Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/2 12 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/2 12 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Моисей цӕмӕн смӕсты ис Аароны фырттӕм, Елеазар ӕмӕ Ифамармӕ, се ’фсымӕртӕ Надав ӕмӕ Авиуд куы амардысты, уӕд? Ӕмӕ Моисейӕн йӕ маст куыд ссыд? (Лев. 10:16–20).

Левиттӕ Йегъовӕйы цатыры сауджынтӕй ӕвӕрд куы ӕрцыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ Аароны фыртты, Надав ӕмӕ Авиуды амардта, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг ын йӕ размӕ кӕй ӕрбахастой, уый тыххӕй (Лев. 10:1, 2). Моисей Аароны иннӕ дыууӕ фыртӕн загъта, цӕмӕй се ’фсымӕртыл ма куыдтаиккой. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Моисей Елеазармӕ ӕмӕ Ифамармӕ смӕсты ис, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы сӕгъ ӕрхастой, уымӕй нӕ бахордтой. Уыцы нывонд ӕрхастой, сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты, уый тыххӕй (Лев. 9:3). Цымӕ сӕм Моисей цӕмӕн смӕсты ис?

Йегъовӕ Моисейӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу сауджын хъуамӕ, тӕригъӕды тыххӕй цы нывонд ӕрхаста, уымӕн-иу йӕ дзидзайӕ бахордтаид ӕмбырды цатыры кӕрты. Афтӕмӕй-иу дзуапп радта, нывонд-иу чи ӕрхаста, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Фӕлӕ-иу цатыры раззаг уатмӕ, сыгъдӕг бынатмӕ, цы нывонды туг бахастой, уыцы нывонды дзидзайӕ хӕрын не ’мбӕлди, хъуамӕ-иу ӕй басыгътаиккой (Лев. 6:24–26, 30).

Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар цы бон ӕрцыд, уый фӕстӕ Моисей архайдта, цӕмӕй, Йегъовӕ цы закъӕттӕ радта, уыдон иууылдӕр лӕмбынӕг ӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ куы базыдта, тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы сӕгъ ӕрхастой, уый кӕй басыгътой, уӕд Елеазары ӕмӕ Ифамары тызмӕгӕй бафарста, нывонды дзидзайӕ цӕуылнӕ бахордтат, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ нывонды туг сыгъдӕг бынатмӕ Йегъовӕйы размӕ хаст не ’рцыд (Лев. 10:17, 18).

Моисейы фарстайӕн Аарон радта дзуапп. Уымӕн ӕмӕ Елеазар ӕмӕ Ифамар, ӕвӕццӕгӕн, Аароны ныхасмӕ гӕсгӕ бакодтой афтӕ. Йӕ иннӕ дыууӕ фырты карз ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, уымӕ гӕсгӕ Аарон, чи зоны, дызӕрдыг кодта, тӕригъӕды тыххӕй цы нывонд ӕрцыд хаст, уымӕй йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ дыууӕ фыртӕн дӕр хӕрӕн уыди ӕви нӕ, ууыл. Чи зоны, афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, кӕд Надав ӕмӕ Авиуды тӕригъӕдтӕм ницы бар дардтой, уӕддӕр (Лев. 10:19).

Аароны тынг фӕндыди, цӕмӕй йӕ бинонтӕ, цатыры сӕ хӕстӕ куы райдыдтой ӕххӕст кӕнын, уӕд алцыдӕр лӕмбынӕг арӕзтаиккой, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаиккой, суанг гыццыл хъуыддӕгтӕй дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Надав ӕмӕ Авиуд Йегъовӕйы ном фӕчъизи кодтой, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй йӕ маст ссыгъд. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Аарон хъуыды кодта, йӕ фырттӕ Хуыцауы раз кӕй фӕрӕдыдысты, уый тыххӕй сын уыцы нывондӕй кӕй не ’мбӕлд хӕрын.

Куыд зыны, афтӕмӕй Моисей Аароны дзуаппӕй райгондӕй баззад, уымӕн ӕмӕ Левиты 10:20 фыст ис: «Моисей уый куы фехъуыста, уӕд сразы йӕ ныхӕстыл». Ӕмӕ Аароны дзуаппӕй, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ дӕр разыйӕ баззад.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын