Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/6 11–15 фф.
  • Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы уарзондзинад – тӕригъӕды ныхмӕ
  • Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы сарӕзта?
  • Ахӕсты аргъы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдысты
  • Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй хай кӕны иннӕтӕн дӕр
  • Хуыцау дӕ абон дӕр нымайы рӕстгӕнӕгыл
  • Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Ӕппӕты хуыздӕр лӕвар цы у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Йесо кӕй амард, уый нӕ куыд ирвӕзын кӕны?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/6 11–15 фф.

Хуыцау равдыста йӕ уарзондзинад

«Хуыцауы стыр хорзӕх... рӕстдзинады фӕрцы паддзах уыдзӕн, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой» (РОМ. 5:21).

1, 2. Бирӕтӕ стыр лӕварыл цы нымайынц, фӕлӕ уымӕй стырдӕр лӕвар цы у?

ПРОФЕССОР Дейвид Уильямс, австралиаг горӕт Мельбурны университетӕй, загъта, зӕгъгӕ, кӕддӕр Ромы паддзахад цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон стыр лӕвар сты ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Фӕлӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нын Хуыцау ракодта ноджы стырдӕр лӕвар, ӕмӕ уыцы лӕвар дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. Цы у уыцы лӕвар? Адӕмы рӕстгӕнджытыл банымайыны тыххӕй ӕмӕ сын ирвӕзындзинад ӕмӕ ӕнусон царды ныфс раттыны тыххӕй Хуыцау цы сарӕзта, уый.

2 Хуыцау уыцы лӕвар куыд ракодта, уый баст у йӕ раст закъӕттимӕ. Уыцы хъуыддаг ӕмбарын кӕны апостол Павел Ромӕгтӕм 5 сӕры. Фӕлӕ Павел закъӕтты лыстӕг хабӕрттыл нӕ дзуры. Уый йӕ ныхас райдыдта, адӕймаджы зӕрдӕйы ныфс чи уадзы, ахӕм ныхӕстӕй: «Нӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнджытыл нымад... ӕрцыдыстӕм... ӕмӕ [уӕдӕ] фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы». Хуыцауы лӕварӕй чи схайджын вӕййы, уыдонӕн уый сӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайы, ӕмӕ Хуыцауы бауарзынц. Афтӕ уыд Павелы хабар дӕр. Уый ныффыста: «Сыгъдӕг тыхы... фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй байдзаг сты» (Ром. 5:1, 5).

3. Цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп базонын?

3 Фӕлӕ цӕмӕн бахъуыд уыцы лӕвар? Цӕй фӕрцы рауад афтӕ, ӕмӕ, Хуыцау ахӕм лӕвар кӕй ракодта, уымӕй йӕ раст закъӕтты сӕрты нӕ ахызт ӕмӕ йӕ лӕвар ӕппӕт адӕмӕн дӕр пайда ӕрхаста? Адӕймаджы цы хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы лӕварӕй схайджын уа? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм ӕмӕ фенӕм, уыцы хабӕрттӕ Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг куыд сты.

Хуыцауы уарзондзинад – тӕригъӕды ныхмӕ

4, 5. а) Йегъовӕ йӕ уарзондзинад цавӕр стыр хъуыддагӕй равдыста? ӕ) Ромӕгтӕм 5:12 цы фыст ис, уый бамбарынӕн цы хъӕуы зонын?

4 Йегъовӕ йе стыр уарзтӕй рарвыста йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй адӕмӕн баххуыс кодтаид. Уый тыххӕй Павел ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8). Дӕ хъус-ма ӕрдар, афтӕ кӕй зӕгъы, тӕригъӕдджынтӕ ма уыдыстӕм, зӕгъгӕ. Тӕригъӕдджынтӕ куыд систӕм, уый алкӕй дӕр хъӕуы зонын.

5 Павел уый куы ӕмбарын кодта, уӕд йӕ ныхас афтӕ райдыдта: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Ацы хабар нӕ бон у бамбарын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ӕрцыд, зӕххыл адӕм куыд фӕзындысты, уый. Йегъовӕ сфӕлдыста дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Сфӕлдисӕг Хуыцау ӕххӕст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фыццаг адӕм дӕр, нӕ фыдӕлтӕ, уыдысты ӕххӕст. Хуыцау сӕ бафӕдзӕхста ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕй ӕмӕ сын загъта, уыцы закъоны сӕрты куы ахизой, уӕд сӕ мӕлӕты тӕрхон кӕй баййафдзӕн (Райд. 2:17). Фӕлӕ уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл: Хуыцауы закъоны сӕрты ахызтысты, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, Закъондӕттӕгыл ӕмӕ йӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ нымайынц (Дык. з. 32:4, 5).

6. а) Адамы байзӕддӕгтӕ мӕлӕты дӕлбар куыд баисты ӕмӕ Моисейы закъон уыцы уавӕр фӕивта? ӕ) Адӕймаг йӕ туджы тӕригъӕд куыд рахӕссы, уый цӕимӕ ис абарӕн?

6 Адамӕн сывӕллӕттӕ райгуырд, тӕригъӕд куы ракодта, уый фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕхиуыл бавзӕрстой, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон Адамау Хуыцауы закъоны сӕрты нӕ ахызтысты, ӕмӕ уыцы тӕригъӕды аххосджын нӕ уыдысты. Стӕй сын Хуыцау сӕхицӕн бӕлвырд закъӕттӕ дӕр нӕма радта (Райд. 2:17). Фӕлӕ уӕддӕр Адамы байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд сӕ туджы рахастой. Афтӕмӕй уыдысты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты дӕлбар, Хуыцау Израилы адӕмӕн закъӕттӕ куы радта, уӕды онг дӕр, ӕмӕ сын уыцы закъӕттӕ та ирдӕй равдыстой, тӕригъӕдджынтӕ кӕй уыдысты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:13, 14.) Адӕймаг йӕ туджы тӕригъӕд куыд рахӕссы, уый абарӕн ис, цавӕрдӕр низтӕ кӕнӕ сахъатдзинад йӕ туджы куыд рахӕссы, уыимӕ. Чи зоны, кастӕ уырыссаг паддзах Николай II ӕмӕ йӕ бинойнаг Александрӕйы фырт Алексейы тыххӕй – уый йӕ туджы рахаста уӕззау низ (гемофилийӕ). Ӕцӕг, ахӕм бинонты ’хсӕн дӕр вӕййы афтӕ, ӕмӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ уыцы низӕй нӕ фӕрынчын вӕййынц, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сӕхи цотӕй исчи йӕ туджы рахӕссы. Тӕригъӕды хабар та афтӕ нӕу. Адамы тӕригъӕдӕй ничи аирвӕзт – алчидӕр ӕй йӕхиуыл бавзары. Йӕ кӕрон алкӕддӕр вӕййы ӕвирхъау – мӕлӕт. Ӕмӕ йӕ Адамы байзӕддӕгтӕй алчидӕр йӕ туджы рахӕссы. Фӕлӕ цымӕ уыцы уӕззау уавӕрӕй фервӕзӕн ис?

Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы сарӕзта?

7, 8. Адам ӕмӕ Йесойы хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркодтой, уыдон кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц?

7 Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ батыхст ууыл, цӕмӕй, сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй фервӕзой. Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй уымӕн гӕнӕн уыд ӕндӕр ӕххӕст адӕймаджы фӕрцы, дыккаг Адам кӕй ис схонӕн, уый фӕрцы (1 Кор. 15:45). Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕххӕст, фӕлӕ, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркодтой, уыдон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Ома куыд? (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:15, 16.)

8 Павел ныффыста: «Тӕригъӕды хабар куыд у, лӕвары хабар афтӕ нӕу». Уыцы тӕригъӕды аххосджын уыд Адам, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ баййӕфта карз тӕрхон – мӕлӕт. Фӕлӕ мӕлӕт ӕрмӕст Адаммӕ не ’нхъӕлмӕ каст. Павел дарддӕр фыссы: «[Уыцы] иу адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй бирӕтӕ амардысты». Адамы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сты мӕлӕты аккаг, уымӕн ӕмӕ сты тӕригъӕдджын. Ӕмӕ уый хауы махмӕ дӕр. Фӕлӕ нын стыр ныфсы хос у, ӕххӕст адӕймаг Йесо уавӕр бынтон иннӕрдӕм кӕй фӕивта. Куыд? Дзуапп нӕ бон у ссарын Павелы ныхӕсты: «Алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл, цӕмӕй цӕрой» (Ром. 5:18).

9. Цӕуыл дзурӕг сты Ромӕгтӕм 5:16, 18 фыст ныхӕстӕ, Хуыцау адӕмы рӕстгӕнджытыл банымадта, зӕгъгӕ?

9 Ацы ныхӕстӕн, «нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл», зӕгъгӕ, грекъаг ӕвзаджы сӕ хъуыды цы у? Статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы профессор Уильямс ныффыста: «Ацы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ауайынц тӕрхоны хъуыддӕгтӕ. Амонынц, адӕймагӕн йӕ удыхъӕд кӕй фӕивта, уымӕ нӕ, фӕлӕ йӕм Хуыцау ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдта, уымӕ... Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы ран ис абарст: цыма Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ йӕм цыма адӕймаджы тӕрхонмӕ ӕрбакодтой, фыдгӕнӕг у, зӕгъгӕ, фӕлӕ Хуыцау уыцы адӕймаджы тыххӕй рахаста уынаффӕ, аххосджын кӕй нӕу».

10. Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмы рӕстгӕнджытыл банымайӕн уыдаид?

10 «Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕгӕн» цӕмӕ гӕсгӕ уыди йӕ бон фыдгӕнӕджы рӕстгӕнӕгыл банымайын? (Райд. 18:25). Цӕмӕй уымӕн гӕнӕн уыдаид, уый тыххӕй Хуыцау йӕ иунӕг Фырты зӕхмӕ рарвыста. Кӕд Йесо фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд, кӕд ӕй бирӕтӕ ӕфхӕрдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой, уӕддӕр йӕ Фыды фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кодта. Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг мӕлӕты онг, мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл (Дзут. 2:10). Йесо йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй Адамы байзӕддӕгты балхӕдта, кӕнӕ ахӕсты аргъ бафыста, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уыдаиккой (Матф. 20:28, фип.; Ром. 5:6–8).

11. Ахӕсты аргъ сӕрмӕ-сӕр цы хуызы у?

11 Ӕндӕр ран Павел уый схуыдта «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ» (1 Тим. 2:6, фип.). Уыцы ахӕсты аргъ сӕрмӕ-сӕр цы хуызы у? Адамы тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр, миллиардгай адӕм, сты ӕнӕххӕст ӕмӕ мӕлынц. Йесойӕн та, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ, йӕ бон уыд миллиардгай ӕххӕст адӕмӕн цард раттынa. Уымӕ гӕсгӕ ацы фарста раздӕр афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, Адам ӕмӕ йе ’нӕххӕст байзӕддӕгтӕ ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уымӕн сӕрмӕ-сӕр аргъ уыд Йесойы цард ӕмӕ йын цы ӕххӕст байзӕддӕгтӕ райгуырдаид, уыдоны цард. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ, Йесойӕн цы цот уыдаид, уыдоны цардӕй дӕр ахӕсты аргъ фыст кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид. Ромӕгтӕм 5:15–19 фыст ис, адӕм ӕрмӕстдӕр «иу адӕймаджы» мӕлӕты фӕрцы кӕй ссӕрибар сты. Адамы цардӕн сӕрмӕ-сӕр аргъ уыд Йесойы ӕххӕст цард. Уӕдӕ уыцы хъуыддаг баст у ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстиимӕ. Йесойы «иу раст хъуыддаджы фӕрцы», ома, Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй уыд ӕмӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы, алыхуызон адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй сын Хуыцау рӕстгӕнджыты ном ӕмӕ цард балӕвар кодтаид (2 Кор. 5:14, 15; 1 Пет. 3:18). Цымӕ Хуыцау адӕмы рӕстгӕнджытыл куыд банымайы?

Ахӕсты аргъы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдысты

12, 13. Хуыцау ахӕсты аргъы фӕрцы адӕмы рӕстгӕнджытыл кӕй банымайы, уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

12 Йегъовӕ Хуыцау айста, йӕ Фырт цы нывонд ӕрхаста, уый (Дзут. 9:24; 10:10, 12). Фӕлӕ зӕххыл Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ,– ӕмӕ йӕ иузӕрдион апостолтӕ дӕр,– уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст. Раст цы у, уый аразыныл кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, уӕддӕр-иу сын алы хатт нӕ рауад. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд сӕ туджы рахастой (Ром. 7:18–20). Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон уыд уавӕр фӕивын, ӕмӕ йӕ ивгӕ дӕр фӕкодта. Уый айста «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ», ӕмӕ йӕ фӕндыд уыцы аргъы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджыты ссӕрибар кӕнын.

13 Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау хӕсджын уыд, цӕмӕй апостолтӕн ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодтаид, хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, уый тыххӕй. Хуыцау ахӕсты аргъӕй спайда кодта ӕмӕ сын баххуыс кодта, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ апостолты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр, цы тӕрхоны аккаг уыдысты, уымӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сын, сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый ныххатыр кодта. Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу – уый Хуыцауы лӕвар у» (Еф. 2:8).

14, 15. Хуыцау рӕстгӕнджытыл кӕй банымадта, уыдонмӕ цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ сӕ уӕддӕр цы аразын хъуыд?

14 Ахъуыды-ма кӕн: адӕймаг йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, стӕй цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон ын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хатыр кӕны. Уый стыр лӕвар куыннӕ у! Бирӕтӕ, цалынмӕ чырыстӕттӕ систы, уӕдмӕ цас тӕригъӕдтӕ ракодтой! Фӕлӕ ахӕсты аргъы фӕрцы Хуыцау уыцы тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Павел ныффыста: «Хуыцау цы лӕвар ракодта, уый... уымӕ ӕркодта, ӕмӕ бирӕтӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытыл» (Ром. 5:16). Уыцы зынаргъ лӕварӕй, ома рӕстгӕнджыты номӕй, схайджын сты апостолтӕ ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, фӕлӕ сӕ хъуыди дарддӕр дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн фидар уырнындзинадимӕ лӕггад кӕнын. Уый тыххӕй сӕм цавӕр хорзӕх ӕнхъӕлмӕ каст? «Хуыцау рӕдауӕй йе стыр хорзӕхӕй кӕмӕн хай кӕны ӕмӕ рӕстгӕнджыты ном кӕмӕн лӕвар кӕны, уыдон... иу адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, фӕрцы... цӕрдзысты ӕмӕ паддзӕхтӕ... уыдзысты». Ӕцӕгдӕр, уыцы лӕвар кӕны цардмӕ, мӕлӕтмӕ нӕ, фӕлӕ (Ром. 5:17; бакӕс Лукайы 22:28–30).

15 Уыцы лӕварӕй чи схайджын вӕййы, ома рӕстгӕнджытыл нымад чи ’рцӕуы, уыдон свӕййынц Хуыцауы фырттӕ. Уыдон сты бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ, ӕмӕ сын ис уыцы ныфс, Хуыцау сӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон фырттӕ кӕй уыдзысты, цӕмӕй Йесо Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:15–17, 23.)

Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй хай кӕны иннӕтӕн дӕр

16. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн Хуыцау абон дӕр цавӕр лӕвар дӕтты?

16 Абон Йегъовӕйыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон се ’ппӕт Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕн ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ абон дӕр йӕ лӕварӕй схайджын кӕна ӕмӕ сӕ рӕстгӕнджытыл банымайа? Павел Ромӕгтӕм цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, о, зӕгъгӕ!

17, 18. а) Хуыцау Аврааммӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй цы цӕстӕй касти? ӕ) Йегъовӕйӕн цӕмӕ гӕсгӕ уыд йӕ бон Авраамы рӕстгӕнӕгыл банымайын?

17 Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста Авраамы, ӕмӕ уый дзӕгъӕлы нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Авраам уыди фидар уырнындзинады хицау. Уый царди, Йегъовӕ Израилӕн Закъон куы радта ӕмӕ Чырысти уӕларвмӕ фӕндаг куы байгом кодта, уымӕй бирӕ раздӕр (Дзут. 10:19, 20). Павел ныффыста: «Хуыцау Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, дуне уый кӕй бауыдзӕн, уымӕй, уӕд уый, закъон кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд, фӕлӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ» (Ром. 4:13; Иак. 2:23, 24). Уӕдӕ Хуыцау иузӕрдион Авраамы банымадта рӕстгӕнӕгыл. (Бакӕс Ромӕгтӕм 4:20–22.)

18 Авраам рӕстгӕнӕг кӕй уыд, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ никуы фӕрӕдыд ӕмӕ уыд ӕнӕтӕригъӕд (Ром. 3:10, 23). Фӕлӕ Йегъовӕ, ӕгӕрон зонды хицау, каст Авраамы диссаджы уырнындзинадмӕ ӕмӕ йӕ уыцы уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кодта, уымӕ. Зӕгъӕм, Авраам ӕууӕндыд, йӕ хӕдзарвӕндагӕй чи хъуамӕ рацыдаид, уыцы «байзӕддагыл». Уый разынд Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти (Райд. 15:6; 22:15–18). Уӕдӕ «Йесо Чырысти [адӕмы] кӕй балхӕдта», уымӕ гӕсгӕ уӕларвон Тӕрхонгӕнӕгӕн йӕ бон у ныххатыр кӕнын, раджы заманты адӕм цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ, Авраам ӕмӕ ма Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй раджы заманты чи цард, уыдон райгас уыдзысты (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:24, 25; Пс. 32:1, 2).

Хуыцау дӕ абон дӕр нымайы рӕстгӕнӕгыл

19. Хуыцау Аврааммӕ цы цӕстӕй каст, уый абон бирӕтӕн стыр ныфсы хос цӕмӕн у?

19 Уарзондзинады Хуыцау Авраамы рӕстгӕнӕгыл кӕй нымадта, уый абон ӕцӕг чырыстӕттӕн у стыр ныфсы хос. Йегъовӕ Авраамы рӕстгӕнӕгыл куыд банымадта, уый хицӕн кӕны, йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ бындартӕ кӕй скодта, уыдоны хабарӕй. Уыцы ӕвзӕрстыты Хуыцау «ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой», ӕмӕ уыдон систы «Хуыцауы фырттӕ» (Ром. 1:7; 8:14, 17, 33). Авраам та сси «Йегъовӕйы хӕлар», ӕмӕ уый уыд, Чырысти йӕ цард нывондӕн куы нӕма ’рхаста, уӕд (Иак. 2:23; Ис. 41:8). Цымӕ, зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй та цы зӕгъӕн ис?

20. Хуыцау абон Авраамау рӕстгӕнджытыл кӕй нымайы, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 Уыцы чырыстӕттӕн Хуыцау «рӕстгӕнджыты ном [кӕй] лӕвар кӕны», уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, «Йесо Чырысти сӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ кӕй ссӕрибар сты, уый фӕрцы» уӕлӕрвты цӕрдзысты (Ром. 3:24; 5:15, 17). Фӕлӕ уыдон дӕр фидарӕй ӕууӕндынц Хуыцауыл, стӕй, цы нывонд ӕрхаста, ууыл ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕвдисынц хорз хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, «хъусын кӕнынц Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ... дзурынц Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Хъуыд. 28:31). Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ нымайы рӕстгӕнджытыл, Авраамы куыд нымадта, афтӕ. Уыцы чырыстӕттӕ цы лӕварӕй схайджын вӕййынц, ома Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй свӕййынц, уый хицӕн кӕны сӕрст чырыстӕтты «лӕварӕй». Фӕлӕ уыцы лӕвары тыххӕй Хуыцауӕй тынг бузныг сты.

21. Хуыцауы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинады фӕрцы цавӕр хорздзинадӕй хайджын стӕм?

21 Зӕххон хицӕуттӕ адӕмӕн зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕрынц. Фӕлӕ дын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ уыдон не ’вӕрынц. Ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын дӕтты Дунедарӕг Хуыцау, йе стыр зондӕй цы диссаджы фӕнд скодта, уымӕ гӕсгӕ. Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн сарӕзта цалдӕр хъуыддаджы, ӕмӕ архайдта йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай, уыцы хъуыддӕгтӕй равдыста йе стыр уарзондзинад. Уӕдӕ Павел раст загъта: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8).

[Фиппаинаг]

a Зӕгъӕм, ахӕм хъуыды уыд «Фыстады ӕмбарынад»-ы, 2 том, 736 фарс, 4 ӕмӕ 5 абзацтӕ (англ.), стӕй ма 2000 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 4 фарс, 4 абзац (уырыс.).

Бахъуыды кодтай?

• Адамы байзӕддӕгтӕ сӕ туджы цы рахастой ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

• Сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ фыст куыд ӕрцыд ӕмӕ уыцы ахӕсты аргъ сӕрмӕ-сӕр цы хуызы уыд?

• Хуыцау дӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй нымайы, уый дын цавӕр ныфс дӕтты?

[Ныв 13 фарсыл]

Ӕххӕст адӕймаг Адам ракодта тӕригъӕд. Ӕххӕст адӕймаг Йесо бафыста «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ»

[Ныв 15 фарсыл]

Диссаджы хорз хабар – Йесойы фӕрцы гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын