Кӕсджыты фарстатӕ
Йӕ мады гуыбыны цы сывӕллон амард, уый ма райгас уыдзӕн?
Ахӕм бӕллӕх кӕуыл не ’рцыд, уыдонӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа бамбарын, уыцы рыст чи бавзӕрста, уыцы адӕмы. Ахӕм хабар кӕуыл ӕрцӕуы, уыцы ныййарджытӕй чидӕртӕ тынг фӕмаст кӕнынц, сӕхицӕн бынат нал фӕарынц. Зӕгъӕм, иу сылгоймагыл дӕр ӕрцыд ахӕм хабар: фондз хатты йӕхи бар нӕ уыди ӕмӕ фондз хатты дӕр бавзӕр. Фӕстӕдӕр хъӕбулы ад бавзӕрста, райгуырди йын дыууӕ фырыхъулы хуызӕн фырты. Фӕлӕ дзы рох никуы уыдысты, кӕй фесӕфта, уыцы сывӕллӕттӕ. Цӕрӕнбонты йӕ зӕрдыл дардта, куы нӕ амардаиккой, уӕд дзы чи цы кары уыдаид, уый. Цымӕ ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыцы чырыстӕттӕн сӕ бон ӕууӕндын у, ног дунейы сӕ сывӕллӕттӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл?
Раст куы зӕгъӕм, уӕд ацы фарстӕн дзуапп нӕ зонӕм. Библийы комкоммӕ никуы ис фыст, кӕй райгас уыдзысты, мардӕй чи райгуыры, уыцы сывӕллӕттӕ кӕнӕ, сывӕрджын сылгоймаг куы бавзӕр вӕййы, уӕд кӕй фесафы, уыцы сывӕллон (выкидыш). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы ис, ацы фарстамӕ чи хауы ӕмӕ иу гыццыл уӕддӕр удӕнцой чи хӕссы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ.
Ӕркӕсӕм, кӕрӕдзиимӕ баст чи у, дыууӕ ахӕм фарстамӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты адӕймаджы цард кӕд райдайы: сывӕллон мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд ӕви куы райгуыры? Дыккаг та, Йегъовӕ, чи нӕ райгуырд, уыцы сывӕллонмӕ цы цӕстӕй кӕсы: хицӕн удыл ӕй нымайы ӕви нӕ? Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ацы фарстатӕн дӕттынц бӕлвырд дзуаппытӕ.
Моисейы Закъонӕй хорз зыны, адӕймагӕн йӕ цард, куы райгуыры, уӕд кӕй нӕ райдайы, фӕлӕ бирӕ раздӕр. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, сывӕрджын сылгоймаджы исчи куы ныццавтаид ӕмӕ куы фефтыдтаид, уӕд ӕй чи ныццавтаид, уый хъуыди амарын. Дӕ хъус-ма ӕрдар мӕнӕ ацы закъонмӕ: «Хъуамӕ фыст ӕрцӕуа уды тыххӕй уд»a (Рац. 21:22, 23). Уӕдӕ йӕ мады гуыбыны чи ис, уыцы сывӕллон у удӕгас адӕймаг ӕмӕ цӕргӕ уд. Ацы хабар чырыстӕттӕ хорз ӕмбарынц ӕмӕ аборт кӕныныл нӕ разы кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ нымайынц стыр тӕригъӕдыл Хуыцауы раз.
Уӕдӕ чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллон у удӕгас. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ цардӕн куыд тынг аргъ кӕны? Уӕлдӕр цы закъоны кой кодтам, уымӕ гӕсгӕ, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллон стыр адӕймаджы аххосӕй куы амардаид, уӕд уыцы адӕймагӕн йӕхи дӕр хъуыди амарын. Ардыгӕй зыны, Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ кӕй у, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны цард. Уымӕй уӕлдай, Библийы ма бирӕ ӕндӕр стихтӕй дӕр зыны, Йегъовӕ ахӕм сывӕллоны хицӕн удгоймагыл кӕй нымайы. Зӕгъӕм, паддзах Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ мады гуыбыны мӕ хъахъхъӕдтай. [...] Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты, уыцы бонты тыххӕй, кӕд ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма уыди, уӕддӕр» (Пс. 139:13–16; Иов 31:14, 15).
Йегъовӕ ма уыны, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллӕттӕм кӕй ис цавӕрдӕр бӕрӕг миниуджытӕ ӕмӕ фидӕны цавӕр адӕймӕгтӕ суыдзысты, уый. Исахъы ус Ревеккӕ йӕ гуыбыны фазӕттӕ куы хаста, уӕд Йегъовӕ пехуымпар-ныхас загъта, йӕ гуыбыны кӕрӕдзи чи цавта, уыцы дыууӕ лӕппуйы тыххӕй. Ацы пехуымпарадӕй зыны, Хуыцау сын гуыбынмӕ дӕр сӕ миниуджытӕ кӕй уыдта. Уыцы миниуджытӕ та фидӕны тынг бирӕ адӕмы цардыл бандӕвтаиккой (Райд. 25:22, 23; Ром. 9:10–13).
Цымыдисаг ма у Аргъауӕг Иоанны хабар дӕр. Евангелийы фыст ис: «Елизаветӕ Марийӕйы ныхӕстӕ куыддӕр фехъуыста, афтӕ сывӕллон йӕ гуыбыны стӕлфыд. Уӕд Елизаветӕ сыгъдӕг удӕй схайджын» (Лук. 1:41). Ацы цау афыссыны тыххӕй дохтыр Лука спайда кодта ахӕм грекъаг дзырдӕй, ӕмӕ йӕ ахӕссӕн уыди, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллонмӕ дӕр ӕмӕ чи райгуырд, уымӕ дӕр. Лука ма ацы дзырдӕй спайда кодта, гыццыл Йесо кӕвдӕсы куы хуыссыд, уый тыххӕй куы фыста, уӕд дӕр (Лук. 2:12, 16; 18:15).
Уӕдӕ Библийӕ цы стихтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй цымӕ ахӕм хатдзӕг ис скӕнӕн, ӕмӕ, мады гуыбыны чи ис, уый ӕмӕ, фыццаг улӕфт чи скодта, уыцы сывӕллон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Уыцы хъуыдымӕ ’рцыдысты ахуыргӕндтӕ дӕр. Зӕгъӕм, уыдон базыдтой, сывӕллон йӕ мады гуыбыны куы вӕййы, уӕд кӕй фембары, ӕддейӕ цы фӕцӕуы, уый. Уӕдӕ диссаг нӕу, сывӕрджын сылгоймаджы, ӕмӕ йӕ гуыбыны цы сывӕллон рӕзы, уый ’хсӕн ахӕм ӕнгом ахастытӕ кӕй фӕзыны, уый.
Куыд зыны, афтӕмӕй сывӕллон кӕд райгуырдзӕн, уымӕн стыр нысаниуӕг нӕй. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Иу сылгоймаг афонӕй раздӕр ныййардта удӕгас сывӕллон, фӕлӕ йын цалдӕр боны фӕстӕ амард. Иннӕ та йӕ ’мгъуыд рӕстӕгмӕ фӕхаста, фӕлӕ арыны размӕ йӕ гуыбыны амард. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, фыццаг сылгоймагӕн йӕ сывӕллон райгас уыдзӕн, ӕмгъуыдӕй раздӕр кӕй райгуырд, уый тыххӕй,– ӕмӕ дыккаг сылгоймаджы сывӕллон та нӕ райгас уыдзӕн?
Уӕдӕ хатдзӕг скӕнӕн ис: Библи бӕлвырдӕй дзуры, ног адӕймаджы цард кӕй райдайы, сывӕллон мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд ӕмӕ Йегъовӕ стыр аргъ кӕй кӕны, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны цардӕн ӕмӕ йӕ хицӕн удыл кӕй нымайы. Ацы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, ӕмӕ раст кӕй нӕу афтӕ дзурын, зӕгъгӕ, йӕ мады гуыбыны чи амард, уыцы сывӕллонӕн райгасдзинады ныфс нӕй. Уыдонӕн ма сӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ уыцы хъуыды у, мах аборт кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый ныхмӕ (ӕмӕ мах аборт кӕныныл кӕй нӕ разы кӕнӕм, уый та бындуриуӕг кӕны уыцы ахуырӕдтыл).
Йӕ мады гуыбыны чи амард, уыцы сывӕллӕттӕ райгас уыдзысты ӕви нӕ, уый фӕдыл нӕ журналы ӕвзӕрст цыди алыхуызон фарстатӕ, ӕмӕ уыдонӕй афтӕ зыны, цыма, ахӕм сывӕллӕттӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дызӕрдыггаг у. Зӕгъӕм, зӕххыл дзӕнӕт куы ралӕууа, уӕд цымӕ Хуыцау, кӕддӕр мады гуыбыны чи сӕвзӕрд, уыцы гуырдз ногӕй уырдӕм рахӕсдзӕн? Фӕлӕ Разамонӕг совет ацы фарст ноджы лӕмбынӕгдӕр куы раиртӕста ӕмӕ уый фӕдыл Хуыцаумӕ бирӕ куы фӕкуывта, уӕд ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: ацы хъуыдытӕ райгасдзинады ныфсимӕ баст не сты. Йесо загъта: «[Хуыцауӕн] алцыдӕр у йӕ бон» (Марчы 10:27). Уый афтӕ кӕй у, уый зыны Йесойӕн йӕхи хабарӕй дӕр, Хуыцау ын йӕ цард уӕлӕрвтӕй рахаста ӕнӕцыд чызджы хуылфмӕ – адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ та уымӕн гӕнӕн нӕй.
Цымӕ цӕуыл ӕрныхас кодтам ӕмӕ Библийӕ цы базыдтам, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, йӕ мады гуыбыны чи амард, уыцы сывӕллӕттӕ райгас уыдзысты? Фӕнды нӕ бахахх кӕнын: Библи ацы фарстӕн бӕлвырд дзуапп нӕ дӕтты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чидӕр хъӕддыхӕй дзура, зӕгъгӕ, уыцы сывӕллӕттӕ райгас уыдзысты, уымӕн ын бындур нӕй. Ацы хъуыддаджы фӕдыл нырма бирӕ фарстатӕ сӕвзӕрдзӕн. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, нӕхи куы хизиккам, бӕлвырд цы нӕ зонӕм, уыдӕттыл дзурынӕй. Нӕ бон фидарӕй у зӕгъын ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ ацы хъуыддаг ис Йегъовӕ Хуыцауы къухы – уый та у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы (Пс. 86:15). Дзырд дӕр ыл нӕй, уый тынг кӕй фӕнды мӕлӕтӕн кӕрон скӕнын ӕмӕ, чи амард, уыдоны иууылдӕр райгас кӕнын (Иов 14:14, 15). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Ацы фыддуне нын цы бирӕ хъӕдгӕмттӕ скодта, уыдон нын уый иууылдӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн, йе стыр уарзондзинадӕй йӕ Фыртӕн куы зӕгъа, «цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоан. 3:8).
[Фиппаинаг]
a Ацы стих Библийы иуӕй-иу тӕлмацты афтӕ фыст у, ӕмӕ бамбарӕн ис, зӕгъгӕ, мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн уыдаид, ӕрмӕстдӕр-иу мад куы амардаид, уӕд. Фӕлӕ рагон дзуттаг текстӕй куыд зыны, афтӕмӕй закъоны дзырд цыди мад кӕнӕ, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоныл.
[Ныв 13 фарсыл]
Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ иууылдӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн