Сывӕллӕтты Хуыцауы тыххӕй зонын хъӕуы?
«Мах Хуыцауыл уый фаг ӕууӕндӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ не сӕфт уынӕм, фӕлӕ йыл уый фаг не ’ууӕндӕм, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм» (ДЖОНАТАН СВИФТ, АНГЛИСАГ ФЫССӔГ).
АЦЫ ныхӕстӕ Свифт загъта 18 ӕнусы, фӕлӕ абон дӕр бирӕтӕ йемӕ разы сты. Кӕцыдӕр бӕстӕты иуӕй-иутӕ ахӕм зондыл хӕст сты, зӕгъгӕ, ныййарджытӕн уый бар хъуамӕ ма уа, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй дзурой. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ уырнӕг кӕмӕн сты, уыцы сывӕллӕттӕ царды бирӕ хорздзинӕдтӕй фӕцух вӕййынц.
Ды та куыд хъуыды кӕныс? Дӕлдӕр цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй дӕм растдӕр кӕцы кӕсы?
● Ныййарджытӕн уый бар дӕттӕн нӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй дзурой.
● Ныййарджытӕ хъуамӕ банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ сӕ сывӕллӕттӕ гыццыл фестырдӕр уой, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд ныхас кӕной семӕ дины тыххӕй.
● Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн дзурой, сӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ куы фестырдӕр уой, уӕд сын хъуамӕ ӕмбарын кӕной, уыцы фарстайыл сӕхи кӕй хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын.
● Сывӕллӕттӕ хъуамӕ хӕцой сӕ ныййарджыты диныл, раст уа ӕви нӕ, уӕддӕр.
Дин сывӕллӕттыл ӕвзӕрырдӕм фӕзыны?
Йӕ сывӕллоны чи уарзы, иу ахӕм ныййарӕгӕн дӕр йӕ хъӕбулӕн йӕ зӕрдӕ ӕвзӕр нӕ зӕгъы. Фӕлӕ, цымӕ, афтӕ чи хъуыды кӕны, сывӕллӕттӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон раст сты? Ныр бирӕ азты дӕргъы ахуыргӕндтӕ иртасынц, ныййарджытӕн сӕ дин сӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзыны, уый. Ӕмӕ цы рабӕрӕг?
Рабӕрӕг ис, дин сывӕллӕттыл ӕвзӕрырдӕм кӕй нӕ фӕзыны, фӕлӕ хуыздӕрырдӕм. 2008 азы иу журналы фыст уыд: «Дины фӕрцы ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕнгомдӕр кӕнынц». Стӕй ма дзы фыст ис: «Дин ӕмӕ Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ бирӕ сывӕллӕтты царды ахсынц ахсджиаг бынат ӕмӕ ӕнӕмӕнг сты, цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарой»a (Social Science Research). Дӕ хъус-ма ’рдар, ахуыргӕндты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ куыд ӕмхуызон сты, уымӕ. Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3).
Цы зӕгъӕн ис уыцы хъуыдыйӕ та, зӕгъгӕ, сывӕллӕттӕ цалынмӕ нӕ бахъомыл уой, уӕдмӕ сын Хуыцауы ӕмӕ дины тыххӕй дзурын нӕ хъӕуы? Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон рох кӕнынц, сывӕллоны зонд сыгъдӕг гӕххӕттӕй уӕлдай кӕй нӕу, ӕмӕ йыл цы ныффыссай, уый йыл уыдзӕн. Ныййарджыты хъӕуы равзарын: уыцы «гӕххӕттыл» хӕдзары сӕхӕдӕг фысдзысты, ома сӕ цотӕн, уаг ӕмӕ ӕгъдау цы у ӕмӕ цы диныл хӕст хъуамӕ уой, уый сын сӕхӕдӕг бацамондзысты, ӕви та бауадздзысты, цӕмӕй хӕдзары ӕдде ӕндӕр чидӕртӕ фыссой уыцы «гӕххӕттыл».
Сывӕллӕттӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?
Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй бирӕтӕ дины аххосӕй иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц ӕмӕ сӕ се сӕфт фӕуынынц. Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у бакӕнын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты хъуыддаг, Джонатан Свифт куыд загъта, афтӕ ма рауайа? Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын дин сӕ сывӕллӕтты иннӕты уарзын ахуыр кӕна?
Цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп базонӕм ацы ӕртӕ фарстайӕн: 1) Сывӕллӕттӕ Хуыцауы тыххӕй цы хъуамӕ зоной? 2) Чи сӕ хъуамӕ ахуыр кӕна? 3) Сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн цавӕр мадзӕлттӕ сты хуыздӕр?
[Фиппаинаг]
a Бафарстой, Америкӕйы чи цӕры, уыцы сывӕллӕттӕй 21 000 фылдӕры, стӕй сӕ ныййарджыты ӕмӕ ахуыргӕнджыты.