Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 15/12 6 ф.
  • Бахъуыды кодтай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бахъуыды кодтай?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕстӕртӕ, уе ’мгӕртты зондыл ма цӕут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 15/12 6 ф.

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Ӕркӕс-ма, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

• Хуыцау израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд сын сӕ разӕй кӕцы зӕды рарвыста?

Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы ном чи хаста, уыцы зӕды, йӕ фыццаггуырд Фырты, ома Йесойы (15.9., 21 фарс).

• Адӕймаг Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕфсӕнттӕ агурын куы райдайы, уӕд уыдонӕй Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцытӕ нӕ фӕцӕуынц?

Ахӕм ӕфсӕнттӕ, зӕгъӕм: тынг зын мын у, нӕ мӕ фӕнды, рӕстӕг мын нӕй, нӕ сарӕхсдзынӕн, фӕхъыг мӕ кодтой. Адон ӕфсӕнттӕ схонӕн нӕй, цӕмӕй нын, Хуыцау цы бахӕс кодта, уый ма ӕххӕст кӕнӕм (15.10., 12–15 фӕрстӕ).

• Цӕмӕй не ’мбырдтӕ нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фидар кӕной, уый тыххӕй цы хъӕуы?

Дӕхи цӕттӕ кӕн. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕн. Афоныл-иу ӕрбацу. Демӕ-иу алцыдӕр ӕрбахӕсс. Лӕмбынӕг хъус. Ӕмбырды архай. Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Дӕ хӕслӕвӕрд-иу дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн. Ӕмбырды чи архайы, уыдонӕй ӕппӕл. Иннӕтимӕ-иу аныхас кӕн (15.10., 22 фарс).

• Аарон иннӕты зондыл кӕй ацыд, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

Моисей хохмӕ куы схызт, уӕд израилӕгтӕ Ааронмӕ куы ныууырдыг сты, цӕмӕй сын сызгъӕрин род сарӕзтаид, уӕд сын сразы ис. Аароны хабарӕй бӕрӕг у, ӕмгӕртты зонд ӕрмӕст кӕстӕртыл кӕй нӕ фӕзыны. Фӕзыны ма, раст цы у, уый аразын кӕй фӕфӕнды, уыцы стыртыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй не ’мгӕртты ӕвзӕр зондыл ма ацӕуӕм (15.11., 8 фарс).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын