Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд? Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у?
АЛЧИДӔР нӕ йӕ царды цыдӕр ахсджиаг хабар фехъуыстаид. Ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрмӕст уый нӕ лӕууы, уыцы хабар кӕм фехъуыстам ӕмӕ уыцы рӕстӕг цы куыстам, фӕлӕ ма цы ахъуыды кодтам, уый дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Ной кӕй никуы ферох кодта, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ диссаджы хабар кӕд фехъуыста, уыцы бон. Ной цы хабар фехъуыста, уый тынг ахсджиаг уыд. Йегъовӕ йын загъта, кӕй сфӕнд кодта адӕмы се ’ппӕты дӕр фесафын. Ной хъуамӕ сарӕзтаид стыр нау, цӕмӕй йӕ бинонты ӕмӕ сырдты фервӕзын кодтаид (Райдиан 6:9–21).
Цымӕ Ной уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракаст – цин кодта ӕви хъуыр-хъуыр? Цымӕ уыцы хабар йӕ усӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн куыд радзырдта? Библи уый тыххӕй ницы дзуры. Фӕлӕ дзы фыст ис: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райдиан 6:22).
Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд, уый. Ной цӕттӕ уыди, Хуыцау ын цы загъта, уый ӕххӕст кӕнынмӕ (Райдиан 6:8). Цӕмӕй ма цыд Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ? Уый ӕнӕмӕнг хъӕуы зонын, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ Нойы хуызӕн уӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау аирвӕзын кӕна, тагъд та зӕхх ӕвзӕрдзинадӕй куы сыгъдӕг кӕна, уӕд. Фӕлӕ уал ӕркӕсӕм, Доны хъаймӕты размӕ адӕм куыд цардысты, уымӕ.
Дӕлимонтӕ ӕрцыдысты зӕхмӕ
Ной райгуырд, Хуыцау фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уымӕй иу мин азы бӕрц куы рацыд, уӕд. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы заман адӕм хъӕддӕгтӕ уыдысты – хъуынджын, гуыбыр ӕмӕ ӕнарӕхст. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уӕд уыдис ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй конд кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, нау аразгӕйӕ Ной дӕр пайда кодта. Уӕды рӕстӕг уыдис музыкалон инструменттӕ дӕр. Адӕм устытӕ куырдтой, мой кодтой, хъомыл кодтой сывӕллӕттӕ, кодтой зӕххы куыст, дардтой фос, цыдӕртӕ уӕй кодтой ӕмӕ ӕлхӕдтой. Уӕд адӕм цардысты, абон куыддӕриддӕр цӕрынц, афтӕ (Райдиан 4:20–22; Лукайы 17:26–28).
Иннӕмӕй та, уӕды цард абоны цардӕй тынг хицӕн кодта. Иу уымӕй, ӕмӕ уӕд адӕм бирӕ фылдӕр цардысты – 800 азӕй фылдӕр. Ной фӕцард 950 азы, Адам – 930, Нойы фыдыфыд Мафусал та – 969 азыa (Райдиан 5:5, 27; 9:29).
Уӕды рӕстӕг ма абоны цардӕй цӕмӕй хицӕн кодта, уый тыххӕй кӕсӕм Библийы: «Зӕххыл адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, гуырди сын чызджытӕ дӕр. Ӕмӕ Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой, зӕххон чызджытӕ куыд рӕсугъд сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой» (Райдиан 6:1, 2). «Хуыцауы фырттӕ» уыдысты, уӕлӕрвты сӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта ӕмӕ адӕймаджы хуызы зӕххыл цӕрын чи райдыдта, уыцы зӕдтӕ. Зӕхмӕ сӕ Хуыцау нӕ рарвыста, стӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ дӕр не ’рцыдысты. Уыцы зӕдтӕ «сӕ цӕрӕнбынат... ныууагътой», цӕмӕй сылгоймӕгтимӕ цардаиккой. Афтӕмӕй систы дӕлимонтӕ (Иудӕйы 6).
Дӕлимонтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, уыдысты хӕлд ӕмӕ адӕмӕй бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ зондджындӕр. Се ’взӕр зондахаст адӕмыл тынг фӕзынд. Ӕвӕццӕгӕн, адӕмыл сӕхи хицау кодтой. Сусӕгӕй фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм фыдгӕнджыты хуызӕн нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕргом цыдысты Хуыцауы ныхмӕ.
Уыцы дӕлимонтӕ цардысты сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ-иу сын райгуырд сывӕллӕттӕ. Уыцы сывӕллӕттӕ-иу куы бахъомыл сты, уӕд-иу систы тынг тыхджын. Дзуттаг ӕвзагыл сӕ хуыдтой нефилимтӕ. Библийы фыст ис: «Уыцы заман, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, зӕххыл царди уӕйыг адӕм, уымӕн ӕмӕ-иу Хуыцауы фырттӕ ӕмуат ӕрцыдысты зӕххон чызджытимӕ, ӕмӕ-иу сын райгуырд лӕппутӕ – уыдон уыдысты уӕйыг адӕм, ӕмӕ уыдысты тыхджын ӕмӕ уӕды заман зындгонд» (Райдиан 6:4). Нефилимтӕ адӕмы тасы ӕфтыдтой. Дзырд «нефилим» нысан кӕны, иннӕты чи фӕлдахы кӕнӕ ӕппары, уый. Уыдон уыдысты ӕгъатыр лӕгмартӕ ӕмӕ сӕ кой баззад аргъӕутты ӕмӕ таурӕгъты дӕр.
Рӕстгӕнджыты хъизӕмӕрттӕ
Библийы фыст ис, уыцы рӕстӕг адӕм тынг хӕлд кӕй уыдысты. «Адӕм бынысӕфт фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл... Зӕхх... фыдмитӕй байдзаг. Адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл» (Райдиан 6:5, 11, 12).
Ахӕм дунейы цард Ной. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдонӕй уӕлдай, «Ной уыди рӕстгӕнӕг» ӕмӕ «цыди Хуыцауимӕ» (Райдиан 6:9). Рӕстгӕнӕгӕн ӕнцон цӕрӕн нӕу фыдгӕнджыты ’хсӕн. Уӕдӕ куыд зын уыдаид Нойӕн, йӕ алыварс адӕм цы дзырдтой ӕмӕ цы арӕзтой, уымӕ кӕсын! Ӕвӕццӕгӕн ын уыд Лоты зӕрдӕйы уаг. Лот уыд раст адӕймаг ӕмӕ цард Доны хъаймӕты фӕстӕ. Лот сфӕлмӕцыд Содомы адӕмы «амӕй-ай хӕлддӕр митӕй» ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ рысти, се ’хсӕн цӕргӕйӕ алы бон цытӕ уыдта ӕмӕ цытӕ хъуыста, уыдӕттӕй – сӕ фыдхъуыддӕгтӕй» (2 Петры 2:7, 8). Раст ахӕм уавӕры уыд Ной дӕр.
Ног хабӕртты цытӕ фехъусыс кӕнӕ адӕм сӕхи куыд дарынц, уый куы фӕуыныс, уӕд дӕ зӕрдӕ нӕ фӕриссы? Кӕд о, уӕд Нойы хорз ӕмбардзынӕ. Ахъуыды-ма кӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн 600 азы цӕрын куыд зын уыдаид, ууыл! Раст уый бӕрц фӕцард Ной, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Куыд тынг ӕй фӕндыд уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕн сӕ кӕрон фенын! (Райдиан 7:6).
Ной иннӕты хуызӕн кӕй нӕ уыд, уымӕй не ’фсӕрмы кодта
Ной, «йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн» (Райдиан 6:9). Уӕ хъус-ма ӕрдарут, Библийы афтӕ фыст кӕй нӕй, ӕмӕ йӕм адӕмы цӕстӕй кӕсгӕйӕ нӕ уыд фау ӕрхӕссӕн. Ӕнӕфау уыд Хуыцауы цӕсты, адӕмы цӕсты та Ной уыд ӕнахуыр адӕймаг. Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, адӕмы зондыл кӕй нӕ цыд ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй дард кӕй лӕууыд. Ахъуыды-ма кӕнут, адӕм ӕм цы цӕстӕй кастысты, нау аразын куы райдыдта, уӕд! Ӕвӕццӕгӕн ыл худтысты ӕмӕ йын йӕ ныхӕстыл не ’ууӕндыдысты.
Уымӕй уӕлдай, Нойӕн уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй дзырдта иннӕтӕн дӕр. Библийы фыст ис, Ной «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» кӕй уыд (2 Петры 2:5). Ной зыдта, йӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты. Йӕ фыды фыдыфыд Енох уыд рӕстгӕнӕг ӕмӕ дзырдта, Хуыцау фыдгӕнджытӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй адӕм Енохы ныхмӕ цыдысты, фӕлӕ йӕ Хуыцау амарын нӕ бауагъта (Райдиан 5:18, 21–24; Дзуттӕгтӕм 11:5; 12:1; Иудӕйы 14, 15). Ной цы хабар хъусын кодта, уый ныхмӕ уыдысты Хӕйрӕг, дӕлимонтӕ, нефилимтӕ ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ныфсджын уыдаид ӕмӕ ӕууӕндыдаид, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн.
Хуыцауы адӕмы ныхмӕ алкӕддӕр цыдысты. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр нӕ уарзтой (Матфейы 10:22; Иоанны 15:18). Ной ныфсджынӕй лӕггад кодта Хуыцауӕн, кӕд уый адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр. Ной ӕмбӕрста, адӕм дӕ разы уой, уымӕй ахсджиагдӕр кӕй у Хуыцауы хорзӕх ссарын. Ӕмӕ Хуыцау райгонд уыд Нойӕ.
Ной ӕмбӕрста, цы рӕстӕджы цӕрд, уый
Куыд федтам, афтӕмӕй Ной адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы ныхӕстӕ. Цымӕ йӕм хъуыстой? Библийы фыст ис: «Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыд, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта». Адӕм Нойы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой (Матфейы 24:38, 39).
Чырысти загъта, нӕ рӕстӕджы дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн. Ныр сӕдӕ азӕй фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы фӕдзӕхсынц, тагъд Йегъовӕ ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ног дуне кӕй скӕндзӕн. Кӕд уыцы ныхӕстӕм бирӕтӕ байхъуыстой, уӕддӕр сӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц. Уыдон ницӕмӕ дарынц, Доны хъаймӕт ӕцӕгдӕр кӕй уыд, уый (2 Петры 3:5, 13).
Фӕлӕ Ной ӕмбӕрста, цы рӕстӕджы цард, уый. Йегъовӕ Хуыцауы ныхӕстыл ӕууӕндыд, ӕмӕ йӕм кӕй байхъуыста, уый фӕрцы фервӕзт. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау Нойы, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:7).
Ной нын у фӕзминаг
Ной сарӕзта стыр нау – футболӕй хъазӕн фӕзӕй стырдӕр ӕмӕ фондзуӕладзыгон хӕдзарыйас. Уыцы нау уыд, хъӕдӕй конд наутӕй ӕппӕты стырдӕр чи уыд, уымӕй 30 метры даргъдӕр. Ной цы нау сарӕзта, уый кӕд денджызы ленк кӕнынӕн нӕ уыд, уӕддӕр хъуамӕ доныл лӕууыдаид. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм нау саразынӕн хъуыд стыр зонындзинӕдтӕ. Ӕддейӕ ӕмӕ йӕ мидӕгӕй хъуыд писийӕ байсӕрдын. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ саразыныл ацыд 50 азӕй фылдӕр (Райдиан 6:14–16).
Уымӕй уӕлдай, Ной хъуамӕ афӕдзы фаг хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтаид йӕ бинонтӕн ӕмӕ сырдтӕн. Стӕй ма йӕ Доны хъаймӕты размӕ сырдты науы бакӕнын хъуыд. «Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ». Куыд ӕхсызгон ын уыдаид, алцыдӕр куы сарӕзта ӕмӕ Йегъовӕ науы дуар куы сӕхгӕдта, уӕд! (Райдиан 6:19–21; 7:5, 16).
Уый фӕстӕ райдыдта Доны хъаймӕт. Къӕвда уарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы. Науы чидӕриддӕр уыд, уыдон дзы фесты ӕнӕхъӕн аз, цалынмӕ зӕхх бынтондӕр нӕ бахус, уӕдмӕ (Райдиан 7:11, 12; 8:13–16). Ӕвзӕр адӕм се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты, ӕрмӕст Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ аирвӕзтысты.
Библийы фыст ис, Доны хъаймӕт кӕй «равдыста, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый». Куыд? Библийы кӕсӕм: «Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фесафыны бонмӕ». Фӕлӕ Нойы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр иуӕй-иутӕ фервӕздзысты. Ма дызӕрдыг кӕнут, «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны фӕлварӕнтӕй куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын», уый (2 Петры 2:5, 6, 9; 3:7).
Ной уыд Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ раст адӕймаг, кӕд йӕ алыварс ӕвзӕр адӕм цард, уӕддӕр. Алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ каст. Ной ныфсджынӕй арӕзта, раст цы уыд, уый, кӕд ӕмӕ зыдта, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдонӕн ӕнӕуынон кӕй уыдзӕн ӕмӕ йыл кӕй худдзысты. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Нойы бафӕзмӕм, ӕмӕ уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзыстӕм ӕмӕ цӕрдзыстӕм, тагъд цы ног дуне уыдзӕн, уым (Псалом 37:9, 10).
[Фиппаинаг]
a Кӕс 2007 азы июлы журнал «Пробудитесь!», 30 фарс, статья «Неужели люди так долго жили?».
[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]
Нефилимты ӕгъатыр миты кой баззад аргъӕутты ӕмӕ таурӕгъты
[Ныв 7 фарсыл]
Нойы куы фӕзмӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзыстӕм
[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]
Alinari/Art Resource, NY