Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/10 10–11 фф.
  • Адӕмы фидӕны тыххӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕмы фидӕны тыххӕй
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цымӕ Чырысти адӕмӕн уӕларвон цардӕй зӕрдӕ бавӕрдта?
  • «Гыццыл дзуг» уӕлӕрвтӕм цӕмӕн цӕуы?
  • Иннӕтӕн та Чырысти цавӕр ныфс бавӕрдта?
  • Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?
  • Ӕнусон цард зӕххыл – Чырысти уый тыххӕй дзырдта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цымӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/10 10–11 фф.

Цы нын дзуры Чырысти

Адӕмы фидӕны тыххӕй

Цымӕ Чырысти адӕмӕн уӕларвон цардӕй зӕрдӕ бавӕрдта?

О. Чырысти куы райгас, уӕд йӕхӕдӕг дӕр ссыди уӕлӕрвтӕм йӕ Фыдмӕ. Йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады размӕ йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн загъта: «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис... Ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон» (Иоанны 14:2). Фӕлӕ уӕлӕрвтӕм хъуамӕ ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ ссыдаиккой. Уый тыххӕй Чырысти бӕлвырдӕй загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32).

«Гыццыл дзуг» уӕлӕрвтӕм цӕмӕн цӕуы?

Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй уыцы гыццыл дзуг Чырыстиимӕ уӕлӕрвты йӕ Паддзахады хицӕуттӕ уой. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йесо куы райгас, уый фӕстӕ апостол Иоаннӕн раргом кодта, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ «зӕххӕн [кӕй] уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 1:1; 5:9, 10). Уый ӕцӕг хорз хабар у, уымӕн ӕмӕ адӕмы тынг хъӕуы хорз хицауад. Цымӕ уыцы Паддзахадӕн Чырыстийы разамындӕй цы бантысдзӕн? Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ӕрбада ӕмӕ ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд сымах дӕр, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл» (Матфейы 19:28). Чырысти ӕмӕ йемӕ хицӕуттӕ чи уыдзысты, уыдоны разамындӕй алцыдӕр «ногӕй» арӕзт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ адӕм цӕрдзысты дзӕнӕты, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд ракӕныны размӕ цы уавӕрты цардысты, ахӕм уавӕрты.

Иннӕтӕн та Чырысти цавӕр ныфс бавӕрдта?

Хуыцау Чырыстийы сфӕлдыста уӕларвон цардӕн, адӕмы та – зӕххыл цӕрынӕн (Псалом 115:16). Уымӕ гӕсгӕ Чырысти загъта: «Сымах стут зӕххӕй, ӕз та дӕн уӕларвӕй» (Иоанны 8:23). Йесо дзырдта, адӕммӕ цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матфейы 5:5). Чырысти ма загъта, Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ’рцыдысты фыст, уыдон: «Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:11, 29).

Уӕдӕ уӕларвмӕ цы «гыццыл дзуг» цӕуы, ӕрмӕст уыдон нӕ цӕрдзысты ӕнустӕм. Чырысти загъта, иннӕ адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16).

Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?

Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, адӕмы кӕй ничиуал ӕфхӕрдзӕн, ӕмӕ бамбарын кодта, кӕй аххосӕй хъизӕмар кӕнынц, уый: «Ныр уыдзӕн тӕрхон ацы дунейӕн, ныр ацы дунейы хицау тард ӕрцӕудзӕн» (Иоанны 12:31). Фыццаджыдӕр, Хуыцау тӕрхон рахӕсдзӕн ӕмӕ фесафдзӕн, рӕстгӕнджытӕ зындзинӕдтӕ кӕй тыххӕй ӕвзарынц, уыцы фыдгӕнджыты. Дыккаджы та, Хӕйрӕг «тард ӕрцӕудзӕн» ӕмӕ адӕмы нал сайдзӕн.

Чи амард ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕмы хабар та куыд уыдзӕн? Чырысти загъта, йӕ фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Йесо уыцы адӕймаджы ӕмӕ милуангай иннӕ адӕмы райгас кӕндзӕн зӕххыл дзӕнӕты ӕмӕ сын фадат ратдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй базоной. Уыцы адӕмӕн фӕзындзӕн фадат, цӕмӕй, ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ рӕстгӕнӕг адӕмы ’хсӕн уой.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 ӕмӕ 7 сӕртӕйa

[Фиппаинаг]

a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 11 фарсыл]

«Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын