Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w03 1/7 8 ф.
  • Ӕппӕты стырдӕр уарзт

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕппӕты стырдӕр уарзт
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Ӕппӕтӕй фылдӕр уӕм уӕд зӕрдиаг уарзондзинад»
    Ма бафынӕй ут!
  • Фыццаг нӕ «Хуыцау бауарзта»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Фидар бинонтӕ – дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕрцы
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
w03 1/7 8 ф.

Ӕппӕты стырдӕр уарзт

ЧРЫСТОН Грекъаг Фыстыты, кӕнӕ Ног Фӕдзӕхсты грекъаг дзырд ага́пи фылдӕр хатт тӕлмац у дзырд «уарзондзинадӕй».

Ацы дзырды нысаниуӕг чиныг «Фыстады ӕмбарынад»a (англ.) амоны афтӕ: «[Ага́пи] нӕу, адӕймаджы зӕрдӕйы ӕндӕр адӕймагмӕ йӕхигъӕдӕй цы ӕнкъарӕн фӕзыны, уый, кӕд ӕй бирӕтӕ афтӕ ӕмбарынц, уӕддӕр. Уый ахӕм уарзондзинад у, ӕмӕ йыл хъӕуы кусын, адӕймаг ӕй йӕхицӕн нымайы хӕсыл, баст у зондыл, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауыл; раст цы у, уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ архайы иннӕтӕн хорз ракӕныныл. Ага́пи (уарзондзинад) тыхджындӕр у, адӕймагӕн искӕмӕ цы хӕрамдзинад вӕййы, уымӕй, ӕмӕ йӕ нӕ уадзы рӕстдзинады сӕрты хизын ӕмӕ йӕ масты фӕдыл цӕуын».

Ага́пи ма ноджыдӕр амоны зӕрдӕйы арфӕй цӕуӕг ӕнкъарӕнмӕ. «Уӕ кӕрӕдзи зӕрдиагӕй уарзут [ага́пи]»,— загъта апостол Петр (1 Петры 4:8, НФ). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ага́пи ӕрмӕст зондӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ ма зӕрдӕйӕ дӕр. Хорз уаид равзарын, ӕппӕты стырдӕр уарзтӕн цы тых ис ӕмӕ кӕйонг ӕххӕссы, уый ӕвдисӕг цалдӕр стихы. Зӕгъӕм, Библийӕ мӕнӕ ацы бынӕттӕ: Матфейы 5:43—47; Иоанны 15:12, 13; Ромӕгтӕм 13:8—10; Ефесӕгтӕм 5:2, 25, 28; 1 Иоанны 3:15—18; 4:16—21.

[Фиппаинаг]

a Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын