Кӕстӕртӕн
Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй дӕхи хиз!
Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.
Сӕйраг архайджытӕ: Динӕ, Сихем, Иаков, Симеон ӕмӕ Леви.
Цӕуыл цӕуы ныхас: Сихем Динӕйӕн тыхми бакодта. Динӕйы ’фсымӕртӕ уыцы худинаг ныббарын сӕ сӕрмӕ не ’рхастой ӕмӕ сӕ маст райстой.
1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 34:1–31.
Цымӕ Динӕ Ханааны йе ’мбӕлттимӕ йӕ рӕстӕг куыд ӕрвыста?
․․․․․
Сихем-иу Динӕйӕн, «уарзын дӕ», зӕгъгӕ, куы дзырдта, уӕд-иу ын, дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр ныхӕстӕ кодта?
․․․․․
Иаков Симеон ӕмӕ Левийӕн куы уайдзӕф кодта, уӕд, цымӕ, семӕ куыд ныхас кодта (30 стих)?
․․․․․
2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.
Куыд хъуыды кӕныс, Динӕ Ханааны чызджытӕм арӕх цӕмӕн цыд? (Зӕгъӕм, семӕ йын иумӕйагӕй цы уыд? Цымӕ йӕ адӕмӕй уӕлдай Ханааны адӕммӕ ахӕмӕй цы уыд, йӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыдаид?)
․․․․․
Сихем Динӕйы зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыдаид? (Ногӕй бакӕс 3, 12 ӕмӕ 19 стихтӕ.)
․․․․․
Динӕйы Сихемимӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй нӕ фӕндыд, уый Библийӕ куыд зыны? (Ногӕй бакӕс 2 стих.)
․․․․․
Куыд дӕм кӕсы, Симеон ӕмӕ Леви раст бакодтой, сӕ маст райсыны тыххӕй, Сихем кӕм цард, уыцы горӕты нӕлгоймӕгты кӕй ныццагътой, уымӕй? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?
․․․․․
3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...
...цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарыс, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй.
․․․․․
...хиуыл хӕцын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй, кӕд, цӕй тыххӕй смӕсты уай, уый дын вӕййы, уӕд дӕр.
․․․․․
ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ.
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон дын исты ӕнӕгъдау ми ма бакӕной?
․․․․․
4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ДӔ ЗӔРДӔМӔ ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?
․․․․․
Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org