Иегъовӕ у не ’ххуысгӕнӕг
«Мӕ ӕххуыс Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД], арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕгӕй» (ПСАЛОМ 120:2).
1, 2. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, алкӕйдӕр нӕ кӕддӕр ӕххуыс кӕй бахъӕуы? ӕ) Иегъовӕйы бон цас у?
ЦЫМӔ а дунейыл искуы ахӕм адӕймаг уыд, ӕмӕ йӕ ӕххуыс никуы бахъуыд? Алкӕйдӕр нӕ кӕддӕр бахъӕуы ӕххуыс, дзырдӕн, масты бын куы фӕвӕййӕм, исчи нын куы амӕлы кӕнӕ фӕлварӕнты куы бахауӕм. Ахӕм рӕстӕг адӕймаг йӕхи бакъул кӕны йе ’нувыд хӕларыл. Йӕ хъӕстытӕ йын ракӕны, йӕ зӕрдӕйы судзӕгтӕ суадзы, ӕмӕ йын фенцондӕр вӕййы. Фӕлӕ адӕймаджы бон цас у?! Стӕй иннӕтӕн уый гӕнӕн нӕ вӕййы, ӕмӕ алы хатт бахъуаджы сахат нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууой.
2 Фӕлӕ дунейыл ис ахӕм Ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ йӕ хъаруйӕн ӕмбал нӕй, стӕй йӕ бон алцыдӕр у. Уый нын зӕгъы, зӕгъгӕ уӕ никуы ныууадздзынӕн. Чи у, уый базонӕн ис псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй: «Ме ’ххуыс – Иегъовӕйӕ» (Псалом 121:2, НД [120:2]). Фӕлӕ уый афтӕ ныфсджынӕй цӕмӕн дзырдта, ӕмӕ йын Иегъовӕ баххуыс кӕндзӕн? Базонӕн ӕй ис 120-ӕм псаломӕй. Цӕй равзарӕм ӕй, ӕмӕ базонӕм, махӕн дӕр нӕ бон цӕмӕн у нӕ Ӕххуысгӕнӕгыл, Хуыцау Иегъовӕйыл, нӕ ныфс дарын.
Хуыцау алкӕддӕр ӕххуыс кӕны
3. Псаломзарӕггӕнӕг йӕ цӕстытӕ кӕцы хӕхтӕм здӕхта ӕмӕ цӕмӕн?
3 Псаломзарӕггӕнӕджы куывды фыццаг ныхӕстӕй зыны, Иегъовӕ Дунесфӕлдисӕг кӕй у, ныфс дарӕн ыл уымӕн кӕй ис: «Мӕ цӕстытӕ здахын хӕхтӕм, кӕцӕй ӕрцӕудзӕн ме ’ххуыс. Мӕ ӕххуыс Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД], арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕгӕй» (Псалом 120:1, 2). Уый йӕ цӕстытӕ ӕнӕуи, цыдӕр хӕхтӕм не здӕхта. Ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд Иегъовӕйы кувӕндон уыд Иерусалимы. Иерусалим та ӕрбынат кодта бӕрзонд ран, Иудейаг хӕхтыл, ӕмӕ нымад уыд Иегъовӕйы цӕрӕнбынатыл (Псалом 134:21). Уӕдӕ псаломзарӕггӕнӕг ныфсджынӕй Иегъовӕйӕ ӕххуыс куы куырдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хӕхтӕм здӕхта йӕ цӕстытӕ, уырдӕм уыд йӕ каст. Фӕлӕ йыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта? Уымӕн, ӕмӕ зыдта, Иегъовӕ кӕй у «арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг». Ӕндӕр ныхасӕй, псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕтхъомысджын Дунескӕнӕг Хуыцауы ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй мын баххуыс кӕна (Исай 40:26).
4. Иегъовӕ бахъуаджы сахат йӕ адӕмы фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууы, уый псаломзарӕггӕнӕг куыд бамбарын кодта ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдӕ цинӕй куыд дзаг кӕны?
4 Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр бамбарын кодта, Иегъовӕ бахъуаджы сахат йӕ адӕмы фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууы: «Нӕ бауадздзӕн Уый дӕ къах фӕцудын, дӕ хъахъхъӕнӕг не ’рфынӕй уыдзӕн. Рӕдзӕ-мӕдзӕ нӕ кӕны ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг» (Псалом 120:3, 4). Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны бауадза «фӕкӕлын» кӕнӕ афтӕ ӕрхауын, ӕмӕ сӕ къахыл слӕууынхъом мауал уой – уымӕн уӕвӕн нӕй (Ӕмбисӕндтӕ 24:16). Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмы, цырддзаст фыййауау, хъахъхъӕны. Иегъовӕ ахӕм Хуыцау кӕй у, уый нын нӕ зӕрдӕ цинӕй нӕ дзаг кӕны? Йӕ адӕмӕй исчи фӕтыхсти, ӕмӕ йӕм йӕ хъус не ’рдардта – афтӕ никуы уыд. Ӕхсӕв дӕр ӕмӕ сӕм бон дӕр йӕ цӕст дары.
5. Иегъовӕ нӕ «рахиз къухы ’рдыгӕй» куыд лӕууы?
5 Иегъовӕ йӕ адӕмы иузӕрдион хъахъхъӕнӕг кӕй у, уый псаломзарӕггӕнӕг хорз зыдта, ӕмӕ фыста: «Хицау – дӕ хъахъхъӕнӕг; Хицау – дӕ аууон дӕ рахиз къухы ’рдыгӕй. Бонӕй хур нӕ ныццӕвдзӕн дӕу, нӕдӕр мӕй ӕхсӕвыгон» (Псалом 120:5, 6). Астӕуккаг Скӕсӕны хур бӕрзонд куы ссӕуы, уӕд фӕндаггонтӕ йӕ уыраугӕ тынтӕй сӕхи аууоны фембӕхсынц. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ацы дунейы «уыраугӕ» фыдбылызтӕй сӕхи бамбӕхсынц Хуыцауы аууоны. Стихы ма кӕсӕм, зӕгъгӕ, Иегъовӕ лӕууы нӕ «рахиз къухы ’рдыгӕй». Рагзаманты-иу хӕсты быдыры знагимӕ хӕцгӕйӕ ӕфсӕддонӕн йӕ уарт уыд йӕ галиу къухы, йӕ рахиз къух та – гом. Уый тыххӕй-иу йе ’нувыд ӕмбал йӕ рахиз фарс ӕрлӕууыд ӕмӕ-иу тохы иумӕ бацыдысты. Иегъовӕ дӕр ахӕм ӕмбалау лӕууы йӕ кувӕг адӕмы фарс, ӕмӕ сын кӕддӕриддӕр цӕттӕ у баххуыс кӕнынмӕ.
6, 7. а) Иегъовӕ йӕ адӕмы ӕнӕ ӕххуысӕй кӕй никуы ныууадздзӕн, уый псаломзарӕггӕнӕг куыд ӕмбарын кӕны? ӕ) Мах дӕр, псаломзарӕггӕнӕгау, Иегъовӕйыл нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?
6 Цымӕ искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ адӕмӕн нал ӕххуыс кӕндзӕн? Уыцы хъуыды зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Псаломзарӕггӕнӕг йӕ ныхас балхынцъ кодта: «Хицау бахъахъхъӕндзӕн дӕу алы фыддзинадӕй; бахъахъхъӕндзӕн Хицау дӕ уды. Хицау хъахъхъӕндзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд ныр ӕмӕ ӕнусмӕ» (Псалом 120:7, 8). 5-ӕм стихы дзырдӕуы: «Хицау [Иегъовӕ] – дӕ хъахъхъӕнӕг». Ацы хъуыдыйад у нырыккон афоны. 7-ӕм ӕмӕ 8-ӕм стихтӕ та сты суинаг афоны: «Хицау [Иегъовӕ] бахъахъхъӕндзӕн дӕу». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмы никуы ныууадздзӕн. Кӕдӕмфӕнды ма ацӕуой, цавӕрфӕнды уӕззау уавӕры ма уой – алкӕддӕр сын ӕххуыс кӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 12:21).
7 120-ӕм псалом чи ныффыста, уый фидарӕй зыдта, ӕппӕтхъомысджын Дунескӕнӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм фӕлмӕнзӕрдӕ фыййауау йӕ хъус кӕй дары ӕмӕ сӕ цырддзаст хъалагъурау кӕй хъахъхъӕны. Мах дӕр ыл нӕ ныфс хъуамӕ афтӕ дарӕм, уымӕн ӕмӕ уый нӕ ивы (Малахи 3:6). Уӕдӕ нӕ Иегъовӕ алы фыдбылызӕй дӕр хиздзӕн? Нӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ нӕ Ӕххуысгӕнӕгыл нымайӕм, уӕдмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн, нӕ уырнындзинадӕн зиан цы ӕрхӕсса, уымӕй. Ӕмӕ нын уӕдӕ Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм цыппар хъуыддагмӕ. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн рагзаманты куыд ахъаз кодта. Иннӕйӕ та – абон сын куыд ахъаз кӕны.
Зӕдты ӕххуыс
8. Зӕдты Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты хорздзинад цӕмӕн фӕнды?
8 Иегъовӕйы дӕлбар ис тынг бирӕ зӕдтӕ – милуантӕ (Данелы 7:9, 10). Уыдон се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ Фыды фӕндон (Псалом 102:20). Зӕдтӕ хорз зонынц, Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмы стыр уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна, уый йӕ кӕй фӕнды. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны дӕр фӕнды Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты хорздзинад (Лукайы 15:10). Уӕдӕ сын ӕхсызгон куыннӕ вӕййы, Иегъовӕ сӕ йӕ адӕммӕ ӕххуысмӕ кӕй рарвиты, уый. Рагзаманты зӕдтӕ Иегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодтой?
9. Зӕдтӕ Хуыцауы иузӕрдион адӕмы куыд хъахъхъӕдтой, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
9 Хуыцау-иу зӕдтӕн бабар кодта, цӕмӕй-иу ын йӕ иузӕрдион адӕймӕгты хъахъхъӕдтаиккой ӕмӕ сӕ ирвӕзын кодтаиккой. Дыууӕ зӕды Содом ӕмӕ Гоморрӕй раирвӕзын кодтой Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы (Уӕвынад 19:1, 15–17). Иунӕг зӕд ныццагъта 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны, Иерусалим байсынмӕ чи хъавыд, уыдоны (4 Паддзахӕдты 19:35). Данелы домбӕйтты хъоргъмӕ куы ныппӕрстой, уӕд Иегъовӕ «ӕрӕрвыста Йӕ Зӕды ӕмӕ домбӕйтты комыл ныххӕцыди» (Данелы 6:22, 23). Апостол Петры дӕр ахӕстонӕй ракодта зӕд (Куыстытӕ 12:6–11). Библийы ма ноджыдӕр бирӕ рӕтты ис бакӕсӕн, зӕдтӕ адӕмы куыд хъахъхъӕдтой, уый тыххӕй ӕмӕ уымӕн ӕвдисӕн у Псалом 33:8: «Хицауы Зӕд ӕртыхсы Уымӕй тӕрсджыты алыварс ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны».
10. Иегъовӕ йӕ зӕды куыд арвыста пехуымпар Данелӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауынӕн?
10 Иегъовӕ ма йӕ зӕдты ӕрвыста йӕ иузӕрдион адӕмӕн сӕ ныфсыл ныфс, сӕ тыхыл тых ӕфтауынӕн. Данелы чиныджы 10 сӕры ис иу зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар. Уыцы рӕстӕг пехуымпар Данелыл цыди иу-100 азы. Иу афон тынг нынкъард ис. Мӕт кодта, Иерусалим пырхӕй кӕй лӕууыди ӕмӕ кувӕндон сцалцӕг кӕнынӕн кӕй ницы ’нтыст, ууыл. Стӕй ма ӕнахуыр цӕстылуайӕн куы федта, уӕд бынтондӕр йӕхицӕн ӕнцой нал ардта (Данелы 10:2, 3, 8). Фӕлӕ йӕм йӕ уарзӕгой Хуыцау рарвыста зӕды, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Зӕд ӕй цалдӕр хатты схуыдта Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын лӕг». Ӕмӕ цы? Уыцы ныхӕсты фӕстӕ кардзыд пехуымпар зӕдӕн загъта: «Ды мӕ сфидар... кодтай» (Данелы 10:11, 19).
11. Зӕдтӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн ахъаз кӕй кодтой, уымӕн цавӕр цӕвиттон ис?
11 Иегъовӕ ма зӕдты ӕрвыста хъусын кӕныны хъуыддагӕн ахъаз кӕнынӕн дӕр. Иу зӕд Филиппӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ефиопаг лӕгмӕ ацыдаид ӕмӕ йын Чырыстийы тыххӕй радзырдтаид. Афтӕмӕй уыцы лӕг донаргъуыд райста (Куыстытӕ 8:26, 27, 36, 38). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар хъусын кӕнын райдыдтой ӕнӕсунӕт муртаттӕгтӕн, ома ӕндӕр адӕмтӕн. Корнилимӕ, Хуыцауӕй тӕрсӕг ромаг лӕгмӕ, цӕстылуайӕны фӕзынд зӕд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй апостол Петры ӕрбахуыдтаид. Кӕй йӕм арвыста, уыцы лӕгтӕ Петры куы ссардтой, уӕд ын загътой: «Корнилий... райста Сыгъдӕг Зӕдӕй фӕдзӕхст, цӕмӕй ӕрбахона дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ байхъусой дӕу ныхӕстӕм». Петр семӕ рацыд, ӕмӕ афтӕмӕй фыццаг ӕнӕсунӕт муртаттаг чырыстон сси (Куыстытӕ 10:22, 44–48). Ды та куыд бакодтаис, раст зӕрдӕйы ахаст кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагмӕ дӕ зӕд куы бакодтаид, уӕд?
Сыгъдӕг уды ӕххуыс
12, 13. а) Йесойы апостолтӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн уыд, сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн? ӕ) Сыгъдӕг уд фыццаг чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта?
12 Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ апостолтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ уӕ иунӕгӕй нӕ ныууадздзынӕн. Йӕ Фыд сын хъуамӕ рарвыстаид «ӕххуысгӕнӕг, сыгъдӕг уд» (Иоанны 14:26, НД). Сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн сын уыд фидар бӕлвырдгӕнӕн: Фыстытӕй зыдтой, Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы тыхӕй, йӕ адӕмӕн куыд ахъаз кодта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ.
13 Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй адӕмы хайджын кодта бархъомысӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Зӕгъӕм, уый руаджы тӕрхонгӕнджытӕн сӕ бон уыд израилӕгты ирвӕзын кӕнын (Тӕрхонгӕнджыты 3:9, 10; 6:34). Хайджын дзы уыдысты фыццаг чырыстӕттӕ дӕр, ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кодтой (Куыстытӕ 1:8; 4:31). Уацамынды сын бирӕ кӕй ӕнтыст, уый дзурӕг уыд сыгъдӕг уды ӕххуысыл. Науӕд «хуымӕтӕджы адӕймӕгтӕ» ӕмӕ, «чиныджы дӕснытӕй» чи нӕ уыд, уыдон Паддзахады хабар уӕды дунейыл куыд айхъусын кодтаиккой? (Куыстытӕ 4:13; Колоссӕгтӕм 1:23).
14. Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ адӕмӕн йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбарын кодта?
14 Иегъовӕ ма йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ адӕмӕн ӕмбарын кодта йӕ ныхӕстӕ дӕр. Цӕвиттон, сыгъдӕг уды фӕрцы Иосиф райхӕлдта фараоны фынтӕ-пехуымпарӕдтӕ (Уӕвынад 41:16, 38, 39). Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ фӕндтӕ ӕргом кодта сӕрныллӕг адӕймӕгтӕн, сӕрбӕрзӕндтӕй та сӕ сусӕг кодта (Матфейы 11:25). Иегъовӕ «Йӕ уарзджыты» цӕмӕй схорзӕхджын кӕны, уый тыххӕй апостол Павел фыста: «Махӕн... уыдон Хуыцау раргом кодта Йӕхи Удӕй» (1 Коринфӕгтӕм 2:7–10). Адӕймаг Хуыцауы фӕндон ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг уды ӕххуысӕй бамбары раст.
Хуыцауы Ныхасы ӕххуыс
15, 16. Йесо Навин цӕмӕй зондӕй архайдтаид, уый тыххӕй йын цы загъдӕуыд?
15 Иегъовӕйӕн йӕ Ныхас «пайда у сахуыр кӕнынӕн» ӕмӕ уый руаджы йӕ лӕггадгӕнджытӕ алыхуызы дӕр сты ифтонг ӕмӕ сты «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Библийы бирӕ рӕтты бакӕсӕн ис, рагзаманты Хуыцауы Ныхасӕй фыст цы хӕйттӕ уыд, уыдон йӕ адӕмӕн царды куыд ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй.
16 Сыгъдӕг Фыстытӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕмы раст зондыл арӕзтой. Йесо Навин израилӕгты раздзог куы сси, уӕд ын загъдӕуыд: «Ацы закъоны чиныг [Моисей кӕй ныффыста, уый] алкӕддӕр де ’взагыл уӕд, ӕмӕ йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс ӕхсӕвӕй-бонӕй, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай,– ӕрмӕст афтӕмӕй уыдзысты дӕ хъуыддӕгтӕ раст ӕмӕ ӕрмӕст афтӕмӕй архайдзынӕ зондӕй». Хуыцау Йесо Навинӕн зӕрдӕ нӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ зондджын басгуыхдзынӕ. Уый хъуамӕ кастаид «закъоны чиныг», арф ыл хъуыды кодтаид, ӕмӕ уӕд зондӕй архайдтаид (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1–3).
17. Данел ӕмӕ паддзах Иосимӕ Фыстытӕй цы хӕйттӕ уыд, уыдон сын куыд баххуыс кодтой?
17 Хуыцау ма йӕ Ныхасы ӕргом кодта йӕ фӕндон ӕмӕ йӕ фӕндтӕ. Дзырдӕн, Данел Иеремийы чиныгӕй базыдта, Иерусалимы заууаты рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый (Иереми 25:11; Данелы 9:2). Ӕркӕсӕм-ма, иудейаг паддзах Иосийы заман цы ’рцыд. Адӕм Иегъовӕйӕ тынг адард сты, стӕй, куыд зыны, афтӕмӕй-иу, паддзӕхтӕ дӕр сӕхицӕн Закъон нал рафыстой ӕмӕ йӕ нал ӕххӕст кодтой (Дыккаг закъон 17:18–20). Фӕлӕ Хуыцауы адӕм кувӕндон цалцӕг кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд дзы разынд, ӕвӕццӕгӕн, Моисей йӕхӕдӕг кӕй фыста, уыцы «закъоны чиныг». Чиныгыл цыд иу-800 азы. Цы дзы уыд фыст, уый Иосийӕн куы бакастысты, уӕд бамбӕрста, йӕ адӕм Иегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ куыд тынг цыдысты. Ӕмӕ паддзах фӕстӕ нал фӕкодта – райдыдта кӕнын, чиныджы куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ (4 Паддзахӕдты 22:8; 23:1–7). Уӕдӕ бӕлвырд у, рагзаманты Хуыцауы Ныхасӕй фыст цы хӕйттӕ уыд, уыдон Иегъовӕйы адӕмӕн царды тынг кӕй ӕххуыс кодтой.
Не ’муырнджыты ӕххуыс
18. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд уый Иегъовӕйӕ цӕуы, зӕгъӕн цӕмӕн ис?
18 Иегъовӕ ма нын арӕх баххуыс кӕны не ’муырнджыты руаджы дӕр. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕ цы ӕххуыс зонынц, уый цӕуы Иегъовӕйӕ. Цӕмӕн зӕгъӕм афтӕ? Уымӕн ис дыууӕ ӕфсоны. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаг цӕуы сыгъдӕг удӕй. Сыгъдӕг уд чи куры, уыдонӕн уый сӕ удыхъӕды ӕрфидар кӕны алыхуызон рӕсугъд миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ хорздзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу иннӕмӕн куы баххуыс кӕны, уӕд Иегъовӕйы сыгъдӕг уд фӕархайы. Дыккаджы та уымӕн, ӕмӕ мах конд стӕм Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ (Уӕвынад 1:26). Ома, йӕ миниуджытӕ сты махӕн дӕр нӕ туджы, дзырдӕн: зӕрдӕхӕлардзинад ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын. Уӕдӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд уыцы ’ххуыс фӕцӕуы Хуыцауӕй.
19. Библимӕ гӕсгӕ, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ лӕггадгӕнджыты руаджы куыд ӕххуыс кодта?
19 Рагзаманты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ лӕггадгӕнджыты руаджы куыд ӕххуыс кодта? Бирӕ хӕттыты-иу йӕ фӕндӕй иу иннӕмӕн лӕвӕрдта уынаффӕ, зӕгъӕм, Иереми Варухӕн цы уынаффӕ радта, уый фӕрцы фервӕзт (Иереми 45:1–5). Хуыцауы адӕм ма кӕрӕдзийы къух дӕр арӕзтой, мӕнӕ македойнаг ӕмӕ ахайаг чырыстӕттӕ иерусалимаг чырыстӕттӕн куыд баххуыс кодтой, афтӕ. Апостол Павел загъта, зӕгъгӕ, ахӕм рӕдаудзинад «ӕвзӕрын кӕны арфӕдзинад Хуыцауӕн» (2 Коринфӕгтӕм 9:11).
20, 21. Ромаг ӕфсымӕртӕ Павелӕн ныфсы хос куыд фесты?
20 Уӕлдайдӕр нӕ зӕгъын хъӕуы, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи тыхыл тых, ныфсыл ныфс куыд ӕфтыдтой, уый тыххӕй. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм иу хабар апостол Павелы цардӕй. Ӕфсӕдтонтӕ йӕ ахстӕй Роммӕ куы кодтой, уӕд цыдысты ромаг стыр фӕндагыл, Аппийы фӕндаг, зӕгъгӕ. Сахармӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд сын цӕуын фӕзындӕр – бахъуыд сӕ цъыфдзаст, цъымараджын тӕрфыл хизынa. Ромы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ зыдтой, Павел ныр фӕндагыл ис, ӕмӕ тагъд кӕй зындзӕн. Ӕмӕ цы бакодтой? Сӕ хӕдзӕртты сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ сбадтысты ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты?
21 Лука дӕр уӕд Павелимӕ уыд, ӕмӕ фыссы, дарддӕр цы ’рцыд, уыдӕтты тыххӕй: «Уымы [ромаг] ӕфсымӕртӕ, фехъусгӕйӕ мах тыххӕй, нӕ размӕ рацыдысты Аппийы фӕз ӕмӕ ӕртӕ уазӕгдзӕрӕны онг». Уыцы ныв ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Ромы ӕфсымӕртӕ куы фехъуыстой, Павел сӕм кӕй ӕрцӕуы, уӕд йӕ размӕ ацыдысты. Иутӕ дзы ӕнхъӕлмӕ кастысты Аппийы фӕзы, бӕлццӕтты ӕрлӕууӕн бынаты,– Ромӕй йӕм уыд 74 километры бӕрц. Иннӕ ӕфсымӕртӕ та Павелмӕ ӕрлӕууыдысты, Ӕртӕ уазӕгдзӕрӕны кӕй хуыдтой, уым,– сахарӕй 58 километры рауайгӕйӕ. Цымӕ Павел куыд фӕци? Лука зӕгъы: «Павел, фенгӕйӕ уыдоны, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ фӕныфсджын» (Куыстытӕ 28:15). Ахъуыды ма кӕн, ӕрмӕст сӕ фендӕй дӕр,– чи нӕ фӕзивӕг кодта ӕмӕ уыйбӕрц чи фӕцыд, уыцы ӕфсымӕрты фендӕй,– Павелы зӕрдӕ ныфс ӕмӕ цинӕй байдзаг! Ӕмӕ афтӕ кӕй бафыдӕбон кодтой, уый тыххӕй Павел кӕмӕн раарфӕ кодта? Иегъовӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ уымӕй уыд уыцы ӕххуыс.
22. 2005 азы стих цавӕр у ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм?
22 Библи Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй цы дзуры, уый бирӕйыл дзурӕг у. Иегъовӕ адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ ничи. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр 2005 азӕн гъе уый тыххӕй равзӕрстой Псалом 121:2, НД [120:2] стих: «Ме ’ххуыс – Иегъовӕйӕ». Фӕлӕ нын Иегъовӕ абон та куыд ӕххуыс кӕны? Ууыл нӕ ныхас уыдзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинаг]
a Ромаг поэт Гораций дӕр (н. э. агъоммӕ 65–8 азтӕ) кӕддӕр уыцы фӕндӕгтыл цыд, ӕмӕ фыссы, цы тухитӕ бавзӕрста, уый тыххӕй. Аппийы фӕзӕй, кӕнӕ базарӕй, загъта, зӕгъгӕ, «уым бӕлӕгътӕрджытӕ ӕмӕ ӕнӕфсис уазӕгдзӕрӕнгӕстӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕй». Стӕй хъаст кодта «ӕнӕхайыры къогъотӕ, хӕфсытӕ... ӕмӕ тӕфгӕнаг донӕй».
Бахъуыды кодтай?
• Иегъовӕ йӕ зӕдты ӕххуысмӕ куыд ӕрвыста?
• Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй куыд ӕххуыс кодта?
• Иегъовӕйы Ныхас йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта?
• Иегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ лӕггадгӕнджыты руаджы куыд ӕххуыс кодта?
[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]
2005 азы стих у: «Ме ’ххуыс – Иегъовӕйӕ» (Псалом 121:2, НД [120:2]).
[Ныв 10 фарсыл]
Павел раарфӕ кодта Хуыцауӕн ромаг ӕфсымӕрты фыдӕбоны тыххӕй.