Библи ивы адӕймаджы цард
БИРӔ устытӕ кӕмӕн уыди ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи цыд, уыцы нӕлгоймаг йӕхӕдӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн цӕмӕн сси? Пятидесятникты хистӕр йӕ дин цӕмӕн аивта? Гыццылӕй фӕстӕмӕ зӕрдӕрыст чи уыд ӕмӕ йӕхи уарзыны аккагыл чи нӕ нымадта, уыцы сылгоймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаид ӕмӕ йӕ бауырныдтаид, Хуыцау ӕй кӕй уарзы. Хеви-метал чи уарзта, уыцы нӕлгоймаг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн райдыдта? Бакӕс, дӕлдӕр цы фыст ис, уый ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонай.
«Мӕ цардӕмбалӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон» (РИГОБЕР УЕТО).
РАЙГУЫРД 1941 АЗЫ
ЦӔРЫ БЕНИНЫ
РАЗДӔР ЦЫДИ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ НЫХМӔ ӔМӔ ЙЫН УЫДИ БИРӔ УСТЫТӔ
Ӕз райгуырдтӕн Бенины, стыр горӕт Котонуйы. Мӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ, фӕлӕ ӕз аргъуанмӕ арӕх нӕ цыдтӕн. Кӕм цардтӕн, уым католиктӕй бирӕтӕн уыди цалдӕргай усы, уымӕн ӕмӕ уӕд нӕ бӕстӕйы закъон ахӕм бар лӕвӕрдта. Мӕнӕн дӕр уыди цыппар усы.
1970 азты нӕ бӕстӕйы революци куы райдыдта, уӕд хъуыды кодтон, ныр цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн. Мӕ бон цас уыд, уыйас революционертӕн ӕххуыс кодтон ӕмӕ политикӕйы архайдтон. Революционертӕ нӕ уарзтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи дард ластой политикӕйӕ. Фӕсарӕнтӕй нӕм цы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны уыд, уыдоны 1976 азы Бенинӕй атардтой, ӕмӕ ӕнхъӕлдтон, сӕ къах ам никуыуал уыдзӕн.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Революци 1990 азы куы фӕци ӕмӕ та нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕстӕмӕ фӕсарӕнтӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Ӕз хъуыды кӕнын райдыдтон, ӕвӕццӕгӕн сын Хуыцау ӕххуыс кӕны, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг ӕндӕр куыстмӕ бацыдтӕн. Ме ’мкусджытӕй иу уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ иннӕтимӕ ӕдзух ныхас кодта йӕ дины тыххӕй. Библийӕ мын равдыста уыцы стихтӕ, афтӕ фыст кӕм уыди, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у уарзондзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау (Дыккаг закъон 32:4; 1 Иоанны 4:8). Хуыцаумӕ ахӕм миниуджытӕ кӕй ис, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын Йегъовӕйы тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл.
Гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, кӕрӕдзи ӕнӕхин уарзтӕй кӕй уарзтой, уый – чи цы адӕмыхаттӕй уыд кӕнӕ чи цы бынат ахста, уымӕ кӕсгӕ дӕр ничи кодта. Семӕ цас фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстон, уыйас хуыздӕр ӕмбӕрстон, Йесо Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты (Иоанны 13:35).
Ӕз ӕй бамбӕрстон, кӕд мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ мӕ раздӕры дин ныууадзон. Уыцы хъуыддаг бакӕнын мын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, адӕм цы зӕгъдзысты, уымӕй. Цӕмӕй католикон дин бынтондӕр ныууагътаин, уый тыххӕй мӕ бахъуыд бирӕ рӕстӕг. Фӕлӕ мын уый ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы ’ххуысӕй бантыст.
Фӕлӕ ма мӕ ноджыдӕр хъуыди иу зын хъуыддаг бакӕнын. Библийӕ базыдтон, Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, цӕмӕй нӕлгоймагӕн иу усӕй фылдӕр уа (Райдиан 2:18–24; Матфейы 19:4–6). Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ цардаин мӕ фыццаг усимӕ. Мах нӕ къухтӕ ӕрфыстам, мӕ иннӕ устыты та арвыстон, фӕлӕ сын ӕхцайӕ ӕххуыс кодтон. Фӕстӕдӕр мӕ раздӕры устытӕй дыууӕйӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Кӕд мӕ цардӕмбал католик у, уӕддӕр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый, уымӕн ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтон.
Раздӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ политикӕйы руаджы мӕ бон бауыдзӕн мӕ бӕстӕйы адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнын, фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Ныр ӕй ӕмбарын, адӕмӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй баххуыс кӕндзӕн (Матфейы 6:9, 10). Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, амондджынӕй цӕрӕн куыд ис, уый мын кӕй бацамыдта, уый тыххӕй.
«Мӕ цард аивын мын ӕнцон нӕ уыд» (АЛЕКС ЛЕМОС СИЛВА).
РАЙГУЫРД 1977 АЗЫ
ЦӔРЫ БРАЗИЛИЙЫ
РАЗДӔР УЫДИ ПЯТИДЕСЯТНИКТЫ ХИСТӔР
Ӕз райгуырдтӕн горӕт Итуйы, штат Сан-Паулуйы. Горӕтӕн цы районы цардтӕн, уый хъуыстгонд уыд, бирӕ фыдракӕндтӕ дзы кӕй цыд, уымӕй.
Ӕз уыдтӕн тынг ӕгъатыр ӕмӕ кодтон ӕнӕгъдау цард. Уымӕй уӕлдай наркотиктӕ уӕй кодтон. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ бамбӕрстон, ахӕм цард мӕ кӕнӕ ахӕстонмӕ ’ркӕндзӕн, кӕнӕ мӕлӕтмӕ, ӕмӕ ме ’взӕр митӕ ныууагътон. Ӕмӕ уӕд бацыдтӕн пятидесятниктӕм ӕмӕ фӕстӕдӕр сдӕн сӕ хистӕр.
Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, цы куыст кодтон, уый фӕрцы адӕмӕн истӕмӕй ӕххуыс кӕндзынӕн. Бынӕттон радиойы архайдтон динимӕ баст программӕйы ӕмӕ мӕ иууылдӕр базыдтой. Фӕлӕ, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ бамбӕрстон, аргъуантӕ сӕ адӕмыл тынг кӕй нӕ мӕт кодтой, ноджы къаддӕр та мӕт кодтой Хуыцауы кадджын кӕныныл. Ӕмбӕрстон ӕй, аргъуаны разамонджыты ӕрмӕстдӕр ӕхцайы мӕт кӕй уыд, ӕмӕ загътон, аргъуаны мӕ къах дӕр кӕй никуыуал уыдзӕн.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд ӕй уайтагъд бамбӕрстон, иннӕ динтӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц. Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕнынц, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, фӕлӕ сӕ уарзондзинад хъуыддагӕй дӕр ӕвдисынц. Дыккаг уый, ӕмӕ политикӕйы нӕ архайынц ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц (Исай 2:4). Ӕз ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, кӕй ссардтон раст дин – цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндаг (Матфейы 7:13, 14).
Бамбӕрстон ӕй, кӕд мӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд мӕ царды цыдӕртӕ кӕй хъуамӕ фӕивон. Зӕгъӕм, мӕ бинонтимӕ мӕ хъуыди фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын, стӕй ма мӕ хъуыди сӕрныллӕгдзинадыл кусын. Уый ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы мӕ бон сси. Кӕй аивтон, уый мӕ ус ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци. Уый мӕнӕй раздӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ ныр хъуыддагмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ дыууӕйы дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ иумӕ донаргъуыд райстам.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ бинойнагимӕ хъомыл кӕнӕм ӕртӕ сывӕллоны ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы бауарзой. Мах стӕм тынг амондджын. Ӕз Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, йӕ Ныхас Библийы цы рӕстдзинад ис, уый мын кӕй раргом кодта. Уыцы рӕстдзинад ӕцӕгдӕр ивы адӕмы, ӕмӕ уымӕн ӕвдисӕн – мӕ цард!
«Хуыцауы раз мӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ дӕн амондджын» (ВИКТОРИЯ ТОНГ).
РАЙГУЫРД 1957 АЗЫ
ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ
РАЗДӔР УЫД ӔФХӔРД ӔМӔ ЗӔРДӔРЫСТ
Ӕз схъомыл дӕн горӕт Ньюкаслы, штат Ног Хуссар Уэльсы. Авд сывӕллонӕй ӕз уыдтӕн хистӕр. Нӕ фыд уыд ӕгъатыр адӕймаг ӕмӕ фыднозт кодта. Нӕ мад дӕр ныл нӕмынӕй нӕ ауӕрста. Фыднад ӕмӕ ӕлгъыстӕй цы баййӕфтон, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Ӕдзух мын дзырдта, зӕгъгӕ, дӕуӕй ӕвзӕрдӕр сывӕллонӕн скӕнӕн нӕй, ӕмӕ-иу мӕ зындоны артӕй тӕрсын кодта. Уыцы ӕртхъирӕнтӕй-иу мӕхимидӕг барызтӕн.
Мӕ мад-иу мӕ ахӕм над фӕкодта, ӕмӕ-иу арӕх мӕ бон скъоламӕ ацӕуын дӕр не сси. 11 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ хицауад мӕ ныййарджытӕй байста. Фыццаг уыдтӕн уыдоны бӕрны, стӕй та мӕ радтой, сылгоймӕгтӕ кӕм цӕрынц, ахӕм аргъуанмӕ. 14 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд уырдыгӕй алыгъдтӕн. Хӕдзармӕ мӕ нӕ фӕндыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цардтӕн уынджы, Сиднейы районтӕй иуы, Кингс-Кроссы.
Уынджы цӕргӕйӕ фӕцахуыр дӕн наркотиктыл ӕмӕ нозтыл, стӕй кӕсын райдыдтон порнографимӕ ӕмӕ кодтон ӕнӕгъдау цард. Иу изӕр, хиирхӕфсӕн клубы хицауы хӕдзары куы уыдтӕн, уӕд ӕм ӕрбацыд дыууӕ лӕджы. Хицау мӕ иннӕ уатмӕ арвыста, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ ныхас фехъуыстон. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй мӕ клубы хицау хъуамӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕн ауӕй кодтаид. Уыдон мӕ хъуамӕ бамбӕхстаиккой уӕзласӕн науы ӕмӕ мӕ Японимӕ аластаиккой, цӕмӕй уым бары куыстаин. Фыртӕссӕй балкъонӕй рагӕпп кодтон ӕмӕ уырдыгӕй алыгъдтӕн, исчи мын куы баххуыс кӕнид, зӕгъгӕ.
Ӕз фембӕлдтӕн, Сидней фенынмӕ чи ӕрцыд, иу ахӕм нӕлгоймагыл ӕмӕ йын мӕ хабар радзырдтон. Загътон, иу гыццыл мын ӕхца авӕрдзӕн, фӕлӕ мӕ уый йӕхимӕ фӕхуыдта, цӕмӕй мӕхи ныхсадтаин ӕмӕ исты бахордтаин. Хъуыддаг афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы нӕлгоймагимӕ баззадтӕн, ӕмӕ иу азы фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу хатт мӕсты сдӕн, хатт та-иу цин кодтон. Зӕгъӕм, смӕсты дӕн, адӕмы зындзинӕдты Хӕйрӕг кӕй у аххосджын, уый куы базыдтон, уӕд, уымӕн ӕмӕ цӕрӕнбонты афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр Хуыцауӕй сты. Фӕлӕ уый куы базыдтон, ӕмӕ Хуыцау адӕмы зындоны арты кӕй нӕ судзы, уӕд ме ’ккойӕ стыр уаргъ ахауд, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы хъуыды кодтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ зындонӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн.
Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр разамынд Библийы кӕй агурынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй кӕй ӕвдисынц. Ӕз уыдтӕн зындзырд адӕймаг, фӕлӕ мӕхи куыдфӕнды ма дардтаин, уӕддӕр мыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи никуы атигъ кодтой ӕмӕ-иу мыл алкӕддӕр бацин кодтой.
Мӕхимӕ ницӕйаг кӕй кастӕн, уыцы хъуыдытимӕ тох кӕнынӕй зындӕр мын ницы уыди. Мӕхицӕй ме сӕфт уыдтон ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уымӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕддӕр мӕ уыцы хъуыдытӕ уӕгъд нӕ уагътой. Ӕз уарзтон Йегъовӕйы, фӕлӕ Йегъовӕ мӕн хуызӕн адӕймаджы уарза, уый мӕ нӕ уырныдта.
Мӕ зондахаст ивын райдыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕн, уымӕй 15 азы куы рацыд, уӕд. Иухатт ӕмбырды, ныхасы чи рацыд, уыцы ӕфсымӕр Библийӕ бакаст Иаковы 1:23, 24 стихтӕ. Уым Хуыцауы Ныхас барст цӕуы кӕсӕнимӕ. Уыцы кӕсӕны фӕрцы нӕ бон у нӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй бакӕсын. Уыцы стихтӕ мӕ хъуыдытыл бафтыдтой: уӕд та ма мӕм Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы? Фӕлӕ фыццаг уыцы хъуыды мӕ сӕрӕй асырдтон. Уӕддӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй мӕ Йегъовӕ уарза.
Цалдӕр боны фӕстӕ та бакастӕн Исайы 1:18 стих, ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Уым фыст сты Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Ӕрбацӕут, ӕмӕ иумӕ аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты». Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма Йегъовӕ комкоммӕ мӕнмӕ дзырдта: «Вики, аныхас-ма кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм. Ӕз дӕ хорз зонын, дӕ тӕригъӕдтӕ дӕр дын зонын, фӕлӕ дын зонын дӕ зӕрдӕ дӕр – ӕз дӕ тынг уарзын».
Уыцы ’хсӕв нал бафынӕй дӕн. Уӕддӕр ма мӕ нӕ уырныдта, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, уый, фӕлӕ райдыдтон хъуыды кӕнын, Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, ууыл. Ӕмӕ мӕм уӕд бахъардта, Йегъовӕ мын уал азы дӕргъы куыд фӕразонӕй ӕмбарын кодта, кӕй мӕ уарзы, уый. Фӕлӕ йын ӕз та цыма афтӕ дзырдтон: «Дӕ уарзондзинад ахӕм стыр нӕу, цӕмӕй мӕн дӕр тава. Дӕ Фырты нывондӕн уыйас тых нӕй, цӕмӕй мӕ мӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна». Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ мӕн тыххӕй нывонд ӕрхаста, ӕз та йын аргъ не скодтон. Фӕлӕ ныр уыцы стыр нывондыл арфдӕр куы ахъуыды кодтон, уӕд мӕм хъарын райдыдта, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ныр Хуыцауы раз мӕ цӕсгом у сыгъдӕг ӕмӕ дӕн амондджын. Мӕ цардӕмбалимӕ дӕр кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Ӕхсызгон мын у, мӕ царды хабӕрттӕ кӕй радзырдтон, уымӕн ӕмӕ мӕ ныфс ис, искӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзысты. Абон Йегъовӕимӕ куыд ӕнгом дӕн, афтӕ никуы.
«Хуыцау мын мӕ куывд фехъуыста» (СЕРГЕЙ БОТАНКИН).
РАЙГУЫРД 1974 АЗЫ
ЦӔРЫ УӔРӔСЕЙЫ
РАЗДӔР УАРЗТА ХЕВИ-МЕТАЛ
Ӕз райгуырдтӕн, зындгонд композитор Чайковский кӕм райгуырд, уыцы горӕты, Воткинскы. Нӕ бинонтӕ мӕгуыр цардысты. Мӕ фыдмӕ бирӕ хорз миниуджытӕ уыди, фӕлӕ фыднозт кӕй кодта, уый тыххӕй нӕ хӕдзары ӕдзух уыди загъд ӕмӕ хылтӕ.
Скъолайы ӕвзӕр ахуыр кодтон ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ мӕхимӕ тынг ӕгуыдзӕг кӕсын райдыдтон, сдӕн мадзура ӕмӕ никӕуылуал ӕууӕндыдтӕн. Скъолайӕ ме сӕфт уыдтон, уырдӕм ацӕуыны бӕсты мӕлыныл дӕр разы уыдтӕн. Зӕгъӕм, ӕндӕр искуы ӕнӕкъуылымпыйӕ цы радзырдтаин, уый-иу мӕ къласы раз бынтондӕр ферох, ӕмӕ-иу дыууӕ ныхасы кӕрӕдзийыл сбӕттын мӕ бон нал уыд. Ӕстӕм кълас каст куы фӕдӕн, уӕд мын мӕ характеристикӕйы ныффыстой: «Бирӕ ныхӕстӕ нӕ зоны, йӕ хъуыдытӕ йӕ бон сӕрибарӕй дзурын нӕу». Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ ныфс бынтондӕр асастой, ӕмӕ мӕхимӕ ноджы ӕгуыдзӕгдӕр ӕркастӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, мӕ цард ӕппындӕр ницы у, зӕгъгӕ.
Ӕрыгонӕй райдыдтон нуазын. Фыццаг-иу куы анызтон, уӕд-иу мӕ мӕ мӕстытӕ айрох сты. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕгӕр нуазын райдыдтон, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт. Мӕ цард мӕм ӕппындӕр ницы каст, мӕхимӕ ныхъхъуыстон, хатт-иу цалдӕргай бонты хӕдзарӕй ӕддӕмӕ нӕ рахызтӕн. Мӕ сӕрмӕ-иу ахӕм хъуыды дӕр ӕрцыд, мӕхицӕн исты бакӕнон, ахӕм царды бӕсты мӕлӕт хуыздӕр, зӕгъгӕ.
20-аздзыдӕй та хъусын райдыдтон, хеви-метал кӕй хонынц, уыцы музыкӕмӕ, ӕмӕ мын уый руаджы гыццыл фенцондӕр – цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Фӕлӕ афтӕ бирӕ нӕ ахаста. Райдианты мӕ хеви-метал тынг уӕнгрог кодта, ӕмӕ агурын райдыдтон, уыцы музыкӕ ма кӕй зӕрдӕмӕ цыди, ахӕмты. Даргъ сӕрыхъуынтӕ рауагътон, мӕ хъустӕ ахуынкъ кодтон ӕмӕ, цы музыкантты уарзтон, уыдоны дзаумӕтты хуызӕн дзаумӕттӕ дардтон. Ӕз сдӕн тынг мӕстыгӕр ӕмӕ-иу мӕ бинонтӕн арӕх смаст кодтон.
Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ацы музыкӕйы фӕрцы мӕ зӕрдӕмӕ рухс бакӕлдзӕн, фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад – фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕдӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ цы зарӕггӕнджытӕ цыдысты, уыдон цы митӕ кӕнынц, уый куы базыдтон, уӕд та мыл цыма гадзрахатӕй рацыдысты, афтӕ фӕдӕн.
Ӕмӕ та мӕм уӕд ногӕй мӕхи амарыны хъуыды фӕзынд. Мӕхицӕн фидарӕй загътон, ацы хъуыддагӕн ӕнӕбакӕнгӕ нал ис. Фӕлӕ-иу мӕ мад мӕ цӕстытыл куы ауад, уӕд та-иу мӕ къух мӕхимӕ сисын мӕ бон нал сси. Мӕ мад мӕ бирӕ уарзта, стӕй дзы бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтон. Уыцы хъуыдытӕй мӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта – цӕрын дӕр мӕ нал фӕндыд, фӕлӕ мӕхи амарын дӕр мӕ бон нӕ уыд.
Цӕмӕй мӕ хъуыдытӕй фервӕзтаин, уый тыххӕй райдыдтон кӕсын зындгонд уырыссаг фысджыты чингуытӕ. Иуы дзы бакастӕн, аргъуаны чи куыста, ахӕм адӕймаджы тыххӕй ӕмӕ мӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ тынг бафӕндыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уӕд фыццаг хатт Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй скуывтон. Куырдтон дзы, цӕмӕй мын бацамыдтаид, куыд цӕргӕ мын у, уый. Куыд куывтон, афтӕ мӕ зӕрдӕ ’рсабыр. Фӕлӕ дарддӕр цы ’рцыд, уый та уыд ноджы диссагдӕр. Дыууӕ сахаты дӕр нӕ рацыд, афтӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу сылгоймаг мӕ дуар ӕрбахоста ӕмӕ мӕ бафарста, Библи ахуыр кӕнын дӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Ӕз ӕй зонын, уый хуымӕтӕджы кӕй нӕ уыд – Хуыцау мын мӕ куывд фехъуыста. Уыцы бон уыд мӕ ног амондджын цардӕн йӕ фыццаг бон.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Кӕд мын зын уыд, уӕддӕр аппӕрстон, хеви-металимӕ баст дзауматӕй мӕм цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр. Фӕлӕ музыкӕ уӕддӕр ӕдзух мӕ хъустыл уад. Искуы-иу ӕй куы айхъуыстон, уӕд та-иу мӕ раздӕры цард мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд. Фӕлӕ Библийӕ цы базыдтон, уый мын мӕ зондахаст хуыздӕрырдӕм фӕивта, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй мын мӕ раздӕры царды мысинӕгтӕ мӕ ног цард ӕнад кодтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ-иу ахӕм бынӕттӕй мӕхи хызтон, стӕй-иу куыддӕр мӕ раздӕры цардыл хъуыды кӕнын райдыдтон, афтӕ-иу уайтагъд Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй скуывтон, ӕмӕ-иу мӕ уый дӕр схайджын кодта, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы», уыцы фарнӕй (Филиппӕгтӕм 4:7).
Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтон, ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хӕс кӕй у сӕ дины тыххӕй иннӕтӕн дзурын (Матфейы 28:19, 20). Афтӕ мӕм каст, мӕнӕн уый мӕ бон нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ, Библийӕ цы базыдтон, уыцы диссаджы хабӕрттӕ мын стыр циндзинад ӕмӕ стыр удӕнцой ӕрхастой. Ӕмбӕрстон ӕй, иннӕтӕ дӕр кӕй хъуамӕ базоной, Библийы цы фыст ис, уый. Кӕд тарстӕн, уӕддӕр, мӕхӕдӕг цы зыдтон, уый иннӕтӕн дзурын райдыдтон. Ӕмӕ иу диссаджы хъуыддаг бафиппайдтон: Библийы тыххӕй адӕмимӕ кӕй ныхас кодтон, уый фӕрцы мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон, ӕмӕ мӕ уырнындзинад дӕр бафидар.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Абон мӕ бинойнагимӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрӕм. Мӕ мад ӕмӕ мӕ хойӕ уӕлдай ма цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодтон Библи хуыздӕр базонынӕн. Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгты тыххӕй адӕмӕн кӕй дзурын, уый руаджы абон мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕны.