Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w07 1/5 3 ф.
  • Ацы ӕгъатыр дуне

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ацы ӕгъатыр дуне
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы ӕгъатыр цӕмӕн хонынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Искуы ӕгъатырдзинадӕн кӕрон уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Ӕппӕт бӕллӕхты аххосджын чи у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Журнал дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
w07 1/5 3 ф.

Ацы ӕгъатыр дуне

МАРИЯ, 64-аздзыд сылгоймаг, цард иунӕгӕй. Иу бон ӕй йӕ хӕдзары мардӕй ссардтой – чидӕр ӕй фыднад фӕкодта ӕмӕ йӕ телӕй ныххурх кодта.

Адӕм сызнӕт сты ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕй ӕртӕйыл нӕмынӕй нал ауӕрстой, уымӕн ӕмӕ, дам, дыууӕ сывӕллоны адавтой. Дыууӕйыл дзы бензин бакалдтой ӕмӕ сӕ басыгътой. Ӕртыккагӕн бантыст алидзын.

Пъӕлицӕмӕ чидӕр телефонӕй бадзырдта. Рабӕрӕг ӕвирхъау хабар. Уыцы горӕтмӕ улӕфынмӕ чи ’рцыд, цыппар ахӕм нӕлгоймагӕн сӕ мӕрдтӕ парчы ныгӕдӕй ссардтой. Сӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ къухтӕ уыдысты баст. Дохтыртӕ мӕрдты куы акъӕртт кодтой, уӕд рабӕрӕг, удӕгасӕй сӕ кӕй баныгӕдтой.

Ацы ӕвирхъау хабӕрттӕ кинотӕй ист не сты, фӕлӕ сты ӕцӕг хабӕрттӕ. Уыдоны тыххӕй ӕрӕджы газетты фыстой Латинаг Америкӕйы бӕстӕтӕй иуы. Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ абон ӕрмӕст уыцы бӕстӕйы нӕ цӕуы.

Алы бон дӕр цӕуы ӕвирхъау фыдракӕндтӕ: бомбӕтӕ рӕмудзынц, теракттӕ кӕнынц, адӕмы марынц, бырсынц сӕм, кӕрӕдзи ӕхсынц, сылгоймӕгтыл тыхӕй ныххӕцынц. Фӕлӕ адон сты ӕвирхъау фыдракӕндтӕн ӕрмӕст сӕ гыццыл хай. Ногӕй ӕмӕ та ногӕй ног хабӕртты радзурынц, кӕм цы ӕбуалгъ ми ӕрцыд, уый тыххӕй. Бирӕтӕ сыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ дис дӕр ницӕуылуал кӕнынц.

Чи зоны, ӕмӕ хъуыды кӕныс: «Цы ’рцыд дунейыл, цӕмӕн афтӕ у? Ничи никӕмӕуал у нымады ӕмӕ адӕймаджы цардӕн ӕппындӕр ничиуал аргъ кӕны?» Ахӕм дунейы цӕмӕн хъуамӕ цӕрӕм?

Ныр та ӕркӕсӕм Харрийы хабармӕ. Цӕуы йыл 69 азы ӕмӕ у ракӕй рынчын. Йӕ усӕн та ис склероз. Фӕлӕ сӕ сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ рохуаты нӕ уадзынц. «Цы фӕуыдаиккам ӕнӕ ацы адӕмӕй»,– дзуры Харри. Харри цӕры Канадӕйы. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уым зӕрӕдтӕм чи зилы, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн, кӕмӕ зилынц, уыдон ницы бавӕййынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды дӕр зоныс, иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ чи дары ӕмӕ сыл чи бацин кӕны, ахӕм адӕмы, ӕмӕ афтӕ искуы иу хатт нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ бонӕй-бонмӕ. Ӕцӕгдӕр, адӕмӕн сӕ удыхъӕд афтӕ конд у, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уой, ӕгъатыр нӕ фӕлӕ.

Уӕд ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы? Адӕм ӕгъатыр митӕ цӕмӕ кӕнынц? Ӕгъатыр митӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон аивын у? Ӕгъатырдзинадӕн искуы кӕрон ӕрцӕудзӕн? Кӕд о, уӕд куыд ӕмӕ кӕд?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

Train: CORDON PRESS

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын