Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/2 16–17 фф.
  • Чи у Хуыцау?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи у Хуыцау?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи у ӕцӕг Хуыцау?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцаумӕ йӕ номӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/2 16–17 фф.

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Чи у Хуыцау?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Чи у Хуыцау?

Ӕцӕг Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уый. Библи йӕ хоны «ӕнусты Паддзах». Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ йын райдиан дӕр нӕ уыд ӕмӕ йын кӕрон дӕр никуы уыдзӕн (Раргомад 15:3). Цард нын Хуыцау кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм. (Бакӕс Раргомад 4:11.)

2. Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

Хуыцауы никуы ничи федта, уымӕн ӕмӕ у ӕнӕуынгӕ. Адӕймагӕн цавӕр буар ис, ахӕм буар ын нӕй (Иоанны 1:18; 4:24). Хуыцаумӕ цавӕр миниуджытӕ ис, уый зыны, цы сфӕлдыста, уымӕй. Зӕгъӕм, дыргътӕ ӕмӕ дидинджытӕ куыд конд сты ӕмӕ цал хуызы сты, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ кӕй у стыр зонды хицау. Ӕгӕрон Дун-дуне та дзурӕг у йӕ тыхыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20.)

Хуыцауы тыххӕй ноджы фылдӕр базонӕн ис Библийӕ. Зӕгъӕм, Библи нын дзуры, Хуыцау цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд бакӕны, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 103:7–10.)

3. Хуыцауӕн ном ис?

Чырысти загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Кӕд Хуыцауӕн бирӕ титултӕ ис, уӕддӕр ын иунӕг ном йеддӕмӕ нӕй. Алы ӕвзагыл дӕр уыцы ном алыхуызон хъуысы. Иронау ӕй арӕхдӕр фӕдзурынц «Йегъовӕ». (Бакӕс Псалом 83:18.)

Библийы тӕлмацтӕй бирӕтӕй Хуыцауы ном айсынц ӕмӕ йӕ баивынц кады нӕмттӕ «Хицау» кӕнӕ «Хуыцау»-ӕй. Фӕлӕ Библи фыст куы ’рцыд, уӕд дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлд суанг 7 000 хатты бӕрц. Йесо Чырысти адӕмӕн Хуыцауы Ныхас куы ’мбарын кодта, уӕд Хуыцауы хуыдта йӕ номӕй. Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базыдтаиккой. (Бакӕс Иоанны 17:26.)

4. Цымӕ ныл Йегъовӕ тыхсы?

Йегъовӕйӕн уӕлдай кӕй не стӕм, уый бӕрӕг у, нӕ куывдтытӕм нын йӕхӕдӕг кӕй хъусы, уымӕй (Псалом 65:2). Зӕххыл афтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Хуыцау нӕ тыхсы? Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ нын Хуыцау хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, цӕмӕй нӕ бафӕлвара, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Библийы фыст ис: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза» (Иов 34:10; бакӕс Иаковы 1:13).

Хуыцау адӕймагӕн радта ахӕм бар, цӕмӕй уынаффӕтӕ йӕхӕдӕг хӕсса, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй нын аргъ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм сӕрибардзинад нын кӕй ис, уый тыххӕй Хуыцауӕй бузныг стӕм ӕмӕ нӕ фӕнды уымӕн лӕггад кӕнын (Йесо Навин 24:15). Уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ та уымӕн ис, ӕмӕ бирӕтӕ уыцы сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕнынц ӕмӕ иннӕты ӕфхӕрынц. Йегъовӕйы зӕрдӕ риссы уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ. (Бакӕс Райдиан 6:5, 6.)

Тагъд Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти кӕрон скӕндзӕн хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ, кӕй аххосӕй цӕуынц, уыдонӕн. Йегъовӕ адӕмы зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ кӕй бауагъта, уымӕн ис бӕлвырд аххосаг. Ӕмӕ уыцы аххосаг цы у, уый ацы рубрикӕйы лӕмбынӕгдӕр ӕвзӕрст цӕудзӕн ӕндӕр хатт. (Бакӕс Исай 11:4.)

5. Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ нӕ бон у базонын ӕмӕ йӕ уарзын. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй, чи у, уый бӕлвырдӕй базонӕм (1 Тимофеймӕ 2:4). Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хорз базондзыстӕм ӕмӕ не ’мбал суыдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:4, 5.)

Цард нын Йегъовӕ кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕй фылдӕр хъуамӕ уый уарзӕм. Нӕ уарзондзинад бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕм кувдзыстӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый кӕй араздзыстӕм, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 15:8). Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй адӕмы уарзӕм. (Бакӕс Марчы 12:29–31; 1 Иоанны 5:3.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org

[Ныв 17 фарсыл]

Искӕй рӕстӕгмӕ хъизӕмар кӕнын бауадзай, уымӕн ахсджиаг аххосаг вӕййы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын