыст ӕмӕ ӕдбинонтӕ фӕцу, тагъд кӕй фесафдзынӕн, уыцы сахар Содомӕй, уӕд уый «фӕстӕ-фӕстӕ кодта». Фӕстӕдӕр ын Иегъовӕйы зӕд куы загъта, зӕгъгӕ, хӕхтӕм алидз, уӕд Лот не сразы: «Мӕ бон нӕу хӕхтӕм алидзын... Дӕ хорзӕхӕй, уӕртӕ уыцы сахармӕ [Сигормӕ] бирӕ нӕ хъӕуы лидзын, стӕй гыццыл сахар у. Бар мын радт, цӕмӕй уырдӕм алидзон — исты уый гыццыл нӕу?» Цы цӕстӕй ракаст Иегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ? Уый загъта: «Цӕй ацы хъуыддаджы дӕр дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд, нӕ фесафдзынӕн, цы сахарӕй мын зӕгъыс, уый» (Уӕвынад 19:16—21, 30). Иегъовӕ цӕттӕ уыди Лоты курдиат сӕххӕст кӕнынмӕ. Раст у, ныййарджыты фидар хӕцын хъӕуы, Иегъовӕ Хуыцау йӕ Ныхас Библийы цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдоныл. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ куы нӕ халой, уӕд семӕ разы кӕнын дӕр хъӕуы.
15, 16. Исайы 28:24, 25-ӕм стихты цы цӕвиттон ис, уый ныййарджыты цӕуыл ахуыр кӕны?
15 Ныййарджытӕ ма ӕмбаргӕ ноджыдӕр уӕд уыдзысты, кӕд ӕмӕ ӕрхайой сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕ развӕлгъау фӕлмӕн кӕнын, цӕмӕй-иу сын сӕ уынаффӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй байхъусой. Исай Иегъовӕйы абарста зӕхкусӕгимӕ ӕмӕ загъта: «Исты хуымгӕнӕг ӕгас бон нӕ фӕхуым кӕны, мӕр не схырыз кӕны ӕмӕ йӕ нӕ бапохци кӕны, цӕмӕй дзы тауинаг байтауа? Йӕ уӕлцъар ын куы слӕгъз кӕны, уӕд дзы тмин нӕ акалы ӕмӕ дзы хъонтхора нӕ апырх кӕны, йӕ афоныл дзы нӕ байтауы мӕнӕу, еуу ӕмӕ хъӕбӕрхор, ӕмӕ стӕй йӕ кӕрӕтты та сискъ?» (Исай 28:24, 25).
16 Иегъовӕ «хуым кӕны, мӕр схырыз кӕны ӕмӕ йӕ бапохци кӕны, цӕмӕй дзы тауинаг байтауа». Цалынмӕ йӕ адӕмӕн зонд бацамоны, уӕдмӕ уал сын сӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕны. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллонӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд уыдонӕн та куыд у сӕ бон йӕ зӕрдӕ «хуым кӕнын»? Иу фыд йӕ 4-аздзыд лӕппуйы зондахаст сраст кӕныныл куы архайдта, уӕд бафӕзмыдта Иегъовӕйы. Йӕ фырт сыхӕгты лӕппуйы кӕй ныццавта, уый куы базыдта, уӕд уал фыццаг фехъуыста, йӕхи куыд рӕстытӕ кодта, уымӕ. Ӕмӕ йын уӕд йӕ зӕрдӕ «бахуым кӕнынӕн» ракодта, иу фыдуаг лӕппу тынг фыдмитӕ кӕмӕн кодта, ахӕм гыццыл лӕппуйы хабар. Уыцы хабар лӕппуйы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бахъардта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы хулиганы ӕнӕмӕнг хъӕуы бафхӕрын. Афтӕ фыд «бахуым кодта» йӕ лӕппуйы зӕрдӕ ӕмӕ уый бамбӕрста, сыхаг лӕппуйы ныццӕвгӕйӕ, уый дӕр уыцы фыдуаджы хуызӕн тынг ӕвзӕр ми кӕй бакодта (2 Паддзахӕдты 12:1—14).
17. Сывӕллӕтты зондыл ӕвӕрыны тыххӕй Исайы 28:26—29-ӕм стихты фыст ныхӕстӕ ныййарджыты цӕуыл ахуыр кӕнынц?
17 Дарддӕр та Исай Иегъовӕйы зондамынд абарста, зӕхкусӕг най куыд фӕкӕны, уыимӕ. Цъар цас хъӕбӕр у, уымӕ гӕсгӕ зӕхкусӕг фӕпайда кӕны алыхуызон найгӕнӕн мигӕнӕнтӕй. Тмин най кӕны рӕхысы гӕппӕлӕй, хъонтхора — хъилӕй, мӕнӕуӕн йе ’фсир хъӕбӕрдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый та най кӕны дӕндагджын цалхӕй. Фӕлӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр нӕмыгджын зайӕгойтӕ уӕдмӕ ссӕнддзӕн, цалынмӕ бынтондӕр нӕ ныцъцъӕл уой. Афтӕ, Иегъовӕйы дӕр йӕ адӕмы галиу хъуыддагӕй раздахын куы фӕфӕнды, уӕд архайы алыхуызӕттӕ, уавӕртӕ куыд фӕдомынц, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уый никуы вӕййы ӕгӕр карз кӕнӕ ӕгъатыр (Исай 28:26—29). Иуӕй-иу сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджыты бакаст дӕр фаг вӕййы, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый бамбарынӕн. Иннӕтӕн фӕхъӕуы цалдӕр хатты зӕгъын, аннӕтӕн та алцыдӕр ӕмбарын кӕнын хъӕуы гыццыл тызмӕгдӕрӕй. Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты иу барӕнӕй нӕ бардзысты, фӕлӕ дзы алкӕй дӕр раст кӕндзысты, йӕ зондахаст, йӕ зӕрдӕйыуаг куыд у, уымӕ гӕсгӕ.
Библи иумӕ афтӕ ахуыр кӕнут, ӕхцондзинад уын куыд хӕсса
18. Библи ӕгас бинонтӕй иумӕ ахуыр кӕнынӕн ныййарджыты бон куыд у рӕстӕг ссарын?
18 Сывӕллӕтты раст фӕндагыл аразынӕн диссаджы фадат ис, ӕгас бинонтӕ алы къуыри дӕр Библи иумӕ куы ахуыр кӕной ӕмӕ алыбон дӕр Фыстадӕй цы стих лӕвӕрд ис, уый куы ӕвзарой, уӕд. Бинонтӕн сӕ ахуыр фылдӕр пайда уӕд хӕсдзӕн, кӕд ӕмӕ алы къуыри дӕр уа. Искуы иу хатт, уый дӕр ӕдзӕттӕйӕ, цы ахуыр цӕуа, уый бинонтӕ ахсджиагыл никуы нымайдзысты. Уымӕ гӕсгӕ Библи ахуыр кӕнынӕн ныййарджыты хъӕуы «рӕстӕг ӕлхӕнын» (Ефесӕгтӕм 5:15—17, НД). Бинонтӕй алкӕйдӕр кӕд ӕвдӕлдзӕн, ахӕм рӕстӕг ссарын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Иу бинонты хистӕр фӕхатыд, сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кодтой, афтӕ йын бинонты иумӕ ӕмбырд кӕнын кӕй фӕзындӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ хъуыддӕгтӕ кӕнын хъуыди алы рӕстӕджыты. Фӕлӕ-иу ӕмбырды фембӕлдтӕ цы бонты уыдысты, уыцы бон-иу изӕрӕй иууылдӕр иумӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ фыд уыцы изӕртӕй иу равзӕрста Библи иумӕ ахуыр кӕнынӕн. Уыцы ахуыр хорзырдӕм фӕзынд бинонтыл. Сӕ сывӕллӕттӕ ӕртӕйӕ дӕр райстой донаргъуыд ӕмӕ ныр лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн.
19. Ныййарджытӕ бинонты ахуыр куыд уадзынц, уымӕй сӕ бон куыд у Иегъовӕйы фӕзмын?
19 Фӕлӕ Фыстады бындурыл уагъд ӕрмӕгыл уӕлӕнгӕйтты, ӕфсоны цыд ракӕнын ницы дӕтты. Израилӕгтӕ уацарӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ Иегъовӕ ахуыр кодта сауджынты уылты; уыдон адӕмӕн «кастысты ӕмӕ хӕлдтой» Закъон ӕмӕ «цы кастысты, уый ӕмбарын кодтой» (Нееми 8:8). Йӕ авд сывӕллонӕй алкӕмӕндӕр Иегъовӕйы бауарзынӕн чи баххуыс кодта, иу ахӕм фыд-иу цалынмӕ йӕ бинонтимӕ ахуыр кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ-иу ацыд йӕ уатмӕ, цӕмӕй-иу ахъуыды кодтаид, цы ахуыр кӕндзысты ӕмӕ йӕ алы сывӕллонмӕ дӕр цы хуызы ис ахӕссӕн, ууыл. Уый алыхатт дӕр ууыл архайдта, цӕмӕй бинонтӕ иумӕ Библи куыд ахуыр кӕнынц, уый сывӕллӕттӕм цымыдис кастаид. «Алыхатт дӕр-иу ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, кӕд та ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕ,— дзуры йӕ фырттӕй сӕ иу.— Кӕрты-иу куы хъазыдыстӕм ӕмӕ-иу нӕм куы фӕдзырдтой, рацӕут, Библи ахуыр кӕнӕм, зӕгъгӕ, уӕд-иу пурти фехстам ӕмӕ-иу лидзынмӕ фестӕм хӕдзармӕ. Ӕнӕхъӕн къуырийы дӕргъы-иу уыцы изӕрӕй амондджындӕр никуы уыдыстӕм».
20. Сывӕллӕтты хъомылгӕнгӕйӕ, цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?
20 Псаломзарӕггӕнӕг афтӕ загъта: «Мӕнӕ Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД] бын: сывӕллӕттӕ; Уымӕй лӕвар — хуылфы дыргъ» (Псалом 126:3). Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн рӕстӕг дӕр бирӕ хъӕуы ӕмӕ фыдӕбон дӕр, фӕлӕ кӕстӕртӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы схъомыл уой, уӕд сӕ уый ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ. Цы хъуамӕ уа уымӕй стырдӕр хорзӕх! Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй дӕр архайӕм, цӕмӕй Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны, мах дӕр афтӕ хъомыл кӕнӕм нӕ сывӕллӕтты. О, фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ кӕд ныййарджытӕн сӕ хӕс у сӕ сывӕллӕтты «Хицауы ахуыр ӕмӕ амындмӕ» гӕсгӕ схъомыл кӕнын, уӕддӕр сӕ фыдӕбонӕй сӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн, уый фидарӕй никӕй бон у зӕгъын (Ефесӕгтӕм 6:4, НФ). Иууыл хорз ныййарджытӕн дӕр сӕ сывӕллон сӕ ныхмӕ рацӕуы ӕмӕ ныууадзы Иегъовӕйы фӕндаг. Цы кӕнгӕ у уӕд та? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинаг]
a Ацы статьяйы дӕр ӕмӕ иннӕ статьяйы дӕр цы цауты кой цӕуы, уыдон чи зоны, ахӕм бӕстӕты ӕрцыдысты, цыран ӕгъдау хицӕн кӕны, адӕм дӕ бӕстӕйы цы ӕгъдауыл хӕст сты, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр хъуыды кӕн, дӕ уавӕрты дзы куыд ис спайдагӕнӕн, ууыл.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Дыккаг закъон 32:11, 12-ӕм стихты куыд фыст у, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Иегъовӕйау уарзондзинад ӕвдисын?
• Иегъовӕ израилӕгты куыд хъомыл кодта, уымӕй цӕуыл сахуыр стут?
• Иегъовӕ Лоты фӕндыл кӕй сразы, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
• Исайы 28:24—29-ӕм стихты цы фыст ис, уый нӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕныны хъуыддаджы цӕуыл ахуыр кӕны?
[Ныв 20, 21 фарсыл]
Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд ахуыр кӕны, уый Моисей абарста, цӕргӕс йӕ лӕппынты тӕхын куыд фӕахуыр кӕны, уыимӕ.
[Ныв 22 фарсыл]
Ныййарджыты хъӕуы сӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг арын.
[Нывтӕ 23 фарсыл]
«Ӕнӕхъӕн къуырийы дӕргъы-иу уыцы изӕрӕй амондджындӕр никуы уыдыстӕм».