Баввахс у Хуыцаумӕ
Манасси Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодта
«МӔХИ зӕххӕй сисыны аккагыл дӕр нал нымадтон»,– загъта, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ чи зыдта, фӕлӕ йын фӕстӕдӕр йӕ фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, иу ахӕм нӕлгоймаг. Йӕ цард фӕивын ӕй куы бафӕндыд, уӕд тарст, Хуыцау ын кӕй никуы ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ йын ныфсы хос фӕци Манассийы хабар. Фыст ис Библийы, 2 Азфыстыты 33:1–17 стихты. Кӕд ды дӕр дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй дӕхимӕ ныхъхъуыстай, уӕд дын Манассийы хабар удӕнцой ӕрхӕсдзӕн.
Манасси схъомыл Хуыцауӕн кувӕг бинонты ’хсӕн. Йӕ фыд Езеки уыд Иудӕйы хуыздӕр паддзӕхтӕй иу. Манасси райгуырд, Хуыцау ын йӕ фыды цӕрӕнбонтыл диссаджы хуызы куы бафтыдта, уымӕй ӕртӕ азы фӕстӕ (2 Паддзӕхты 20:1–11). Фидарӕй зӕгъӕн ис, Езеки йӕ фырты кӕй нымадта Хуыцауы лӕварыл ӕмӕ архайдта, цӕмӕй Манасси ӕцӕг Хуыцауы бауарзтаид. Фӕлӕ алы хатт афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ныййарджыты сӕ сывӕллӕттӕ бафӕзмынц. Афтӕ рауад Манассийы хабар дӕр.
Манассийыл 12 азы йеддӕмӕ нӕма цыд, йӕ фыд куы амард, уӕд. Хъыгагӕн, «Манасси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый» (1 ӕмӕ 2 стих). Цымӕ афтӕ уымӕн рауад, ӕмӕ ӕрыгон паддзахӕн цы уынаффӕгӕнджытӕ уыд, уыдон Хуыцауы ницӕмӕ дардтой? Библи уый тыххӕй ницы зӕгъы. Уым ӕрмӕст фыст ис, Манасси мӕнг хуыцӕуттӕн кувын кӕй райдыдта ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кодта. Мӕнг хуыцӕуттӕн нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта, йӕ фыртты нывондӕн хаста, хинтӕ-кӕлӕнтыл бафтыд ӕмӕ Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндоны къухӕйконд хуыцау сӕвӕрдта. Йегъовӕ хивӕнд Манассийы бирӕ хӕттыты фӕдзӕхста, фӕлӕ йын уый йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардта, афтӕмӕй та, кӕй райгуырд, уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕй бузныг хъуамӕ уыдаид (3–10 стихтӕ).
Фӕстагмӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Манассийы хъадаманты Вавилонмӕ уацары акодтой. Уым Манассийӕн уыд фадат йе ’взӕр хъуыддӕгтыл ахъуыды кӕнынӕн. Цымӕ бамбӕрста, къухӕйконд хуыцӕуттӕн сӕ бон кӕй ницы у ӕмӕ йын кӕй нӕ баххуыс кӕндзысты? Цымӕ йӕ зӕрдыл не ’рлӕууыдысты, гыццыл куы уыд, уӕд ын йӕ фыд Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта, уыдӕттӕ? Куыдфӕнды ма уыдаид, Манасси йӕ зондахаст фӕивта. Библи зӕгъы: «Йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта ӕмӕ... йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта... [ӕмӕ] Хуыцаумӕ куывта» (12 ӕмӕ 13 стих). Библи цы ӕвзагыл фыст ӕрцыд, уым ацы дзырдбаст, «лӕгъстӕ кӕнын», зӕгъгӕ, комкоммӕ у «цӕсгом ӕрфӕлмӕн кӕнын», ома зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнын. Фӕлӕ цымӕ ахӕм стыр тӕригъӕдтӕ чи ракодта, уымӕн Хуыцау ӕцӕгдӕр ныххатыр кодта?
Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд, Манасси зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый. Фехъуыста йын йӕ лӕгъстӕ, «ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркодта, фӕстӕмӕ йын йӕ паддзахы бартӕ радта» (13 стих). Манасси ӕцӕгӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый рабӕрӕг, йӕ рӕдыдтытӕ кӕй сраст кодта, уымӕй: Иудӕйы бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной» (15–17 стихтӕ).
Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕн ныххатыр кӕнӕн нӕй, уӕд Манассийы хабарыл ахъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ уый ныфс бауадздзӕн, уымӕн ӕмӕ ацы хабар Хуыцауы Ныхасы дзӕгъӕлы фыст не ’рцыд (Ромӕгтӕм 15:4). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ зонӕм, цӕттӕ кӕй у нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнынмӕ (Псалом 86:5). Йегъовӕ уымӕ нӕ кӕсы, адӕймаг цы тӕригъӕд ракодта, фӕлӕ йын кӕсы йӕ зӕрдӕмӕ. Йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны ӕмӕ йӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи кувы, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууадзы ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ аразын чи райдайы, уымӕн йӕ бон у Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнын, Манасси йын ӕй куыд ӕрфӕлмӕн кодта, афтӕ (Исай 1:18; 55:6, 7).
Январы библийӕ дӕ бон у бакӕсын:
◼ 2 Азфыстыты 29–36–Ездрӕ 1–10