Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл, кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ
«Уӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дарут Йегъовӕйыл» (ИС. 26:4).
1. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
АБОН милуантӕ ницӕуылуал ӕмӕ никӕуылуал ӕууӕндынц, бирӕ хӕттыты ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой кӕнӕ кӕй фӕфыдӕнхъӕл сты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та алцӕмӕдӕр бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц! Хуыцау сӕ йӕхӕдӕг кӕй ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕ нӕ дарынц ацы дунейыл кӕнӕ «кадджын лӕгтыл» (Пс. 146:3). Уыдонӕй алчидӕр йӕ цард ӕмӕ йӕ фидӕн Йегъовӕйы къухтӕм радта, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны (Ром. 3:4; 8:38, 39).
2. Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый тыххӕй Йесо Навин цы загъта?
2 Йесо Навин хорз зыдта, Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый. Йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн загъта: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14).
3. Хуыцауы ном нын Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй цы ӕргом кӕны?
3 Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕйраджыдӕр сӕххӕст кӕны, кӕй нӕ уарзы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ номы тыххӕй (Рац. 3:14; 1 Сам. 12:22). Хуыцауы номы тыххӕй Джозеф Ротергам иу чиныджы разныхасы ныффыста: «Хуыцауы ном нысан кӕны, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй алцыдӕр кӕй свӕййы; цӕй сӕр ӕй бахъӕуы, уый кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр сӕххӕст кӕны; зын ын ницы у; йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр архайы» («The Emphasized Bible»).
4. а) Исайы 26:4 нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? ӕ) Ацы статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?
4 Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл: «Йегъовӕйы афтӕ хорз зонын, ӕмӕ йыл мӕ бон у мӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дарын? Алцыдӕр Йегъовӕйы къухы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын?» Исайы 26:4 фыст ис: «Уӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дарут Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ Йагъ Йегъовӕ у уӕ Къӕдзӕх ӕнустӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау раджы заманты адӕмӕн ӕргом куыд ӕххуыс кодта, афтӕ абон нал кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕ нӕ «Къӕдзӕхыл» алкӕддӕр хъуамӕ дарӕм. Абон Хуыцау, нӕ ныфсы Мӕсыг, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ: 1) цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауы, 2) хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нын тыхтӕ ратты, 3) истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс бауадзы. Ацы ӕртӕ хъуыддагыл куы дзурӕм, уӕд-иу дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕ бон Йегъовӕйыл тынгдӕр дӕ ныфс дарын куыд у, ууыл.
Дӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дар, ӕвзӕрдзинад саразын дӕ куы фӕнда, уӕд
5. Хуыцауыл нын нӕ зӕрдӕ дарын зындӕр кӕд вӕййы?
5 Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ зӕххыл Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уый иу хъуыддаг у. Ӕндӕр хъуыддаг та уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы зӕгъы, хабар уый аразынмӕ куы ’рцӕуы, уӕд нын зын вӕййы Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарын, ома фӕдызӕрдыг кӕнӕм, йӕ фӕндӕгтыл цӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын ӕцӕгдӕр раст кӕй у ӕмӕ нын уый стыр циндзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Паддзах Соломон фӕдзӕхста: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Ацы стих кӕны «къахдзӕфты» ӕмӕ «фӕндаджы» кой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр, фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, ӕрмӕст уымӕй нӕ фӕлӕ. Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый фӕлварӕнты куыд ис равдисӕн?
6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн?
6 Цӕмӕй адӕймаг йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза, уый тыххӕй хъуамӕ фыццаджыдӕр йӕ бар цӕуа йӕ хъуыдытыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:5; Ефесӕгтӕм 2:3.) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнай? Ӕркӕсӕм фондз хъуыддагмӕ. 1) Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ дзы ӕххуыс кур (Матф. 6:9, 13). 2) Лӕмбынӕг хъуыды кӕн, Йегъовӕйы коммӕ чи каст ӕмӕ чи нӕ каст, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Стӕй ахъуыды кӕн, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ цӕмӕ ӕркодтой, ууыл дӕрa (1 Кор. 10:8–11). 3) Хъуыды кӕн, тӕригъӕд куы саразай, уӕд дын уый дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдоны дӕр куыд фӕриссын кӕндзӕн, ууыл. 4) Хъуыды кӕн, Хуыцауӕн куыд зын вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд. (Бакӕс Псалом 78:40, 41.) 5) Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, Йегъовӕ куыд фӕцин кӕны, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕвзӕрдзинадӕй сӕхи куы фӕхизынц ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, сӕ разы исчи куы вӕййы кӕнӕ иунӕгӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр (Пс. 15:1, 2; Ӕмб. 27:11). Ды дӕр хорз хъуыддӕгтыл хӕст куы уай, уӕд ӕвдисдзынӕ, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс.
Уацамынды нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауыл
7. Йереми цавӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд ӕмӕ-иу хатт йӕхи куыд хатыд?
7 Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ лӕггад кӕнынц, адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм рӕтты. Пехуымпар Йереми дӕр хъусын кодта ахӕм уавӕрты – Иудӕйы паддзахады фӕстаг ӕмӕ уӕззау бонты. Алы бон дӕр йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цыди, уымӕн ӕмӕ ӕдзух хъусын кодта Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Иу хатт суанг йӕ писыр Варух дӕр сбустӕ кодта, бафӕлладтӕн, зӕгъгӕ (Йер. 45:2, 3). Цымӕ Йеремийӕн йӕ ныфс асаст? Иухатт йӕ зӕрдӕ афтӕ ныммӕгуыр ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, цы бон райгуырдтӕн, уый! [...] Цӕмӕн райгуырдтӕн? Цӕмӕй уӕззау фыдӕбон ӕмӕ маст уынон ӕмӕ цӕмӕй мӕ царды бонтӕ ӕгадӕй аивгъуыйой?» (Йер. 20:14, 15, 18).
8, 9. Цӕмӕй «дарддӕр дӕр дыргъ дӕттӕм», уый тыххӕй Йереми 17:7, 8 ӕмӕ Псалом 1:1–3 гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?
8 Фӕлӕ Йереми йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта. Уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дардта. Ӕмӕ уый фӕрцы Йереми, Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар, федта, Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый: «Арфӕгонд у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, ныфсджын Йегъовӕйӕ чи у. Уыцы адӕймаг уыдзӕн доны был сагъд бӕласы хуызӕн, йӕ уидӕгтӕ цӕугӕдонмӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Тӕвд ӕм нымады дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ сыфтӕрӕй нӕ зындзӕн. Хус аз куы скӕна, уӕд не стыхсдзӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр дыргъ дӕтдзӕн» (Йер. 17:7, 8).
9 «Доны был» кӕнӕ донӕфсӕст дыргъдоны сагъд бӕласау Йереми «дарддӕр дӕр дыргъ лӕвӕрдта». Чи йыл худти, уыдоны зондыл никуы ацыди. Алкӕддӕр уыди царды Суадоны, хъарудӕттӕг «доны», цур ӕмӕ йын Йегъовӕ цыдӕриддӕр дзырдта, уый ӕххӕст кодта. (Бакӕс Псалом 1:1–3; Йер. 20:9.) Йереми махӕн диссаджы цӕвиттон ныууагъта, уӕлдайдӕр та, хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, уым чи лӕггад кӕны, уыдонӕн. Кӕд ды дӕр ахӕм ран хъусын кӕныс, уӕд дарддӕр дӕр дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ дын фӕразондзинад ратдзӕн, цӕмӕй йын «адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнай» (Дзут. 13:15).
10. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын ӕмӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
10 Ацы фӕстаг бонты нын Йегъовӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уӕззау цардӕн фӕразӕм. Йегъовӕ ма нын радта Библи дӕр. Ацы чиныг фылдӕрӕй-фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнынц, ӕмӕ уыцы куыст кӕнынц ӕнӕзӕрдӕхудтӕй. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты ма нын Йегъовӕ афоныл парахатӕй дӕтты, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм хӕринаг. Радта ма нын тынг бирӕ ӕнувыд ӕмбӕлттӕ дӕр, ӕмӕ сыл фембӕлӕм ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты. Йегъовӕ нын цы дӕтты, уыдонӕй ӕххӕстӕй пайда кӕныс? Чи дзы пайда кӕндзӕн, уыдон «цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй». Хуыцаумӕ чи нӕ хъуса, уыдон та «хъӕр кӕндзысты сӕ зӕрдӕйы рыстӕй ӕмӕ... сӕ ныфс бынтондӕр кӕй асӕтдзӕн, уый тыххӕй» (Ис. 65:13, 14).
Нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарӕм, истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд
11, 12. Цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ хуыздӕр кӕй зондыл у цӕуын?
11 Библийы куыд уыд фыст, афтӕ адӕмӕн сӕ дудгӕбӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц (Матф. 24:6–8; Рарг. 12:12). Дон куы раивылы, уӕд адӕм фырадаргӕй сӕхи айсынц бӕрзонд рӕттӕм – чи хохмӕ алидзы, чи та йӕ хӕдзары сӕрмӕ схизы. Цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ ныфс сӕвӕрдтой, ацы дунейы бӕрзонд бынат чи ахсы, уыцы финансон, политикон ӕмӕ дины организацитыл, афтӕ ма наукӕ ӕмӕ ног технологитыл. Фӕлӕ уыдонӕй иу дӕр адӕймагӕн ӕцӕгдӕр нӕ баххуыс кӕндзӕн (Йер. 17:5, 6). Йегъовӕ та йӕ лӕггадгӕнджытӕн у се ’мбӕхсӕн бынат, сӕ «Къӕдзӕх ӕнустӕм» (Ис. 26:4). Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «[Йегъовӕ] у мӕ къӕдзӕх ӕмӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ бӕрзонд хох». (Бакӕс Псалом 62:6–9.) Уыцы Къӕдзӕхӕй нӕ бон куыд у нӕхицӕн ӕмбӕхсӕн бынат скӕнын?
12 Йегъовӕйӕн йӕ Ныхасмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд йемӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый та дард лӕууы адӕмы зондӕй (Пс. 73:23, 24). Дзырдӕн, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон дын, гӕнӕн ис, дзурой: «Адӕймаг иу бон йеддӕмӕ нӕ цӕры, ӕмӕ дӕ удыдзӕбӕхӕн цӕр», «исты хорз бынат ссар», «бирӕ ӕхца бакус», «балхӕн уый кӕнӕ уый», «искуыдӕм ацу, дунейыл ӕрзил». Хуыцау та нын дзуры: «Ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ» (1 Кор. 7:31). Йесо дӕр нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын алкӕддӕр фыццаг бынаты уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ «нӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм уӕлӕрвты» – уым сыл ӕппындӕр ницы ӕрцӕудзӕн (Матф. 6:19, 20).
13. Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм 1 Иоанны 2:15–17 гӕсгӕ?
13 Цымӕ «дунемӕ» ӕмӕ «дунейы цы ис, уымӕ» цы цӕстӕй кӕсыс, уымӕй бӕрӕг у, дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дарыс? (1 Иоан. 2:15–17). Ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ дын зынаргъдӕр сты ӕви Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ дын Паддзахады хъуыддаджы цы фадӕттӕ ис, уыдон? (Фил. 3:8). Архайыс, цӕмӕй «дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт... уа»? (Матф. 6:22). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй бынтон ӕнӕмӕт уӕм, уӕлдайдӕр нын кӕд бинонтӕ ис, уӕд (1 Тим. 5:8). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр ууыл дарой, сӕфты къахыл лӕуд дунейыл нӕ фӕлӕ (Дзут. 13:5).
14–16. Иуӕй-иутӕ сӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр кӕй сарӕзтой» ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй ис, уый сын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?
14 Ӕркӕсӕм-ма Ричард ӕмӕ Руты хабармӕ. Ис сын ӕртӕ сывӕллоны. Ричард зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ мӕм дзырдта, мӕ бон кӕй у Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Царды ницы цух уыдыстӕм, фӕлӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕм хуыздӕрӕй цы уыд, уый Хуыцауӕн нӕ лӕвӕрдтон. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд. Уый тыххӕй скуывтон ӕмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кодтон. Рутимӕ аскъуыддзаг кодтам, мӕ хицауӕн кӕй зӕгъдзынӕн, къуыри ӕрмӕстдӕр цыппар боны кӕй кусдзынӕн, уый тыххӕй, кӕд уыцы рӕстӕг нӕ бӕстӕйы экономикон кризис йӕ тӕккӕ тынгыл уыд, уӕддӕр. Хицау мын мӕ фӕндыл сразы, ӕмӕ уыцы мӕй ног графикмӕ гӕсгӕ кусын райдыдтон». Ричард ныр цы зӕгъы?
15 «Ныр мызд исын 20 проценты къаддӕр,– зӕгъы Ричард,– фӕлӕ мын афӕдзы мидӕг фӕзынд 50 сӕрибар боны. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг фервитын мӕ бинонтимӕ, стӕй мын мӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн дӕр фылдӕр рӕстӕг фӕзынд. Дыууӕ хатты фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтон, мӕ Библийы ахуыртӕ ӕртӕ хатты фӕфылдӕр сты ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг хицӕн кӕнын. Мӕ сывӕллӕттӕм мӕ хъус ныр тынгдӕр кӕй дарын, уый фӕрцы Рут иуӕй-иу хатт фӕлӕггад кӕны ӕххуысгӕнӕг пионерӕй. Мӕхицӕн загътон, мӕ бон цас уа, уыйбӕрц дарддӕр дӕр афтӕ кӕй лӕггад кӕндзынӕн».
16 Рой ӕмӕ Петинӕйӕн ис лӕппу ӕмӕ чызг. Сӕ чызг нырма семӕ цӕры. Уыдон сфӕнд кодтой къаддӕр рӕстӕг кусын, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Рой зӕгъы: «Къуыри кусын ӕртӕ боны, Петинӕ та дыууӕ. Балхӕдтам нӕ хӕдзарӕй къаддӕр хӕдзар, цӕмӕй йӕм ӕнцондӕр зилӕн уа. Цалынмӕ нын цот нӕ рацыд, уӕдмӕ пионертӕй лӕггад кодтам, ӕмӕ нӕ фӕндыд ӕдзух пионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд та ногӕй райдыдтам ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, уыдон ницавӕр хъӕздыгдзинӕдтимӕ ис абарӕн».
«Хуыцауы фарн» дын дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕд
17. Райсом цы уыдзӕн, уый кӕд нӕ зонӕм, уӕддӕр нын Фыстад цавӕр ныфс дӕтты?
17 Библи нын куыд зӕгъы, афтӕмӕй, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзӕгъӕлы ма мӕт кӕнӕм, ӕмӕ, Хуыцауимӕ ӕнгом чи нӕу, уыдонау нӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта (Матф. 6:34). Апостол Павел ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7).
18, 19. Хуыцау нын куыд баххуыс кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
18 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй, зын уавӕрты чи ис, уыдонӕй бирӕтӕ зӕгъынц, Йегъовӕ-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ фарнӕй кӕй байдзаг кодта. Иу хо зӕгъы: «Хирург мӕ нал ӕмӕ нал уагъта, тыхӕй мын туг уадзын кодта. Ӕмӕ-иу куы нӕ разы кодтон, уӕд-иу мын афтӕ загъта: „Ныууадз-ма дӕ ныхӕстӕ“. Фӕлӕ-иу уӕд ӕмӕ ӕндӕр хӕттыты дӕр Йегъовӕмӕ мӕхинымӕр скуывтон, ӕмӕ-иу йӕ фарнӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг ис. Къӕдзӕхау фидар уыдтӕн. Кӕд мӕ гемоглобин ныллӕг уыди, ӕмӕ лӕмӕгъ уыдтӕн, уӕддӕр мӕ бон уыд бамбарын кӕнын, Библимӕ гӕсгӕ туг уадзын раст кӕй нӕу, уый».
19 Хатт нын Хуыцау баххуыс кӕны не ’мчырыстӕтты уылты йе та, афоныл кӕй райсӕм, уыцы хӕринаджы уылты. Ӕвӕццӕгӕн бирӕ хӕттыты фехъуыстай ахӕм ныхӕстӕ нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй: «Ацы статьяйы ис, мӕн цы хъӕуы, уый. Раст цыма мӕн тыххӕй у фыст!». Ӕцӕгдӕр, цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, цӕуылфӕнды ма мӕт кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕхиуыл банкъарӕм, нӕ ныфс ыл кӕронмӕ куы фӕдарӕм, уӕд. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ мах стӕм йӕ «фыстӕ» ӕмӕ йын йӕ ном хӕссӕм (Пс. 100:3; Иоан. 10:16; Хъуыд. 15:14, 17).
20. Сайтаны дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн тӕссаг цӕуылнӕ уыдзӕн?
20 «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон» фӕдисонау ӕрхӕстӕг кӕны, ӕмӕ Сайтаны дунейы адӕм сӕ ныфс цӕуылдӕриддӕр дарынц, уый тагъд сӕфт ӕрцӕудзӕн. Адӕмы нӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕдӕр сызгъӕрин, нӕдӕр ӕвзист, нӕдӕр хъӕздыгдзинад (Соф. 1:18; Ӕмб. 11:4). Ӕрмӕстдӕр ӕнусон «Къӕдзӕх» уыдзӕн не ’мбӕхсӕн (Ис. 26:4). Цӕй уӕдӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм, коммӕгӕс уӕм ӕмӕ йын йӕ раст фӕндӕгтыл цӕуӕм. Афтӕ ма, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, кӕд ӕм адӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр. Ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнӕм, уый Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд «цӕрдзыстӕм ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзыстӕм» (Ӕмб. 1:33).
[Фиппаинаг]
Куыд бамбарын кӕнис?
Нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куыд дарӕм,
• ӕвзӕрдзинад саразын нӕ куы фӕнда, уӕд?
• хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд?
• истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд?
[Ныв 13 фарсыл]
Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын циндзинад хӕссы
[Ныв 15 фарсыл]
«Йегъовӕ у уӕ Къӕдзӕх ӕнустӕм»