Куыд ис баххуыс кӕнӕн «сӕфт» сывӕллонӕн?
«Цин кӕн... [уымӕн ӕмӕ уый] сӕфт уыд ӕмӕ фӕзынд» (ЛУКАЙЫ 15:32).
1, 2. а) Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕн чырыстон фӕндагмӕ цавӕр ахаст ис? ӕ) Ахӕм уавӕрты ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕхи куыд фӕхатынц?
«ӔМБЫРДМӔ мӕ къах дӕр нал авӕрдзынӕн!» Чырыстон ныййарӕг йӕ сывӕллоны Хуыцауы фӕндагыл сывӕрынӕн йӕ уд куы хъара ӕмӕ дзы стӕй ахӕм ныхӕстӕ куы фехъуса, уӕд ын уымӕй зындӕр цы хъуамӕ уа! Иннӕ ӕрыгӕттӕ та «ахауынц», ӕцӕгады фӕндаг кӕй уадзынц, уый тыххӕй зӕгъгӕ дӕр ницы фӕкӕнынц, афтӕмӕй (Дзуттытӕм 2:1). Уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ сты, Йесо цы сӕфт фырты хабар ракодта, уый хуызӕн; уый ацыд йӕ фыды хӕдзарӕй ӕмӕ кӕмдӕр дард бӕсты йе ’хца бахордта (Лукайы 15:11—16).
2 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ фылдӕрыл не ’рцыд ахӕм хабар, фӕлӕ кӕуыл ӕрцыд, уыдон та куыдфӕнды ма фидар кӕнай, уӕддӕр сын сӕ зӕрдӕйы хъӕдгом нӕй байгас кӕнӕн. Рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ хивӕнд сывӕллон йӕхӕдӕг дӕр кӕй фӕудхар кӕны. Чи зоны, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл худы ӕмӕ фӕсмонӕй йӕхи фӕхӕры. Йесо цы сӕфт фырты хабар ракодта, уый ӕппынфӕстаг «йӕхи ӕрӕмбӕрста», ӕмӕ уымӕй самондджын кодта йӕ фыды. Ныййарджытӕ ӕмӕ ӕмбырды уӕнгтӕн куыд у сӕ бон, раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, уымӕн «йӕхи ӕрӕмбарынӕн» баххуыс кӕнын? (Лукайы 15:17).
Цӕмӕн ныууадзынц иуӕй-иутӕ ӕцӕгады фӕндаг
3. Рӕзгӕ кары иуӕй-иутӕ чырыстон ӕмбырд цӕй тыххӕй ныууадзынц?
3 Фӕсивӕдӕй мингӕйттӕ амондджынӕй лӕггад кӕнынц Иегъовӕйӕн чырыстон ӕмбырды. Уӕдӕ йӕ уӕд иннӕтӕ цӕмӕн ныууадзынц? Чи зоны, сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма дунейы цыдӕр хорздзинад ис ӕмӕ дзы уыдон ӕнӕхай сты (2 Тимофеймӕ 4:10). Йе та нӕ Иегъовӕ фысты дзугау кӕй хъахъхъӕны, уый афтӕ нымайынц, ӕмӕ сын бынтондӕр фезмӕлыны бар нӕй. Сывӕллон рӕзгӕ кары, гӕнӕн ис, Иегъовӕйы адӕмимӕ мауал иу кӕна, йӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй нӕу, йӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр чызджытимӕ (йе та лӕппутимӕ) кӕй фӕдзуры, кӕнӕ та йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ йе ’мцахъхъӕнтӕ уарзой ӕмӕ нымайой. Хуыцауӕн ма, чи зоны, уый тыххӕй дӕр мауал лӕггад кӕна, афтӕ йӕм кӕй кӕсы, цыма йӕ ныййарджытӕ, стӕй чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй дӕр чидӕртӕ цӕстмӕ митӕ кӕнынц.
4. Ӕрыгӕттӕ ӕцӕгады фӕндагӕй сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ахауынц?
4 Сывӕллон куы сфыдзонд вӕййы ӕмӕ коммӕ куы нал фӕкӕсы, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ, чырыстон фӕндагмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй уазал кӕны, уый (Фӕсномыг ныхӕстӕ 15:13; Матфейы 12:34). Ӕрыгон адӕймаджы раст фӕндагӕй цыфӕнды ма фӕиппӕрд кӕна, уӕддӕр арӕхдӕр йӕ сӕйраг аххосаг вӕййы, уый ӕмӕ «ӕцӕгад цы у, уый бӕлвырдӕй нӕ базыдтой» (2 Тимофеймӕ 3:7, НД). Иегъовӕйӕн ӕнӕбары лӕггад кӕнын ницы пайда у; ӕрыгӕтты хъӕуы йӕ хӕлӕрттӕ цӕмӕй суой, ууыл архайын. Цы сын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы?
Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ
5. Цӕмӕй ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызг Хуыцауы хӕлар суа, уый тыххӕй йӕ тынг ӕхсызгонӕй цы хъӕуы?
5 «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ,— фыста ахуыргӕнинаг Иаков,— ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ» (Иаковы 4:8, НФ). Уый тыххӕй ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызгӕн баххуыс кӕнын хъӕуы Хуыцауы Ныхас бауарзынӕн (Псалом 33:9). Иууыл райдианы уал ын хъӕуы «ӕхсыр», ома Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ райсын. Хуыцауы Ныхас ын циндзинад хӕссын куы райдайа, ӕмӕ цадӕггай «хъӕбӕр хӕринагмӕ» куы рахиза, ома Библийӕ арф хъуыдытӕ куы иртаса, уӕд уый бӕрӕг фӕзындзӕн йӕ уырнындзинады рӕзтыл (Дзуттытӕм 5:11—14; Псалом 1:2). Иу ӕрыгон лӕппу, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй ӕгасӕй дӕр аныгъуылд дунейы, фӕлӕ стӕй аргъ кӕнын райдыдта ӕцӕгадӕн. Цы йын баххуыс кодта? Ахӕм уынаффӕ йын радтой, зӕгъгӕ, хорз уаид, Библи сӕрӕй кӕронмӕ куы бакӕсис. Ӕмӕ йӕ уый дӕр пъланмӕ гӕсгӕ райдыдта кӕсын алыбон дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаг Иегъовӕйы хӕлар суа, уымӕн ын тынг ахъаз уыдзӕн, йӕ Ныхас ын алыбон дӕр куы кӕса, уый.
6, 7. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас бауарзынӕн баххуыс кӕнын?
6 Куыд ахсджиаг у ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас бауарзынӕн ӕххуыс кӕнын! Иу бинонтӕ ӕрвылкъуыри дӕр иумӕ ахуыр кодтой Библи, фӕлӕ сӕ чызг уӕддӕр сиу ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хӕст чи уыд, уыцы сывӕллӕттимӕ. Библи-иу иумӕ куыд ахуыр кодтой, уый тыххӕй чызг дзуры: «Мӕ фыд-иу фарст куы радта, уӕд-иу ӕз комкоммӕ бакастӕн дзуапп, мӕ сӕрыл-иу хӕрдмӕ хӕцгӕ дӕр не скодтон, афтӕмӕй». Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ ӕрмӕгыл куыд аххӕссой, ууыл нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ архайдзысты, цӕмӕй цы ахуыр кӕнынц, уый сывӕллоны зӕрдӕмӕ бахъара (2 Тимофеймӕ 4:2). Цӕмӕй сывӕллонӕн ахуыр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбара, ӕрмӕг сӕрмагондӕй уымӕ куыд хауы, кӕм дзы у йӕ бон спайда кӕнын. Цӕуылнӕ йӕм ис ахӕм фарстытӕ радтӕн, цӕмӕй йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны ӕмӕ цы ӕнкъары, уый зӕгъа? Разӕнгард ӕй кӕнут, цӕмӕй цы ӕрмӕг ӕвзарут, уымӕй йӕ царды мидӕг пайда кӕнаa.
7 Архайут, цӕмӕй уӕ ахуыр цымыдисаг уа. Кӕм ӕмбӕлы, уым, хорз уаид, Библийы фыст хабӕрттӕ ӕмӕ цаутӕ сывӕллӕттӕ рольты куы ахъазиккой. Ӕххуыс сын кӕнут, уыцы цаутӕ кӕм ӕрцыдысты ӕмӕ дзы ӕрдз цыхуызӕн у, уый сфӕлгондзынӕн. Пайда кӕнут географийы картӕтӕ ӕмӕ таблицӕтӕй. Иу гыццыл ӕрхъуыдыдзинад, ӕмӕ ахуыр цӕудзӕн хъӕлдзӕгӕй, сывӕллӕттӕн хӕсдзӕн циндзинад. Ныййарджытӕ ма хъуамӕ ӕппынӕдзух хъуыды кӕной, Иегъовӕимӕ сӕхицӕн цавӕр ахастытӕ ис, ууыл дӕр. Иегъовӕ се ’ввахс хӕлар куы уа, уӕд уыцы хъуыддаджы сӕ сывӕллӕттӕн дӕр уыдзӕн сӕ бон баххуыс кӕнын (Дыккаг закъон 6:5—7).
8. Цӕмӕй нын Хуыцау ӕввахс хӕлар уа, уымӕн куывд куыд ӕххуыс кӕны?
8 Цӕмӕй адӕймагӕн Хуыцау ӕввахс хӕлар уа, уый тыххӕй йӕм ӕнӕмӕнг хъӕуы кувын. Иу ӕрыгон чызг нӕ зыдта, чырыстон фӕндаг равзара ӕви йе ’нӕуырнӕг ӕмбӕлтты (Иаковы 4:4). Ӕмӕ зоныс, цы сарӕзта? «Царды фыццаг хатт,— нӕ басусӕг кодта чызг,— зӕрдӕбынӕй скуывтон Иегъовӕмӕ, радзырдтон ын, цы мӕ тыхсын кодта, уый». Иуцасдӕры фӕстӕ ӕмбырды йӕхицӕн ссардта, алцыдӕр кӕмӕн радзырдтаид, ахӕм ӕмбал, ӕмӕ уӕд бамбӕрста, Иегъовӕ йын йӕ куывд кӕй фехъуыста, уый. Ӕмӕ йын иугӕр йе ’ххуыс йӕхиуыл банкъардта, уӕд тырнын райдыдта йемӕ сӕрмагонд ахастытӕ скӕнынмӕ. Ныййарджытӕ сӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕныныл куы архайой, уӕд уымӕй ӕххуыс кӕндзысты сӕ сывӕллӕттӕн. Фыд ӕмӕ мад Иегъовӕимӕ куыд зӕрдӕбынӕй фӕныхас кӕнынц, уый куы хъусой сывӕллӕтӕ, уӕд хатдзысты, сӕ ныййарджытӕн Иегъовӕ сӕ хӕлар кӕй у, уый.
Ут фӕразон, фӕлӕ фидар
9, 10. Иегъовӕ хивӕнд израилӕгтӕн афтӕ бирӕ кӕй фӕрӕзта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?
9 Рӕзгӕ кары сывӕллон ӕцӕгады фӕндагӕй иуварс кӕнын куы райдайы, уӕд йӕхи иннӕтӕй фӕхибар кӕны ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ Хуыцауы тыххӕй йемӕ ныхас кӕной, ууыл дӕр нал фӕразы кӕны. Ахӕм уавӕры ныййарджытӕн ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон цы у саразын? Ӕркӕсӕм, Иегъовӕйӕн рагон Израилы адӕммӕ цавӕр ахаст уыди, уымӕ. Уый 900 азы дӕргъы фӕрӕзта «схъӕлбӕрзӕй» израилӕгты ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ныууагъта сӕхи бар (Рацыд 34:9; 2 Паралипоменон 36:17—21; Ромӕгтӕм 10:21). Кӕд уыцы адӕм Иегъовӕйы «фӕлвӕрдтой», уӕддӕр сӕм уыд «фӕлмӕнзӕрдӕ». «Бирӕ хӕттыты-иу ныуурӕдта йӕ фыдӕх, ӕмӕ-иу нӕ сыхъал кодта иууыл йӕ мастдзинад» (МГТ) (Псалом 77:38—42). Хуыцау йӕ адӕмы зӕрдӕхудты никуы ницӕмӕй бацыди. Уарзӕгой ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕныныл куы фӕархайынц ӕмӕ сӕ уый куы нӕ фембары, уӕд уыдон дӕр Иегъовӕйау вӕййынц фӕразон.
10 Бирӕфӕразон уай, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг быхсай; уый нысан кӕны, адӕймаджы цыфӕндыйӕ дӕр ныфс кӕй ис, цы ахастытӕ фехӕлдысты, уыдон фӕстӕмӕ сӕ гаччы кӕй сбаддзысты. Бирӕфӕразондзинадыл нӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны. Уый израилӕгтӕм фыццаг йӕхӕдӕг бадардта йе ’ххуысы къух, йӕ минӕвӕртты сӕм «ногӕй ӕмӕ ногӕй» ӕрвыста. Ӕмӕ кӕд уыдон «ӕцӕг Хуыцауы фидиуджытӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой», уӕддӕр Иегъовӕ «йӕ адӕмӕн тӕригъӕд кодта» (2 Паралипоменон 36:15, 16). Иегъовӕ лӕгъстӕ кодта израилӕгтӕн: «Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ раздӕхут» (Иереми 25:4, 5). Фӕлӕ уыимӕ Иегъовӕ никуы ахызт, йӕхӕдӕг цы раст уагӕвӕрдтӕ сӕвӕрдта, уыдон сӕрты. Уый израилӕгты хъуыди раздӕхын Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕм.
11. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у, цӕмӕй сывӕллонмӕ бирӕфӕразон дӕр уой ӕмӕ фидар дӕр?
11 Ныййарджытӕ Иегъовайау бирӕфӕразон уӕд уыдзысты, ӕмӕ раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, уыцы сывӕллоныл сӕ къух куы нӕ ауигъой. Сӕ ныфс куы нӕ сафой, уӕд хӕларзӕрдӕйӕ архайдзысты сӕ сывӕллоны зӕрдӕмӕ ногӕй фӕндаг ссарыныл. Иегъовӕйау ныййарджытӕн дӕр сӕ бон у, Библийы раст уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын ӕмӕ афтӕмӕй «ногӕй ӕмӕ ногӕй» сидын сӕ сывӕллонмӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕцӕгады фӕндагмӕ раздӕха.
Рӕзгӕ кары чи ис, ахӕмы куы ацух кӕной ӕмбырдӕй
12. Рӕзгӕ кары сывӕллоны ӕмбырдӕй куы ацух кӕной ӕмӕ ныййарджытӕн семӕ куы цӕра, уӕд сыл цавӕр хӕс ис?
12 Нырма рӕзгӕ кары чи ис, ӕмӕ йӕ ныййарджытимӕ чи цӕры, ахӕм сывӕллон уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, ӕмӕ кӕй нӕ фӕсмон кӕны, уый тыххӕй йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Семӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн дарддӕр дӕр сӕ хӕс у, цӕмӕй йын Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ зонд амоной ӕмӕ йӕ раст кӕной. Куыд ис уый аразӕн? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 6:20—22; 29:17).
13. Ныййарджыты бон куыд у, раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, сӕ уыцы сывӕллоны зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕныныл архайын?
13 Кӕд гӕнӕн ис, уӕд иууыл хуыздӕр уыдзӕн, дарддӕр дӕр йемӕ Библи куы ахуыр кӕнат, ӕмӕ афтӕмӕй куы архайат йӕ раздахыныл. Сывӕллон хивӕнд кӕй зыны, уый тыххӕй йыл уӕ къух ма ауигъут, фӕлӕ архайут, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базоныныл. Куыд тынг ӕрлӕмӕгъ йӕ уырнындзинад, куыд тынг фӕцудыдтой йӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 20:5). Йӕ зӕрдӕ ма йын ӕрфӕлмӕнгӕнӕн ис? Фыстадӕй йыл тынгдӕр цавӕр стихтӕ бандавиккой? Апостол Павел нын фидарӕй загъта: «Хуыцауы дзырд цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын у, ӕмӕ алы дыкомон ӕхсаргардӕй цыргъдӕр у: уый бахъары радихмӕ зӕрдӕйы удӕй, буары уӕнгты магъзӕй, ӕмӕ тӕрхон кӕны зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн» (Дзуттытӕм 4:12, НФ). Уӕдӕ ныййарджыты бон ӕрмӕст уый нӕу аразын, ӕмӕ сӕ сывӕллонӕн ӕппынӕдзух дзурой, ӕвзӕр ми мауал бакӕн, зӕгъгӕ. Сӕ бон у, ӕмӕ йын бӕлвырд хъуыддӕгтӕй ӕххуыс кӕнын райдайой «йӕхи ӕрӕмбарынӕн».
14. Раст фӕндагӕй цы сывӕллон фӕиппӕрд, уый цӕмӕй Иегъовӕимӕ йӕ ахастытӕ ӕрнывыл кӕна, уый тыххӕй йӕ фыццаджыдӕр цы хъӕуы саразын ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы ныййарджытӕн сӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?
14 Раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, уыцы сывӕллонӕн сӕйрагдӕр у Иегъовӕимӕ йӕ ахастытӕ фӕстӕмӕ ӕрнывыл кӕнын. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй та фыццаджыдӕр хъӕуы «ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ раздӕхын» (Куыстытӕ 3:19; Исай 55:6, 7). Цӕмӕй йын уыцы хъуыддаджы йӕ ныййарджытӕ баххуыс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ «зындзинады сӕхиуыл хӕцын зоной» (НД) ӕмӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуа, уӕддӕр ын «фӕлмасӕй амоной» (2 Тимофеймӕ 2:24—26). Уыдон ын хъуамӕ «уайдзӕф кӕной», ацы дзырд Библийы куыд цӕуы пайдагонд, уымӕ гӕсгӕ. Рагон грекъаг мивдисӕг «уайдзӕф кӕнын» ма ратӕлмацгӕнӕн ис афтӕ дӕр, зӕгъгӕ, «ӕнӕсразы кӕуыл нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын» (Раргомад 3:19; Иоанны 16:8, НД). Уымӕ гӕсгӕ уайдзӕф кӕнын нысан кӕны, сывӕллон рӕдыд фӕндагыл кӕй цӕуы, уый йын бӕлвырдӕй фенын кӕнын. Алчидӕр ӕй зоны, уый ӕнцон нӕу. Гӕнӕн кӕм уа, уым ныййарджытӕн сӕ бон у, Библимӕ гӕсгӕ цы амӕлттӕ ис, уыдонӕй пайда кӕнын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕной. Сӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй хъуамӕ баххуыс кӕной сӕ сывӕллонӕн, цӕмӕй бамбара, куыд тынг ӕй хъӕуы «ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт уынын, хорздзинад та уарзын» (Амос 5:15). Ӕмӕ уӕд, чи зоны, йӕхи ӕрӕмбара, ӕмӕ «суӕгъд уа хӕйрӕджы хызӕй».
15. Галиу фӕндагыл чи ацыд, уымӕн Иегъовӕимӕ йӕ ахастытӕ ӕрнывыл кӕнынӕн куывд куыд баххуыс кӕндзӕн?
15 Адӕймаг Иегъовӕмӕ куы нӕ кува, уӕд йӕ ахастытӕ йемӕ ногӕй не сфидар уыдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй бон у, раздӕр чырыстон ӕмбырды чи уыди ӕмӕ ныр тӕригъӕд чи кӕны, ӕмӕ чи нӕ фӕсмон кӕны, «уый тыххӕй кувын» (1 Иоанны 5:16, 17; Иереми 7:16—20; Дзуттытӕм 10:26, 27). Фӕлӕ ныййарджытӕн сӕ бон у Иегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй ахӕм зын уавӕры сӕ бон раст архайын уа (Иаковы 1:5). Кӕд ӕмӕ ныййарджытӕ уынынц, сӕ сывӕллон кӕй фӕсмон кӕны, фӕлӕ йӕм «Хуыцаумӕ [скувынӕн] уӕндондзинад» нӕй, уӕд сӕ бон у кувын Иегъовӕмӕ, зӕгъгӕ, кӕд сӕ сывӕллонӕн ныххатыргӕнӕн ис, уӕд Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (1 Иоанны 3:21). Ахӕм куывдтытӕ хъусгӕйӕ, сывӕллон чи зоны бамбара, Иегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уыйb (Рацыд 34:6, 7; Иаковы 5:16).
16. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм ӕнахъомы бинонтӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?
16 Донаргъуыд чи райста, ахӕм ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызджы куы ацух кӕной ӕмбырдӕй, уӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн йемӕ иумӕйагӕй хъуамӕ мацыуал уа, кӕд ӕххӕст кары нӕ уыдис, уӕддӕр (1 Коринфӕгтӕм 5:11; 2 Иоанны 10, 11). Чи зоны йын уый баххуыс кӕна «йӕхи ӕрӕмбарынӕн», ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха, Хуыцау йӕ адӕмы иу дзуджы фыстау кӕм хъахъхъӕны, уыцы ӕмбырдмӕ (Лукайы 15:17). Куы нӕ ӕрбаздӕха, уӕддӕр ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ бон у, цӕмӕй йын йӕ бинонты фидар кӕной. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ архайӕм, цӕмӕй хатой, сӕ уавӕр сын кӕй ӕмбарӕм, ӕмӕ сӕм «тӕригъӕдгӕнаг» кӕй стӕм, уый (1 Петры 3:8, 9).
Иннӕты ӕххуыс
17. Ӕмбырды уӕнгты, чи ӕруазал, ахӕм сывӕллонӕн баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?
17 Ӕвзонг лӕппу кӕнӕ чызг чырыстон ӕмбырдӕй цухгонд куы нӕ ӕрцӕуа, фӕлӕ куы ӕруазал уа, уӕд та куыд? «Риссы иу уӕнг,— фыста апостол Павел,— риссынц уӕд [йемӕ] уӕнгтӕ иууылдӕр» (1 Коринфӕгтӕм 12:26, НФ). Ӕмбырды алкӕмӕндӕр йӕ бон у ахӕм ӕрыгонӕн баххуыс кӕнын. Ӕцӕг ацы хъуыддаджы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ чи ӕруазал, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕрырдӕм бандава иннӕ сывӕллӕттыл дӕр (Галатӕгтӕм 5:7—9). Иу ӕмбырды хистӕрты баххуыс кӕнын фӕндыд, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы ӕрыгӕттӕн, ӕмӕ-иу сӕ куыд хуыздӕрӕн иумӕ ӕрӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу иумӕ цагътаиккой, фӕсивӕд цы музыкӕ уарзы, уый. Тынг ӕхсызгонӕй сразы сты ӕрыгӕттӕ, сӕ зӕрдӕмӕ цыди ахӕм изӕртӕ, фӕлӕ сӕ кӕрӕдзийыл ӕвзӕрырдӕм афтӕ бандӕвтой, ӕмӕ ӕмбырд бынтондӕр ныууагътой (1 Коринфӕгтӕм 15:33; Иудӕйы 22, 23). Уӕдӕ чи ӕруазал, уымӕн хиирхӕфсӕн изӕртӕ нӕ баххуыс кӕндзысты; уый хъӕуы, йӕ зӕрдӕйы йын ӕцӕгадмӕ уарзондзинады зынг ногӕй чи ссудза, ахӕм адӕймӕгтимӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнынc.
18. Куыд у нӕ бон Йесойы радзырдӕй сӕфт фырты фыды фӕзмын?
18 Уӕдӕ ахъуыды кӕнӕм, ӕмбырд чи ныууагъта, ахӕм ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызг Паддзахады залмӕ кӕнӕ конгрессмӕ куы ӕрбацӕуы, уӕд йӕхи куыд фӕхаты, ууыл. Цымӕ йыл мах дӕр, Йесойы радзырдӕй сӕфт фырты фыдау зӕрдӕхӕларӕй хъуамӕ ма сӕмбӕлӕм? (Лукайы 15:18—20, 25—32). Иу ахӕм лӕппу ӕрбацыд облӕстон конгресмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ афтӕ загъта: «Афтӕ мӕм каст, мӕ хуызӕн адӕймагӕн йӕ къух райсыны аккаг дӕр нӕу, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ мӕм хотӕ та сӕхӕдӕг цыдысты ӕмӕ мын зӕрдиаг салам лӕвӕрдтой. Тынг мыл бандӕвта уый!» Уый фӕстӕ уыцы лӕппу ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ фӕстӕдӕр райста донаргъуыд.
Фидар фӕлӕуут
19, 20. Раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, уыцы сывӕллоныл къух ауигъын цӕуылнӕ хъӕуы?
19 Куыд ныййарджытӕн, афтӕ ӕмбырды уӕнгтӕн дӕр ӕнцон нӕу, раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, ахӕм сывӕллонӕн «йӕхи ӕрӕмбарынӕн» баххуыс кӕнын. Уый тыххӕй стыр фӕразондзинад хъӕуы. Фӕлӕ фидар фӕлӕуут. «Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды, иуӕй-иутӕ куыд нымайынц уый фӕстиатыл; фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы дзуры, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной се ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕмӕ ма фесӕфой. Адӕмимӕ бафидауынӕн фыццаг къахдзӕф сарӕзта йӕхӕдӕг (2 Коринфӕгтӕм 5:18, 19). Ӕмӕ йе стыр фӕразондзинады фӕрцы абоны онг милуантӕн ис сӕхи ӕрӕмбарыны фадат (Исай 2:2, 3).
20 Иугӕр афтӕ у, уӕд ныййарджытӕ дӕр, Библимӕ гӕсгӕ цыдӕриддӕр мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй хъуамӕ ма пайда кӕной, цӕмӕй сӕ сывӕллонӕн йӕхи ӕрӕмбарынӕн баххуыс кӕной? Иегъовӕйау сымах дӕр ут бирӕфӕразон, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххуыс кӕнут уӕ сывӕллонӕн фӕстӕмӕ Иегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Фидар хӕцут Библийы уагӕвӕрдтыл, ӕмӕ кувут Иегъовӕмӕ, цӕмӕй уыйау сымахӕн дӕр уӕ бон уа уарзондзинад ӕвдисын, зондджынӕй ӕмӕ рӕстӕй архайын. Бынтон фыдзонд чи уыд, уыцы сывӕллӕттӕй дӕр бирӕты зӕрдӕмӕ бахъардта Иегъовӕйы зӕрдӕбын ӕрхуынд ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Чи зоны дӕ лӕппу кӕнӕ дӕ чызг ӕрбаздӕха, Хуыцау йӕ адӕмы дзугау кӕм хъахъхъӕны, уыцы ӕмбырдмӕ (Лукайы 15:6, 7).
[Фиппаинӕгтӕ]
a Сывӕллӕтты куыд ис ахуыр кӕнӕн, уый тыххӕй фылдӕр дзырд цӕуы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», 1999 аз, 1 июль, 23—27-ӕм фӕрстӕ.
b Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм сывӕллоны тыххӕй ӕмбырды фембӕлдты нӕй кувӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырды алчи нӕ зоны, уыцы адӕймаг ныртӕккӕ цы уавӕры ис, уый. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1979 аз, 15 октябрь, 31 фарс, англисаг.)
c Ацы фарстайы тыххӕй бӕлвырд уынаффӕтӕ ис «Райхъал ут!»-ы, 1972 аз, 22 июнь, 13—16 фӕрстӕ (анг.); 1996 аз, 22 сентябрь, 21—23 фӕрстӕ (уыр.).
Хъуыды кӕныс?
• Рӕзгӕ кары лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕмбырд сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ныууадзынц?
• Сывӕллӕттӕн куыд ис Иегъовӕимӕ сӕрмагонд ахастытӕ скӕнынӕн баххуыс кӕнӕн?
• Раст фӕндагӕй чи фӕиппӕрд, ахӕм сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, ныййарджыты цӕмӕн хъӕуы стыр фӕразондзинад ӕмӕ уыимӕ фидар лӕууын дӕр?
• Ӕмбырды уӕнгтӕн сӕ бон куыд у, раст фӕндагӕй цы ӕрыгон фӕиппӕрд, уымӕн фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕнын?
[Ныв 25 фарсыл]
Ныййарджыты зӕрдӕбын куывдтытӕм хъусгӕйӕ, сывӕллӕттӕ хатдзысты, Иегъовӕ сӕ ныййарджытӕн се ’ввахс хӕлар кӕй у, уый.
[Ныв 25 фарсыл]
Цӕмӕй Иегъовӕйы хӕлар суай, уый тыххӕй йын ӕнӕмӕнг хъӕуы йӕ Ныхас кӕсын.
[Ныв 26 фарсыл]
«Сӕфт» ӕрыгон «йӕхи куы ӕрӕмбара», уӕд ыл зӕрдӕхӕларӕй сӕмбӕлут.
[Ныв 28 фарсыл]
Уе ’мбаргӕ ахастӕй ӕххуыс кӕнут уӕ сывӕллонӕн Иегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн.