Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Хуыцауы хорзӕх куыд ис ссарӕн?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.
1. Хуыцау алкӕй куывдмӕ дӕр хъусы?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм алы адӕймаг дӕр кува ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ссара (Псалом 65:2). Фӕлӕ алкӕй куывдмӕ нӕ хъусы. Зӕгъӕм, йӕ адӕм, израилӕгтӕ, ӕвзӕр митыл куы бафтыдысты, уӕд сын сӕ куывдтытӕ нал хъуыста (Исай 1:15). Хуыцау нӕ хъусы, йӕ бинойнаджы чи фефхӕры, ахӕм нӕлгоймаджы куывдтытӕ дӕр (1 Петры 3:7). Фӕлӕ Хуыцау фехъусдзӕн, йӕ уӕззау тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕна, уыцы адӕймаджы куывд. (Бакӕс 2 Азфыстыты 33:9–13.)
2. Куыд хъӕуы кувын?
Хуыцаумӕ кувын у стыр кад, ӕмӕ йӕм кӕй кувӕм, уымӕй дӕр ын лӕггад кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ (Матфейы 4:10; 6:9). Тӕригъӕдджын кӕй стӕм ӕмӕ нӕхи бон кӕй нӕу «Фыдмӕ... ӕрцӕуын», уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуамӕ кувӕм Йесо Чырыстийы номӕй – ӕндӕр «фӕндаг» ӕм нӕй (Иоанны 14:6). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕй кувӕм кӕнӕ цӕттӕ куывдтытӕ искӕцӕй кӕсӕм, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм зӕрдӕбынӕй кувӕм. (Бакӕс Матфейы 6:7; Филиппӕгтӕм 4:6, 7.)
Не Сфӕлдисӕгмӕ нӕхинымӕр куы фӕкувӕм, уӕд дӕр нӕ фехъусы (1 Самуилы 1:12, 13). Хуыцауӕн нӕ куывдтытӕм хъусын алкӕддӕр ӕхсызгон у. Уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон у кувын кӕдфӕнды дӕр, зӕгъӕм, райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй, хӕрды размӕ ӕмӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. (Бакӕс Псалом 55:22; Матфейы 15:36.)
3. Хуыцауы адӕм иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййынц?
Мах цӕрӕм, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл чи худы, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уымӕ гӕсгӕ ӕнцон нӕу афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм (2 Тимофеймӕ 3:1, 4; 2 Петры 3:3, 13). Уӕдӕ мах хъуамӕ нӕхи бӕттӕм Хуыцауы адӕмыл, цӕмӕй нӕ ныфсыл ныфс ӕфта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)
Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмы ’хсӕн нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куы агурӕм, уӕд ын йӕ хорзӕх ссардзыстӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты иннӕты уырнындзинад уынгӕйӕ нӕхӕдӕг дӕр бафидар вӕййӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.)
4. Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ма нын цы баххуыс кӕндзӕн?
Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ма нын баххуыс кӕндзӕн, йӕ Ныхасӕй цы базонӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уый. Арф-иу хъуыды кӕнӕм йӕ хъуыддӕгтыл, йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, ууыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл. Куы йӕм кувӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ зонд куыд ӕнӕкӕрон сты, уый. (Бакӕс Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1–3.)
Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй йыл хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ йыл ӕууӕндӕм. Фӕлӕ уырнындзинад зайӕгойӕ уӕлдай нӕу – уымӕ дӕр ӕдзух хъӕуы «зилын», ома арф хъуыды кӕнын, цы базонӕм, ууыл. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:21; Дзуттӕгтӕм 11:1, 6.)
5. Хуыцауы хорзӕх ссарыныл куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
Йегъовӕ тыхсы, чи йӕ уарзы, уыдоныл. Хъахъхӕны сӕ, сӕ уырнындзинадӕн сын зиан чи ’рхӕсдзӕн ӕмӕ сӕ се ’нусон царды ныфсӕй ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕй (Псалом 91:1, 2, 7–10). Амоны сын, сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой, цӕмӕй се ’нӕниздзинадӕн зиан ма ’рхӕссой ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд уой. (Бакӕс Псалом 73:27, 28; Иаковы 4:4, 8.)
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныджы, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 17 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.