Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта?
«Йесо... зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта» (ЛУКАЙЫ 8:1).
ДЗЫХ у зӕрдӕйы дуар. Чырысти йӕхӕдӕг дӕр загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матфейы 12:34). Чырысти цӕй тыххӕй хъусын кодта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад ын тынг зынаргъ кӕй уыд, уый.
Цы у Хуыцауы Паддзахад? Паддзахад у, паддзах кӕм ис, ахӕм хицауад. Чырысти тынг арӕх дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, йӕ ныхас сӕйрагдӕр ууыл уыд. Евангелиты уыцы Паддзахады кой цӕуы 110 хаттӕй фылдӕр. Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый хорз бӕрӕг уыд Чырыстийӕн, ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр.
Чи у йӕ Паддзах? Хуыцауы Паддзахады Хицауы адӕм нӕ равзӕрстой, фӕлӕ Хуыцау йӕхӕдӕг. Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау уый кӕй равзӕрста уыцы бынатмӕ.
Чырысти йӕ зыдта, Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ Зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй хъуамӕ уа ӕнусон Паддзахады Хицау (2 Самуилы 7:12–14; Данел 7:13, 14; Матфейы 26:63, 64). Йесо йӕхи Зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй схуыдта, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Хуыцау ӕй Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый кӕй зыдта (Иоанны 4:25, 26). Уӕдӕ цалдӕр хатты «мӕ паддзахад», зӕгъгӕ, кӕй загъта, уым диссагӕй ницы ис (Иоанны 18:36).
Чырысти ма загъта, Хуыцауы Паддзахады йемӕ ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр кӕй уыдзӕн (Лукайы 22:28–30). Бӕлвырд нымӕц сын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ схуыдта «гыццыл дзуг». Чырысти сын загъта: «Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32). Библийы фӕстаг чиныджы фыст ис, ахӕм кад кӕй ӕрхауд ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймагмӕ (Раргомад 5:9, 10; 14:1).
Хуыцауы Паддзахад кӕцӕй дӕтдзӕн разамынд? Чырысти Понти Пилатӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Уыцы Паддзахад разамынд адӕмы ’руаджы нӕ дӕтдзӕн. Йесо Хуыцауы Паддзахад арӕх хуыдта «уӕларвон паддзахад»a (Матфейы 4:17; 5:3, 10, 19, 20). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн уӕлӕрвтӕй.
Чырысти фидарӕй зыдта, йӕ зӕххон царды фӕстӕ уалӕрвтӕм кӕй аздӕхдзӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, уӕлӕрвты сын бынат кӕй ӕрцӕттӕ кӕндзӕн, цӕмӕй уыдон дӕр фидӕны йемӕ паддзӕхтӕ уой (Иоанны 14:2, 3).
Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн? Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Абон уӕлӕрвты алцыдӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ у. Йӕ Паддзахады уылты Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, зӕххы тыххӕй дӕр ӕм цы фӕндон ис, уый. Уый тыххӕй йӕ Паддзахад зӕххыл бирӕ цыдӕртӕ фӕивдзӕн.
Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цы сараздзӕн? Чырысти дзырдта, Хуыцауы Паддзахад кӕй фесафдзӕн, фыддзинад чи аразы, уыдоны (Матфейы 25:31–34, 46). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зӕххыл цӕрдзӕн «фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у», рӕстдзинад чи агуры, иннӕтӕн чи тӕригъӕд кӕны, адӕмимӕ хӕларӕй чи цӕры ӕмӕ «сыгъдӕгзӕрдӕ» чи у, ахӕм адӕм (Матфейы 5:5–9).
Цымӕ уыцы хорз адӕм чъизи зӕххыл цӕрдзысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцауы Паддзахады фӕрцы зӕхх йӕ хуыз кӕй скалдзӕн. Йӕ фарсмӕ хъӕдыл цы фыдгӕнӕг ауыгъд уыд, уый йын балӕгъстӕ кодта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Чырысти та йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:42, 43). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахад ногӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр скӕндзӕн дзӕнӕт – кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны цы дзӕнӕт уыд, ахӕм.
Хуыцауы Паддзахад ма адӕмӕн цы сараздзӕн? Чырысти ӕрмӕст зӕгъгӕ нӕ кодта, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн уый, фӕлӕ ма йӕ ’вдисгӕ дӕр ракодта. Зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы сӕ низтӕй дзӕбӕх кодта, ӕмӕ уымӕй равдыста, фидӕны Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд адӕмӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, уый. Библийы Чырыстийы тыххӕй фыст ис: «Зилын байдыдта ӕгас Галилейыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алы низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыд, уыдоны» (Матфейы 4:23).
Чырысти адӕмы алыхуызон низтӕй дзӕбӕх кодта. Зӕгъӕм, цӕстӕй ракӕсын кодта, «куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймаджы» (Иоанны 9:1–7, 32, 33). Хъотырӕй рынчын адӕймагмӕ фӕлмӕнӕй бандзӕвыд ӕмӕ йӕ йе ’лгъаг низӕй сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:40–42). «Къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы» йӕм куы ӕрбакодтой, уӕд равдыста йӕ бон кӕй у, «къуырматы... хъусынхъом кӕнын, ӕгомыгты та – дзурынхъом» (Марчы 7:31–37).
Хуыцауӕй ӕвӕрд Паддзахы бар суанг мӕлӕтыл дӕр цӕуы. Библийы фыст ис, Чырысти ӕртӕ мард адӕймаджы кӕй райгас кодта: идӕдз усы иунӕг лӕппуйы, 12-аздзыд чызджы ӕмӕ йе ’мбал Лазӕры (Лукайы 7:11–15; 8:41–55; Иоанны 11:38–44).
Адӕммӕ цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Чырысти апостол Иоанны уылты загъта: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 1:1; 21:3, 4). Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: нал ис масты цӕссыгтӕ, адӕмӕй ницыуал риссы ӕмӕ мӕлӕт дӕр нал ис! Уӕд ӕцӕгдӕр сӕххӕст уыдзысты Чырыстийы зындгонд куывды ныхӕстӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уыдзӕн зӕххыл дӕр.
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн? Чырысти бамбарын кодта, Паддзах куы суа, уӕд ма кӕй ӕрцӕудзӕн ноджы иу ахсджиаг хабар – райдайдзӕн, йе ’рцыд кӕй схуыдта, уыцы рӕстӕг. Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райсдзӕн, уый бамбарын кӕнынӕн ранымадта, уыцы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый: уыдзӕн хӕстытӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ, адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг, сарӕх уыдзысты фыднизтӕ, стӕй ӕвзӕрдзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн (Матфейы 24:3, 7–12; Лукайы 21:10, 11). Ацы хабӕрттӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр ӕвирхъау цаутӕ райдыдтой Фыццаг дунеон хӕстӕй – 1914 азӕй. Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Чырысти дӕр уыцы аз кӕй сси Паддзах. Хуыцауы Паддзахад тагъд зӕххыл сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндонb.
Хуыцауы Паддзахад зӕххы хъуыддӕгтӕм куы бавнала, уӕд уый дӕуыл куыд фӕзындзӕн? Фидӕны нӕ алкӕмӕ дӕр цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый аразгӕ у, Чырысти кӕй хъусын кодта, уыцы хабармӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Дзырдбаст «уӕларвон паддзахад» Библийы, Матфейы чиныджы, ӕмбӕлы 30 хатты бӕрц.
b Хуыцауы Паддзахад тагъд зӕххы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 9 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.