Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w04 1/6 23–28 фф.
  • Арфӕгонд сты, Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Арфӕгонд сты, Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зын уавӕр раджы заманты
  • Зындзинӕдтӕ абон
  • Фӕстӕмӕ алӕууӕм ӕви ныхкъуырд дӕттӕм?
  • Хъусынгӕнгӕйӕ Хуыцауы стауӕм
  • «Гом у... дуар»
  • Хуыцауы кад тӕмӕн кӕндзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
w04 1/6 23–28 фф.

Арфӕгонд сты, Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон

«Ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, Хицау, ӕмӕ скадджын кӕндзысты Дӕ ном» (ПСАЛОМ 85:9).

1. Ӕдзард ӕрдзӕй хъауджыдӕр махӕн нӕ бон куыд у Хуыцауы кадджын кӕнын?

ИЕГЪОВӔМӔ ӕмбӕлы кад, цы сфӕлдыста, уыдонӕй иууылдӕр. Йе сконд ӕдзард дуне йӕ кӕд ӕдзӕмӕй кадджын кӕны, уӕд мах та адӕм стӕм — нӕ бон у хъуыды кӕнын, ӕмбарын, истӕмӕн аргъ кӕнын ӕмӕ истӕуыл ӕууӕндын. Уӕдӕ псаломзарӕггӕнӕг цы дзуры, уый махмӕ хауы: «Схъӕр кӕнут Хуыцаумӕ, ӕппӕт зӕхх. Зарут кад Йӕ номӕн; раттут кад, ӕппӕлындзинад Уымӕн» (Псалом 65:1, 2).

2. Чи ӕххӕст кӕны ацы ныхӕстӕ, кадджын кӕнут Хуыцауы ном, зӕгъгӕ, ӕмӕ цӕмӕн?

2 Зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ фылдӕр Хуыцауыл кӕнӕ ӕппындӕр не ’ууӕндынц кӕнӕ йӕ нӕ кадджын кӕнынц. Фӕлӕ 235 бӕстӕйы ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕны, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты уынынц йӕ «ӕнӕуынгӕ» миниуджытӕ ӕмӕ «хъусынц», ӕрдз Сфӕлдисӕджы ӕдзӕмӕй куыд кадджын кӕны, уый (Ромӕгтӕм 1:20; Псалом 18:3, 4). Афтӕ ма Библи ахуыргӕнгӕйӕ дӕр базыдтой Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ бауарзтой. Уый тыххӕй фыст уыд Псаломы 85:9, 10: «Ӕппӕт адӕмтӕ, Ды кӕй скодтай, ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, Хицау, ӕмӕ скадджын кӕндзысты Дӕ ном. Уымӕн ӕмӕ Ды стыр ӕмӕ кӕныс диссӕгтӕ,— Ды, Хуыцау, иунӕг Ды».

3. Хуыцауы «тынг бирӕ адӕм» ӕхсӕвӕй-бонӕй куыд кадджын кӕнынц?

3 Раргомады 7:9, 15 дӕр дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «тынг бирӕ адӕм» Хуыцауӕн «кад дӕттынц... ӕхсӕвӕй-бонӕй Йӕ кувӕндоны». Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ не сты, ӕмӕ Хуыцау йӕ кувӕг адӕмӕй домы, цӕмӕй йын ӕхсӕвӕй-бонӕй кувой. Уыдон сты ӕппӕтдунеон организаци, ӕмӕ зӕххы къорийӕн иу фарсырдыгӕй куы ӕрталынг вӕййы, уӕд иннӕ фарсыл та бон свӕййы, ӕмӕ уӕд та уым бавналынц хъусын кӕнынмӕ. Гъе уымӕн ис зӕгъӕн: Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кад дӕттынц. Тагъд «ӕппӕт улӕфӕг» дӕр Иегъовӕйы стаудзӕн (Псалом 150:6). Фӕлӕ уал ныр махӕй алкӕйы бон дӕр куыд у Хуыцауы кадджын кӕнын? Уый алыхатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Ӕмӕ Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты? Ацы фарстытӕн дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм Библимӕ, бӕлвырдӕй та Гады мыггаджы хабармӕ.

Зын уавӕр раджы заманты

4. Гады мыггаг ӕдас цӕуылнӕ уыдысты?

4 Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахизыны размӕ Гады мыггаг бар ракуырдта Иорданы скӕсӕнварс уӕрӕх фосхизӕнтӕ ӕрӕнцайынӕн (Нымӕцтӕ 32:1—5). Фӕлӕ уыцы ран бынтон ӕдас нӕ уыдысты. Иорданы ныгуылӕнварс цы мыггӕгтӕ цард, уыдоны ничи хъыгдӕрдта, уымӕн ӕмӕ уырдӕм Иорданы тӕрфӕй знаджы ӕфсадӕн йӕ бон бахизын нӕ уыд (Йесо Навин 3:13—17). Иорданы скӕсӕнварс зӕххыты хабар ӕндӕр уыд. Джордж А. Смит йӕ чиныджы куыд фыссы, афтӕмӕй «Аравийы ӕнӕкӕрон уӕлвӕзты [уыцы зӕххыты] лӕбурджытӕй ницы хъахъхъӕдта. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕфсис цӕугӕцардгӕнджытӕ уырдӕм иудадзыгдӕр алырдыгӕй лӕбурдтой. Иуӕй-иутӕ та-иу дзы алы аз дӕр сӕ фос уырдӕм тыхтард ӕрбакодтой» («The Historical Geography of the Holy Land»).

5. Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гады байзӕддӕгтӕ-иу лӕбурджытӕн цы хъуамӕ бакодтаиккой?

5 Фӕлӕ Гады мыггаг ахӕм тӕссаг уавӕрты куыд цард? Цалдӕр ӕнусы раздӕр сӕ рагфыдӕл Иаков йӕ мӕлӕты размӕ загъта ахӕм пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Гадмӕ бырсдзысты лӕбурджыты ӕрдонгтӕ, фӕлӕ сын-иу ныхкъуырд ратдзӕн ӕмӕ-иу сӕ йӕ разӕй ахӕсдзӕн» (Уӕвынад 49:19). Адӕймаг ацы ныхӕстӕ куы фехъуса, уӕд, чи зоны, зӕгъа: уыцы мыггагыл мӕгуыры бон уыд. Фӕлӕ уый ӕцӕгӕй афтӕ нӕ уыд. Уыцы ныхӕстӕ Гады байзӕддӕгтӕн уыдысты бардзырды хуызӕн — лӕбурджытӕн ныхкъуырд дӕттут. Иаков сын загъта, зӕгъгӕ, лӕбурджытӕн ныхкъуырд куы дӕттат, уӕд-иу лидзынмӕ фӕуыдзысты, сымах та-иу сӕ уӕ разӕй ахӕсдзыстут.

Зындзинӕдтӕ абон

6, 7. Гады мыггаг цы уавӕры цард, уый абон чырыстӕтты уавӕримӕ абарӕн цӕмӕн ис?

6 Гады мыггаг лӕбурджытӕй куыд ницы хъахъхъӕдта, афтӕ абон чырыстӕтты дӕр Сайтаны дунейы царды уӕз ӕмӕ зынтӕй ницавӕр уӕлӕрдзон тыхтӕ хъахъхъӕнынц ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы хъазуатонӕй тох кӕнын (Иов 1:10—12). Бирӕтӕн нӕ ӕнцон нӕу цардамӕлттӕ кӕнын, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын, кӕмӕндӕр та скъолайы ахуыр кӕнын. Уӕдӕ хатт нӕхицӕй дӕр кӕй стыхсӕм, уый дӕр куыннӕ хъуамӕ зӕгъӕм. Чидӕр «йӕ буары... сындзӕн», ома цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕнӕ низӕн, быхсы (2 Коринфӕгтӕм 12:7—10, НФ). Чи та йӕ къухтӕ ӕруагъта, йӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕй кӕсы, уый тыххӕй. Зӕрондӕн «уынгӕджы бонтӕ» кӕй райдайынц, уымӕ гӕсгӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕн сӕ бон нал вӕййы раздӕрау сӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Екклесиаст 12:1).

7 Уымӕй уӕлдай ма, апостол Павел куыд фыссы, афтӕмӕй тох кӕнӕм «ацы талынг дунейы хицауиуӕггӕнджыты ныхмӕ, арвы бын фыддзинады удты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Ацы дунейы зондахастӕй,— Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты дӕлбар цы хивӕнд ӕмӕ хӕлд дуне ис, уыцы дунейы зондахастӕй нӕ ницы хъахъхъӕны (1 Коринфӕгтӕм 2:12; Ефесӕгтӕм 2:2, 3). Ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауӕн кувӕг Лотау, фӕлмӕцгӕ дӕр скодтам, цы адӕмы ’хсӕн цӕрӕм, уыдоны ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ ныхӕстӕй (2 Петры 2:7). Уӕвгӕ нӕ Сайтанӕн йӕхицӕй дӕр ницы хъахъхъӕны. Уый ӕнауӕрдонӕй тох кӕны, «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ хъахъхъӕнджытимӕ, ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕвдисӕнад кӕмӕ ис, уыдонимӕ»,— сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонимӕ (Раргомад 12:17). Ӕнцад нӕ уадзы Йесойы «ӕндӕр фысты» дӕр, фыдбылыз сын кӕны: сӕ хъуыддаг сын ӕхгӕны, цӕлхдуртӕ сын ӕвӕры ӕмӕ сыл иннӕ адӕмы ардауы (Иоанны 10:16).

Фӕстӕмӕ алӕууӕм ӕви ныхкъуырд дӕттӕм?

8. Сайтаны ныхмӕ куыд хъуамӕ фӕлӕууӕм ӕмӕ цӕмӕн?

8 Сайтаны ныхмӕ куыд у нӕ бон фӕлӕууын? Гады мыггаг куыд фидар уыдысты, махӕн дӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ афтӕ фидар уа ӕмӕ Сайтанӕн ныхкъуырд дӕттӕм, Хуыцау нын куыд дзуры, афтӕ. Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ царды уӕзӕй сӕ къухтӕ ӕруагътой ӕмӕ сӕ чырыстон хӕстӕм сӕ хъус нал дарынц (Матфейы 13:20—22). Иу Ӕвдисӕн дзуры, йе ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фембӕлдтӕ арӕх цӕмӕн цух кӕнынц: «Ӕфсымӕртӕ бафӕлмӕцыдысты, цардӕй стыхстысты». Ӕцӕгдӕр, абон адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕллайынц. Ӕмӕ гӕнӕн ис, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй дӕр исчи афтӕ зӕгъа, зӕгъгӕ дзы адӕймаг фӕллайы кӕнӕ уӕззау хӕс у. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

9. Чырыстийы ӕфсондз чи хӕссы, уымӕн йе уонг цӕмӕй рог кӕны?

9 Ӕркӕсӕм ма, Йесо, иу заман йӕ алыварс цы цардвӕллад ӕмӕ ӕфхӕрд адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн цы загъта: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн». Цымӕ йӕ ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ уыдысты, ӕмӕ Хуыцауӕн раздӕрау куы нал лӕггад кодтаиккой, уӕд ӕрӕнцадаиккой, фенцондӕр сын уыдаид? Афтӕ куы уыдаид, уӕд сын цымӕ афтӕ загътаид: «Райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн»? Ӕфсондз вӕййы хъӕдын кӕнӕ ӕфсӕн. Уый руаджы адӕймаг, йе та хайуан фӕхӕссы кӕнӕ уӕззӕуттӕ фӕласы. Ӕмӕ ахӕм ӕфсондз йе ’ккой сӕвӕрын кӕй бафӕнддзӕн? Ӕнӕуи дӕр «уӕззау уаргъхӕсджытӕ» не стӕм? Раст у, фӕлӕ ма Йесойы ныхӕстӕ грекъаг ӕвзагӕй раивӕн ис афтӕ дӕр: «Ме ’фсондзы бын ӕрбалӕуут». Ахъуыды ма кӕн: Йесо нын дзуры, зӕгъгӕ уын ӕххуыс кӕндзынӕн уӕ уаргъ хӕссынӕн! Иунӕгӕй нын ӕй нӕ хӕссын кӕны (Матфейы 9:36; 11:28, 29; 2 Коринфӕгтӕм 4:7).

10. Хуыцауы кадджын кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайӕм, уый нын цы дӕтты?

10 Уӕдӕ Йесо махӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цы ӕфсондзы кой кӕны, уый не ’ккой сӕвӕргӕйӕ Сайтанӕн ныхкъуырд дӕттӕм. «Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн»,— ныфс нын дӕтты Иаковы 4:7. Афтӕ ничи дзуры, ӕмӕ уый ӕнцон у. Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕппӕт хъарутӕй хъӕуы архайын (Лукайы 13:24). Фӕлӕ нын Библи Псаломы 125:5 зӕрдӕ ӕвӕры: «Цӕссыгтимӕ тауджытӕ кӕрддзысты цингӕнгӕйӕ». О, нӕ Хуыцау ӕбузн Хуыцау нӕу. Чи «Йӕ... агуры, ахӕмтӕн аргъ скӕнынхъом у» ӕмӕ йӕ чи кадджын кӕны, уыдоны хорзӕхджын кӕны (Дзуттытӕм 11:6, НФ).

Хъусынгӕнгӕйӕ Хуыцауы стауӕм

11. Сайтаны ныхмӕ лӕууынӕн нын хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ӕххуыс кӕны?

11 Йесо загъта: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты». Хуыцауӕн «дзыхы дыргъ» хӕссын фыццаджы-фыццагдӕр нӕ бон у хъусынгӕнгӕйӕ (Матфейы 28:19; Дзуттытӕм 13:15). «Ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕм» чи хауы, уыцы ӕнӕмӕнгхъӕугӕ «къахы дарӕс», ома «фарн хъусын кӕныны цӕттӕдзинад», нӕ къӕхтыл куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн Сайтаны ныхмӕ лӕууын (Ефесӕгтӕм 6:11—15). Уацамынды Хуыцауы кӕй стауӕм, уымӕй тынг бафидар вӕййы нӕ уырнындзинад (2 Коринфӕгтӕм 4:13). Уыцы рӕстӕг нӕ сӕрмӕ алыхуызон тар хъуыдытӕ нӕ фӕхизы (Филиппӕгтӕм 4:8). Стӕй ма не ’муырнджытимӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уымӕй дӕр кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.

12, 13. Бинонтӕ иудадзыг уацамынды куы цӕуой, уӕд сын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Хъусын кӕныны хъуыддаг ма хорзырдӕм фӕзыны бинонтыл дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕтты фӕхъӕуы баулӕфын дӕр, хи аирхӕфсын дӕр. Уацамынд сын бегарайы хуызӕн хъуамӕ ма уа. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъусын кӕнын куы ахуыр кӕной, уӕд уацамынды зӕрдӕрайгӕйӕ цӕудзысты. Сывӕллонӕн хорз цы фӕуайы, уымӕ йӕ зӕрдӕ нӕ фӕрайы? Сывӕллӕттӕн сӕ бон цас у, ныййарджытӕ уый куы зоной ӕмӕ сӕ уымӕй фылдӕр куы нӕ домой, уӕд уыдонӕн уацамынд уыдзӕн цины хос (Уӕвынад 33:13, 14).

13 Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы иумӕ кадджын кӕнгӕйӕ, бинонтӕ кӕнынц ӕнгомдӕр. Мӕнӕ иу хойы хабар. Йе ’нӕуырнӕг лӕг ӕй фондз сывӕллонимӕ куы ныууагъта, уӕд ӕй бахъуыд куыст агурын, цӕмӕй йӕ сывӕллӕтты фӕдардтаид. Цымӕ йӕ уый мӕтӕй йӕ сывӕллӕтты уырнындзинадмӕ нал ӕвдӕлд? Уый зӕгъы: «Лӕмбынӕг ахуыр кодтон Библи ӕмӕ йе ’мбарынгӕнӕн литературӕ. Цы-иу бакастӕн, уый-иу аразгӕ дӕр кодтон. Стӕй мӕ сывӕллӕтты алы хатт дӕр кодтон фембӕлдтӕм ӕмӕ уацамынды. Ӕмӕ мӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы нӕ фесты: сӕ фондз дӕр аргъуыд райстой». Ды дӕр дӕ сывӕллӕттимӕ ӕдзух уацамынды куы цӕуай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн «ахуыр кӕнын уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4).

14. а) Сывӕллӕттӕн скъолайы сӕ бон куыд у Хуыцауы кадджын кӕнын? ӕ) Цӕмӕй ӕрыгӕттӕ ма ӕфсӕрмы кӕной «хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕй», уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы?

14 Сывӕллӕттӕ, кӕд уын уӕ бӕстӕйы закъонмӕ гӕсгӕ уый бар ис, уӕд скъолайы иннӕтӕн ӕцӕгады тыххӕй фӕдзурут — Хуыцауы кадджын кӕнут? Ӕви адӕмӕй тӕрсут ӕмӕ никуы ницы фӕзӕгъут? (Ӕмбисӕндтӕ 29:25). Пуэрто-Рикойы цӕрӕг 13-аздзыд хо фыссы: «Ӕз скъолайы хъусын кӕнын не ’фсӕрмы кӕнын, уымӕн ӕмӕ зонын, цы дзурын уый ӕцӕгад у. Урокты алы хатт дӕр мӕ къухыл схӕцын ӕмӕ радзурын, Библийӕ цы базыдтон, уый. Сӕрибар рӕстӕг мын куы фӕвӕййы, уӕд та ацӕуын чиныгдонмӕ ӕмӕ фӕкӕсын чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ»a. Цымӕ йын Иегъовӕ куыд раарфӕ кодта? Хо дарддӕр фыссы: «Хатт мӕ ме ’мкъласонтӕ цӕмӕйдӕрты бафӕрсынц, ӕмӕ мӕ уыцы чиныг дӕр ракурынц». Кӕд скъолайы хъусын кӕнын ӕфсӕрмы кӕныс, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕуы Библи ноджы лӕмбынӕгдӕр ахуыр кӕнын, цӕмӕй хуыздӕр бамбарай, «Хуыцауы фӕндон кӕй у хорз, зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Фидарӕй куы зонай, Библийӕ цы базыдтай, уый раст кӕй у, уӕд «ӕфсӕрмы нӕ кӕндзынӕ... хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕй» (Ромӕгтӕм 1:16).

«Гом у... дуар»

15, 16. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ цавӕр «стыр ӕмӕ уӕрӕх дуарыл» бахызтысты ӕмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты?

15 Апостол Павел фыста, зӕгъгӕ мын байгом ис «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар» фылдӕр куыстмӕ (1 Коринфӕгтӕм 16:9). Мыййаг дӕ дӕ уавӕртӕ амонынц уыцы «дуарыл» бахизын? Зӕгъӕм, пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон мӕйы мидӕг хъусын кӕнынц 70 сахаты, ӕххуысгӕнӕг пионертӕ та — 50 сахаты. Пионертӕн сӕ фыдӕбоны тыххӕй ӕмбырдты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр аргъ кӕнынц. Фӕлӕ иннӕтӕй фылдӕр кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй сӕхи се ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц. Уыдон кӕддӕриддӕр сӕ зӕрдыл дарынц Йесойы ныхӕстӕ: «Мах ницӕйаг цагъартӕ [стӕм]; уымӕн ӕмӕ махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый бакодтам» (Лукайы 17:10).

16 Пионерӕн йӕ алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ уа уагыл, йӕ рӕстӕг хорз пълан кӕна ӕмӕ йӕхиуыл иннӕты тыххӕй ма ауӕрда. Ӕмӕ кӕд уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр цы хорздзинӕдтӕй хайджын вӕййынц, уыдон уый аргъ сты. «Хуыцауы Ныхас раст амонынмӕ арӕхсын — уый арфӕйаг хъуыддаг у,— зӕгъы ӕрыгон пионер Тамикӕ.— Пионертӕн Библи иудадзыгдӕр сӕ къухы вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ныр мӕ бон у, алы адӕймагӕн дӕр, йӕ зӕрдӕ йын чи бацагайа, ахӕм стих бакӕсын» (2 Тимофеймӕ 2:15). Мӕнӕ хо-пионер Микӕ та дзуры: «Дӕхи цӕстӕй куы фӕуыныс, ӕцӕгад адӕймаджы цард куыд ивы, уӕд уый та ӕндӕр арфӕйаг хъуыддаг у». Иу ӕрыгон лӕппу Мэтью дӕр зӕгъы: «Исчи ӕцӕгады фӕндагыл куы ӕрлӕууы, уӕд мӕ зӕрдӕйӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы».

17. Пионерӕй лӕггад кӕнын зын кӕмӕ каст, уый йӕ хъуыды куыд аивта?

17 Пионерӕй лӕггад кӕныныл хъуыды кодтай? Ӕвӕццӕгӕн, о. Фӕлӕ, чи зоны тӕрсыс, куы нӕ сарӕхсон, зӕгъгӕ. «Раздӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын зын у,— зӕгъы ӕрыгон хо Кениатэ.— Мӕхицӕн дзырдтон: нӕ, мӕ бон нӕ бауыдзӕн. Адӕймагимӕ ныхас кӕнын куыд райдыдтаин ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ Фыстадыл куыд сбастаин, уый нӕ зыдтон». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иу фӕлтӕрд пионер-хойӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй Кениатэмӕ фӕкастаид. «Цы хорз уыд йемӕ хъусын кӕнын!— дзуры Кениатэ.— Мӕхи дӕр бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын». Дӕумӕ дӕр исчи куы фӕкӕса ӕмӕ дӕ куы сахуыр кӕна, уӕд, чи зоны, дӕумӕ дӕр ахӕм фӕнд фӕзына.

18. Миссионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын вӕййынц?

18 Пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ авналӕнтӕ уӕрӕхдӕр сты. Дзырдӕн, ӕмкъайады чи ис, уыдонӕн сӕ бон у миссионерты скъолайы сахуыр кӕнын ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕм хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Уым сӕ бахъӕуы ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын, ӕндӕр уавӕртӕ, ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕринагыл сфӕлтӕрын. Ӕмӕ кӕд ӕндӕр бӕстӕйы ӕнцон нӕу, уӕддӕр уыйбӕрц хорздзинӕдтӕй вӕййынц хайджын, ӕмӕ сӕ зынтӕ хъуыды дӕр нал фӕкӕнынц. Мехикойы миссионерӕй рагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Милдред, зӕгъгӕ, дзуры: «Миссионер кӕй сдӕн, ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уымӕ бӕллыдтӕн». Цымӕ йӕм хорзӕй цы ӕнхъӕлмӕ каст? «Нӕхимӕ мын зын уыди, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаг ссарын. Ам та бирӕ хатт, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнын, уыдонӕй уыцы иу рӕстӕг цыппар адӕймаджы дӕр свӕййынц ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ!»

19, 20. Вефилты ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон аразджыты къордты чи кусы ӕмӕ Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола чи фӕци, уыдон цавӕр хорздзинӕдтӕй сты хайджын?

19 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалты, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй вӕййынц хайджын. Германы иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Свен, зӕгъгӕ, Вефилы цы куыст кӕны, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ куыстӕн стыр ахадындзинад кӕй ис, уый хорз ӕмбарын. Дунейы мӕ бон уыд мӕ дӕсныйадыл куыст ссарын. Фӕлӕ уый уыдаид, растдӕр цыма мӕнӕ-мӕнӕ чи ныгаффутт уыдзӕн, ахӕм банчы ме ’хца ӕвӕрын, уыйау». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ӕнӕ мыздӕй кусын удуӕлдай хъуыддаг у. Фӕлӕ Свен афтӕ зӕгъы: «Куыст фӕвӕййыс, ӕмӕ йӕ зоныс, боны дӕргъы цыдӕриддӕр арӕзтай — арӕзтай Иегъовӕйӕн. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа!».

20 Ӕхсӕнадӕмон аразджыты къордты цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кусынц, уыдон дӕр, ӕндӕр бӕстӕты Вефилтӕ аразгӕйӕ, бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын сты. Уыцы куыст кӕнгӕйӕ аст бӕстӕйыл чи ӕрзылд, ахӕм ус ӕмӕ лӕг фыссынц: «Ам ахӕм дзӕбӕх ӕфсымӕртӕ ис, ӕмӕ диссаг. Иннӕ авд раны куыд уыд, афтӕ та ардыгӕй ацӕуын дӕр зӕрдӕйӕн зын уыдзӕн. Фӕлӕ цас цыдӕртӕ федтам ӕмӕ базыдтам, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!» Ис ма Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола дӕр. Уым фӕахуыр кӕнынц ӕнӕус кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Ацы скъола чи фӕци, иу ахӕм ӕфсымӕр фыссы: «Ахӕм диссаджы скъолайы тыххӕй уын куыд раарфӕ кӕнон, уый нӕ зонын. Зӕххыл ма искӕцы организаци ахуырадмӕ йе ’ргом афтӕ тынг здахы?!»

21. Чырыстӕттыл се ’ппӕтыл дӕр цавӕр хӕс ис?

21 Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ фадӕттӕ уӕрӕх сты. Ӕцӕг, алкӕй бон нӕу Вефилы кусын кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Йесо дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ хӕсдзысты «дыргъ» — чи къаддӕр, чи та фылдӕр (Матфейы 13:23). Уӕдӕ нӕ хӕс у, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын — нӕ уавӕртӕ нӕ цас амонынц, Иегъовӕйӕн уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Кӕд афтӕ кӕнӕм, уӕд Иегъовӕйӕн кад хӕссӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Мӕнӕ Этелы хабар. Этел у ацӕргӕ хо ӕмӕ цӕры зӕрӕдты хӕдзары. Уым арӕх иннӕ зӕрӕдтӕн фӕдзуры Хуыцауы тыххӕй, стӕй фӕхъусын кӕны телефонӕй дӕр. Кӕд йӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр Иегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕны (Матфейы 22:37).

22. а) Куыд ма у нӕ бон Хуыцауы кадджын кӕнын? ӕ) Цавӕр диссаджы рӕстӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

22 Рох дӕ ма уӕд: Иегъовӕйы канд хъусынгӕнгӕйӕ нӕ кадджын кӕнӕм. Куысты, скъолайы ӕмӕ хӕдзары нӕхи дарын куы зонӕм ӕмӕ нӕ конд конды хуызӕн куы уа, уӕд уымӕй дӕр рухс кӕнӕм Иегъовӕйы зӕрдӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмбисӕндты 28:20 нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Йӕ хъуыддӕгты ӕнӕхӕрам чи у, уый бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзӕн». Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «рӕдауӕй тауӕм», цӕмӕй бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕркӕрдӕм (2 Коринфӕгтӕм 9:6). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр цӕрдзыстӕм, «ӕппӕт улӕфӕг» дӕр ӕмдзыхӕй Иегъовӕйы куы кадджын кӕной, уыцы диссаджы рӕстӕг! (Псалом 150:6).

[Фиппаинаг]

a Чиныг «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ» мыхуыры рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ис уырыссагау.

Хъуыды ма кӕныс?

• Иегъовӕйӕн йӕ кувӕг адӕм «ӕхсӕвӕй-бонӕй» лӕггад кӕнынц, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

• Гады мыггаг ӕдас цӕуылнӕ уыдысты ӕмӕ уый абон чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?

• Хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ Сайтанӕй куыд хъахъхъӕны?

• Иуӕй-иутӕ цавӕр «гом... дуары» бахызтысты ӕмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕй хайджын сты?

[Ныв 25 фарсыл]

Гады байзӕддӕгтӕ лӕбурджыты ӕрдонгтимӕ куыд тох кодтой, афтӕ чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ тох кӕной Сайтаны ныхмӕ.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Пионертӕн сӕ авналӕнтӕ уӕрӕхдӕр сты:

1. Ӕхсӕнадӕмон аразджыты къорды кусын.

2. Вефилы лӕггад кӕнын.

3. Миссионерӕй лӕггад кӕнын.

[Ныв 27 фарсыл]

Уацамынды не ’муырнджытимӕ ныхасгӕнгӕйӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын