Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w06 1/5 3–4 фф.
  • Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом дзурыс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом дзурыс?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр халынц бинонты цард?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцау цы баиу кодта, уый ма ахицӕн кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ ныхас кӕнут, цӕмӕй ӕнгом бинонтӕ уат
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
w06 1/5 3–4 фф.

Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом дзурыс?

«АЦӔРГӔ цардӕмбалӕй уарзондзинады фыстӕг». Афтӕ хуынди, цалдӕр азы размӕ Японы иу банк цы конкурс сарӕзта, уый. 50–60-азы кӕуыл цӕуы, ахӕм япойнӕгты разӕнгард кодтой, цӕмӕй сӕ цардӕмбалмӕ сӕ «зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ» ныффыссой. Конкурсы архайджытӕй иу лӕг йӕ цардӕмбалмӕ ныффыста: «Дӕ бон у ӕмӕ мыл худай, фӕлӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн, ӕргом дын куы нӕ зӕгъон: „Бузныг дын, кӕй мӕм смой кодтай, уый тыххӕй“».

Бирӕ адӕмтӕм, уыимӕ Скӕсӕны чи цӕры, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕн се ’гъдаумӕ гӕсгӕ тынг зын вӕййы се ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзурын. Фӕлӕ уӕддӕр 15 000 бӕрц ныффыстой уарзондзинады фыстӕджытӕ. Ацы конкурс адӕмы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнын дӕр бахъуыд, стӕй ма уыцы фыстӕджытӕй чингуытӕ дӕр сарӕзтой ӕмӕ сӕ мыхуыры рауагътой. Афтӕмӕй рабӕрӕг, бирӕты кӕй фӕнды, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сӕ зынаргъ цардӕмбалӕн раргом кӕнын. Фӕлӕ уымӕ сӕ ныфс се ’ппӕт нӕ бахӕссынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ цӕмӕй адӕймагӕн – зӕгъӕм, цардӕмбалӕн – де ’нкъарӕнтӕ бамбарын кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы хъарутӕ ӕмӕ арӕхстдзинад дӕр.

Хитоси Като, пенсийы чи ацыд, уыдоны тыххӕй чиныг чи ныффыста, уый зӕгъы, зӕгъгӕ, Японы ацӕргӕ къайты ’хсӕн хицӕн кӕныны фӕнд фылдӕр хатт фӕзыны сылгоймӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы сӕ мӕстытӕ сӕ зӕрдӕйы фӕхӕссынц. Хитоси Като ма зӕгъы: «Фӕлӕ ма йӕ аххосаг уый у, ӕмӕ зын рӕстӕг дыууӕ цардӕмбалы кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ кӕй нӕ фӕдзурынц».

Пенсийы чи ацыд, ахӕм лӕгӕн йӕ ус йӕ разы хицӕн кӕныны тыххӕй гӕххӕтт куы ӕрӕвӕра, уӕд куыннӕ бадис кӕндзӕн. Бирӕ азты дӕргъы сӕ дыууӕ дӕр, чи зоны, кӕрӕдзийӕн нӕ дзырдтой, цы сӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй. Лӕг ӕмӕ ус, гӕнӕн ис, архайой се ’нкъарӕнтӕ ӕргом ӕвдисын, фӕлӕ сын зын вӕййы хӕларӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын. Кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕныны бӕсты, сӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр вӕййы, кӕй фӕбыцӕу кӕнынц, уый тыххӕй.

Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у, кӕрӕдзи цы хъуыддаджы нӕ фембарынц, уый сабырӕй аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый тыххӕй фӕлмӕнӕй дзурын? Ӕвӕццӕгӕн дӕм диссаг фӕкӕсдзӕн, ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ кӕй ис ссарӕн, абон бинонтӕн цы чингуытӕ уадзынц, уыдоны нӕ, фӕлӕ ӕнусты дӕргъы стыр аргъ кӕмӕн ис, уыцы рагон чиныджы – Библийы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын