Мадыл ис кадджын хӕс
АБОН ӕгас дунейы дӕр сылгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр кусгӕ кӕны. Хъӕздыг бӕстӕты кусгӕ чи кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нымӕц, зӕгъӕн ис, ӕмхуызон у. Мӕгуыр бӕстӕты та сылгоймӕгты арӕх бахъӕуы бирӕ рӕстӕг зӕххы куыст кӕнын, цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой.
Бирӕ сылгоймӕгтӕ нал фӕзонынц, сӕхи кӕцырдӕм аскъуыной, уый – кусын дӕр сӕ хъӕуы ӕмӕ сӕ сӕ бинонтӕм кӕсын дӕр фӕнды. Ӕрмӕст сӕ хӕринаг ӕмӕ дарӕс ӕлхӕнын ӕмӕ хӕдзарӕн фидын нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ма хӕринаг кӕнын, ӕхсын ӕмӕ ӕфснайын дӕр.
Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной Хуыцауы уарзын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын. Кристинӕ, дыууӕ гыццыл чызджы мад, загъта: «Кусгӕ дӕр кӕнай ӕмӕ бинонты мӕт дӕр кӕнай, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу, уӕлдайдӕр дын гыццыл сывӕллӕттӕ куы уа, уӕд. Зын у, цӕмӕй сӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дӕ хъус дарай».
Сылгоймӕгтӕ куыстмӕ цӕмӕн бацӕуынц? Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц? Мад куы куса, уӕд амондджындӕр уыдзӕн?
Сылгоймӕгтӕ цӕмӕн кусынц
Сылгоймӕгтӕй бирӕты фӕхъӕуы ӕнӕхъӕн бон кусын. Кӕмӕндӕрты дзы лӕг нӕй. Иннӕтӕ та уый тыххӕй кусынц, ӕмӕ иу адӕймаджы мыздыл цӕрын зын у.
Сылгоймӕгтӕ се ’ппӕт уый тыххӕй нӕ кусынц, ӕмӕ ӕхцайӕ цух ӕййафынц, фӕлӕ сын цӕмӕй сӕхи цӕсты кад уа. Чидӕртӕ та кусы, цӕмӕй ӕхца хардз кӕной, куыд сӕ фӕнды ӕмӕ сӕ цӕуыл фӕнды, афтӕ. Бирӕтӕ та сӕ куыст хорз кӕй зонынц ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй кусынц.
Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ та куыстмӕ бацӕуынц, цӕмӕй сӕм иннӕтӕ хорз цӕстӕй кӕсой. Кӕд бирӕтӕ зонынц, чи кусы, уыцы сылгоймӕгтӕ тынг кӕй фӕллайынц, уӕддӕр чи нӕ кусы, уыдоны не ’мбарынц, ӕмӕ ма сыл худгӕ дӕр кӕнынц. Иу сылгоймаг загъта: «Хӕдзары кӕй бадыс ӕмӕ сывӕллонгӕс кӕй дӕ, уый зӕгъын ӕнцон нӕ вӕййы. Иуӕй-иутӕ дын ныхасӕй, кӕнӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕй бамбарын кӕндзысты, зӕгъгӕ, дӕ цард ӕнӕхъуаджы ӕрвитыс». Ребекӕ, дыууӕаздзыд чызджы мад, загъта: «Кӕд адӕм ӕмбарынц, сылгоймаг йӕ сывӕллӕтты мӕт кӕй хъуамӕ кӕна, уый, уӕддӕр чи нӕ кусы, уыдоны иннӕтӕй дӕлдӕрыл нымайынц».
Хъуыддаг ӕцӕгӕй куыд у
Иуӕй-иу бӕстӕты журналты ӕмӕ телеуынынады ӕвдисынц «алцӕмӕй ӕххӕст сылгоймаг» – куысты у сӕрӕн, стыр мызд исы, у хӕрзконд ӕмӕ хӕрзарӕзт, стӕй сӕрыстыр. Хӕдзармӕ куы ’рбацӕуы, уӕд ма йӕ бон у сывӕллӕттӕм фӕкӕсын, зонд сын бацамонын, йӕ лӕг кӕм фӕрӕдыд, уый сраст кӕнын ӕмӕ йӕ бинонты ’хсӕн цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр аскъуыддзаг кӕнын. Фӕлӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ нӕй.
Арӕхдӕр сылгоймӕгты цы куыстытӕм райсынц, уыдон вӕййынц хуымӕтӕг ӕмӕ дзы гыццыл мызд фӕфидынц. Сылгоймӕгтӕ фембарынц, сӕ куысты сын сӕ курдиӕттӕ раргом кӕныны фадат кӕй нӕй. Иу чиныджы фыст ис: «Кӕд афтӕ нымад цӕуы, зӕгъгӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн ӕмхуызон бартӕ ис, уӕддӕр нӕлгоймӕгтӕ стырдӕр бынӕттӕ ахсынц ӕмӕ сын мызд фылдӕр фидынц. Уымӕ гӕсгӕ сылгоймӕгтӕн зындӕр у, цӕмӕ арӕхсынц, уый равдисын» («Social Psychology»). Испанийы иу газеты та фыст уыд: «Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй нӕлгоймӕгтӕй уӕлдай, сылгоймӕгтӕ ӕртӕ хатты фылдӕр мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр дыгай сменӕты кусы – куысты ӕмӕ хӕдзары» («El País»).
Нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймаг йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, кусдзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ кӕд моймӕдзыд у, уӕд хъуамӕ уыцы хъуыддагыл йӕ лӕгимӕ бауынаффӕ кӕна ӕмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).
Фӕлӕ, зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ ус сӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтой, сӕ дыууӕйы дӕр ӕнӕхъӕн бон кусын кӕй хъӕуы. Уӕд ӕмбаргӕ лӕг йӕ зӕрдыл дардзӕн, Библи цы дзуры, уый: «Сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, цы зонут, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыдонимӕ райсдзыстут Хуыцауы стыр хорзӕх – цард» (1 Петры 3:7). Лӕг йӕ усӕн кӕй аргъ кӕны, уый бӕрӕг уыдзӕн, сылгоймагӕн йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый куы ӕмбара, уӕд. Кӕддӕриддӕр ын хӕдзары куыстытӕ кӕнынмӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Йесойау нӕлгоймӕгтӕ дӕр, кадджыныл нымад чи нӕу, уыцы куыстытӕ сӕ сӕрмӕ хӕсдзысты (Иоанны 13:12–15). Лӕг хӕдзары куыстытӕ куы кӕна, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ цардӕмбалы кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ дзы уый дӕр стыр бузныг уыдзӕн (Ефесӕгтӕм 5:25, 28, 29).
Лӕг ӕмӕ ус дӕр куы кусой, уӕд хъуамӕ хӕдзары куыстытӕ дӕр иумӕ кӕной. Уый тыххӕй дзырд цыди иу испайнаг газеты дӕр («ABC»). Фыст дзы уыдис, бинонты цард чи иртасы, ахӕм институт кӕй сбӕрӕг кодта, зӕгъгӕ, Испанийы бирӕтӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ахицӕн вӕййынц, ӕмӕ «динмӕ ӕмӕ ӕгъдаумӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц», фӕлӕ ма ноджыдӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй – «сылгоймӕгтӕ кусын кӕй райдыдтой ӕмӕ сын сӕ лӕгтӕ хӕдзары кӕй не ’ххуыс кӕнынц».
Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы мадыл ис кадджын хӕс
Кӕд Йегъовӕ сӕйраджыдӕр фыдӕн бахӕс кодта сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, уӕддӕр Хуыцауӕн лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕмбары, ууыл дӕр стыр хӕс кӕй ис, уӕлдайдӕр та цалынмӕ сывӕллон гыццыл вӕййы, уӕдмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 1:8; Ефесӕгтӕм 6:4). Йегъовӕ израилӕгтӕн куы загъта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн йӕ Закъон амоной, уӕд мадӕлтӕм дӕр дзырдта ӕмӕ фыдӕлтӕм дӕр. Хуыцау зоны, уыцы хъуыддаджы кӕй хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад, уӕлдайдӕр сывӕллон йӕ тӕккӕ рӕзгӕйыл куы вӕййы, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау ныййарджытӕн загъта, цӕмӕй сӕ сывӕллоны ахуыр кӕной хӕдзары дӕр, фӕндагыл дӕр, хуысгӕ куы кӕной ӕмӕ куы сыстой, уӕд дӕр (Дыккаг закъон 6:4–7).
Мадыл ахсджиаг ӕмӕ кадджын хӕс кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Ныхас сывӕллӕтты фӕдзӕхсы: «Дӕ мад цы амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:20). Дзуттаг ӕвзагыл дзырд «амонын» комкоммӕ нысан кӕны «закъон». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сылгоймагӕн сӕрыхицау куы уа, уӕд йемӕ бауынаффӕ кӕндзӕн, цалынмӕ йӕ сывӕллонӕн цыдӕр закъон ӕвӕра, уӕдмӕ. Фӕлӕ ацы стихӕй бӕрӕг у, мадӕн уый бар кӕй ис. Ӕмӕ сывӕллон куы хъуса, йӕ мад ын Хуыцауы ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы амоны, уымӕ, уӕд ын стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 6:21, 22). Терезӕ, дыууӕ гыццыл лӕппуйы мад, загъта, куыстмӕ бацӕуын ӕй цӕуылнӕ фӕнды, уый тыххӕй: «Мӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы бауарзын кӕнон, уый мын ӕппӕты ахсджиагдӕр у. Ӕмӕ мӕ уыцы хъуыддаг аразын фӕнды, куыд хуыздӕр у, афтӕ».
Сывӕллоны, куыд хуыздӕр у, афтӕ хъомыл кӕнын
Израилаг паддзах Лемуилы цардыл хорзырдӕм фӕзынд йӕ мады фыдӕбон. «Зонд амонгӕйӕ» йын цы «куырыхон ныхӕстӕ» дзырдта, уыдон Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыдысты (Ӕмбисӕндтӕ 31:1; 2 Тимофеймӕ 3:16). Йӕ фыртӕн бацамыдта, цавӕр хъуамӕ уа хорз ус, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр дӕр ӕххуыс кӕнынц нӕлгоймӕгтӕн цардӕмбал агургӕйӕ. Ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыднуӕзт кӕныны тыххӕй цы уынаффӕтӕ радта, уыдон абон дӕр сты ахсджиаг (Ӕмбисӕндтӕ 31:3–5, 10–31).
Фыццаг ӕнусы апостол Павел раппӕлыд иу сылгоймагӕй, Евникӕ, зӕгъгӕ, йӕ фырт Тимофейы хорз кӕй схъомыл кодта, уый тыххӕй. Йӕ лӕг уырнӕг нӕ уыд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, грекъаг хуыцӕуттӕн куывта, уымӕ гӕсгӕ Евникӕйы хъуыд Тимофейӕн «сыгъдӕг Фыстытӕ» амонын. Кӕд ӕй райдыдта Фыстадыл ахуыр кӕнын? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ», ома йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:14, 15). Фӕстӕдӕр Тимофей миссионер сси, Евникӕ йын фӕзминаг кӕй уыд ӕмӕ йын Хуыцауы Ныхас кӕй амыдта, уый фӕрцы (Филиппӕгтӕм 2:19–22).
Библийы ма фыст ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты-иу чи суазӕг кодта, ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй дӕр. Уый фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕ семӕ сӕ рӕстӕг ӕрвыстой. Зӕгъӕм, иу сунамитаг сылгоймаг-иу арӕх суазӕг кодта пехуымпар Елисейы. Фӕстӕдӕр йӕ лӕппу куы амард, уӕд ын ӕй Елисей райгас кодта (2 Паддзӕхты 4:8–10, 32–37). Ӕркӕсӕм-ма, Библийы фыссӕг Марчы мад Марийӕйы хабармӕ. Иерусалимы йӕ хӕдзары арӕх ӕмбырд кодтой фыццаг чырыстӕттӕ (Хъуыддӕгтӕ 12:12). Марк йӕ рӕстӕг ӕппынӕдзух апостолтӕ ӕмӕ иннӕ чырыстӕттимӕ кӕй ӕрвыста, уый йын стыр пайда ӕрхаста.
Йегъовӕ стыр аргъ кӕны, иузӕрдион сылгоймӕгтӕн, йӕ закъӕттӕ йын сӕ сывӕллӕттӕн кӕй амонынц, уый тыххӕй. Сӕ хӕдзары Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр уой, ууыл чи архайы, уыцы сылгоймӕгты Йегъовӕ тынг уарзы (2 Самуилы 22:26; Ӕмбисӕндтӕ 14:1).
Ӕппӕты ӕхсызгондӕр хъуыддаг
Библийӕ цы адӕмы кой ракодтам, уыдоны хабарӕй федтам, йӕ бинонтыл алы хъуыддаджы дӕр чи тыхсы, уыдон арфӕгонд кӕй ӕрцӕуынц. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу. Цыфӕнды куыстимӕ абаргӕйӕ дӕр, мадыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнынӕн фылдӕр хъарутӕ хъӕуы.
Сылгоймагыл, чи зоны, исчи худгӕ дӕр бакӕна, къаддӕр рӕстӕг кусын куы сфӕнд кӕна, уӕд. Фӕлӕ уый ницы у, йӕ рӕстӕг цы хъуыддагыл хардз кӕны, уый цы стыр пайда хӕссы, уыимӕ абаргӕйӕ. Пакийӕн ис ӕртӕ сывӕллоны ӕмӕ йӕ боны мидӕг цалдӕр сахаты йеддӕмӕ кусын нӕ фӕхъӕуы. Паки загъта: «Сывӕллӕттӕ скъолайӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд хӕдзары кӕй вӕййын ӕмӕ семӕ чи аныхас кӕна, уый кӕй ис, уымӕй ӕхсызгондӕр мын ницы у». Уый сывӕллӕттӕн цы пайда у? «Сӕ уроктӕ кӕнынмӕ сӕм фӕкӕсын ӕмӕ истӕуыл куы фӕтыхсынц, уӕд сын уайтагъд баххуыс кӕнын. Алы бон дӕр иумӕ кӕй вӕййӕм, уый фӕрцы мын ӕргом фӕдзурынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мӕ сывӕллӕттимӕ цы рӕстӕг ӕрвитын, уый мын тынг зынаргъ у, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕхъӕн бон кусыныл разы нӕ дӕн».
Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ бамбӕрстой, куы нӕ кусой, уӕд сӕ бинонтӕй алкӕмӕндӕр хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Уӕлдӕр цы Кристинӕйы кой кодтам, уый загъта: «Мӕ куыст куы ныууагътон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма уый нӕ бинонты цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзынд. Ныр мын рӕстӕг ис мӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынӕн ӕмӕ мӕ бон у мӕ лӕгӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Стӕй мын ӕхсызгондӕр у мӕ чызджыты ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ уынын, цы сын ӕнтысы, уый». Иу хабар уӕлдай тынгдӕр лӕууы Кристинӕйы зӕрдыл: «Мӕ хистӕр чызг цӕуын базыдта рӕвдауӕндоны, фӕлӕ мӕ кӕстӕр чызг та къахӕй хӕдзары ацыд. Йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ куы акодта, уӕд уайтагъд мӕ хъӕбысы февзӕрд. Куыд амондджын уыдтӕн уыцы минут!»
Иу хъуыддагмӕ ма ис хъус ӕрдарӕн. Сылгоймаг къаддӕр кӕй кусдзӕн, уымӕй бинонтӕ нӕ фӕмӕгуырдӕр уыдзысты. Кристинӕ загъта: «Мӕ мызды ӕрдӕг-иу рӕвдауӕндоныл ӕмӕ фӕндаггӕгтыл ацыд. Нӕ хӕрдзтӕ куы банымадтам, уӕд федтам, мӕ мызд бинонтӕн стыр ӕххуыс кӕй нӕ уыд».
Иуӕй-иу бинонтӕ сӕ уавӕртӕм куы ’ркастысты, уӕд бамбӕрстой – хуыздӕр уыдзӕн, сылгоймаг куы нӕ куса, уӕд. Мӕнӕ цы загъта Пол, Кристинӕйы лӕг: «Тынг хорз у, мӕ бинойнаг хӕдзары кӕй ис ӕмӕ нӕ гыццыл сывӕллӕттӕм кӕй кӕсы. Куы куыста, уӕд нӕ дыууӕйӕн дӕр зындӕр уыд». Уый сӕ сывӕллӕттыл та куыд фӕзынд? «Нӕ чызджытӕ ӕрмӕст уӕндондӕр нӕ фесты, фӕлӕ ма ӕвзӕр зондахастӕй дӕр хызт сты»,– загъта ма Пол. Ацы лӕг ӕмӕ усӕн афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын? Пол загъта: «Ӕз зонын, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы нӕ ахуыр кӕной, уӕд сын ӕндӕр зондамонӕг кӕй уыдзӕн».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг ӕмӕ ус сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ сӕхӕдӕг хӕссынц уынаффӕ, ӕмӕ сын уый тыххӕй иннӕтӕ хъуамӕ ма уайдзӕф кӕной (Ромӕгтӕм 14:4; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:11). Фӕлӕ уӕддӕр ахъуыды кӕнын хъӕуы, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, ӕмӕ сылгоймаг йӕ рӕстӕг ӕрмӕст куыстыл куы нӕ хардз кӕна. Ацы хъуыддаджы тыххӕй уӕлдӕр цы Терезӕйы кой кодтам, уый загъта: «Дӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитай ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай, уымӕй хуыздӕр ницы ис» (Псалом 127:3).
[Ныв 31 фарсыл]
Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы мадыл ис кадджын хӕс