Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/9 30–31 фф.
  • Ӕнаххосӕй аххосджын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнаххосӕй аххосджын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фӕлварӕнты фидар лӕуу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Петр нӕ басаст
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/9 30–31 фф.

Кӕстӕртӕн

Ӕнаххосӕй аххосджын

ИОСИФ – 2 ХАЙ

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

Сӕйраг архайджытӕ: Иосиф, Потифар ӕмӕ йӕ ус.

Цӕуыл цӕуы ныхас: Иосифы ӕнаххосӕй ахӕстоны бакодтой, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 39:7, 10–23.

Потифары ус Иосифӕй мӕнг ныхӕстӕ куы кодта, уӕд цавӕр хъӕлӕсы уагӕй дзырдта?

․․․․․

Куыд хъуыды кӕныс, Иосифы цы ахӕстоны бакодтой, уым цавӕр уавӕртӕ уыд?

․․․․․

Иосифмӕ ахӕстоны фыццаг цы цӕстӕй кастысты? (Бакӕс Псалом 105:17, 18.)

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Иосифӕн йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уыдаид, уӕд ахӕстоны бадгӕйӕ цавӕр рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцыдаид? (Бакӕс Иов 30:20, 21.)

․․․․․

Иосиф йӕ зындзинӕдты Йегъовӕйы кӕй нӕ аххосджын кодта, уый кӕцӕй зонӕм? (Бакӕс Райдиан 40:8; 41:15, 16.)

․․․․․

Куыд хъуыды кӕныс, Иосифы ахӕстоны ӕнаххосӕй куы бакодтой, уӕд ын цавӕр миниуджытӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ ныфс ма асастаид? (Бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн Михей 7:7; Лукайы 14:11; Иаковы 1:4.)

․․․․․

Иосиф ахӕстоны бадгӕйӕ цӕуыл сахуыр ӕмӕ йын уый фӕстӕдӕр цы пайда ӕрхаста? (Бакӕс Райдиан 39:21–23; 41:38–43.)

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...зындзинӕдты фидар чи фӕлӕууы, уыдонӕн Хуыцау кӕй арфӕ кӕны, уымӕй.

․․․․․

...зындзинӕдты рӕстӕг адӕймаг цӕуылдӕр кӕй сахуыр вӕййы, уымӕй.

․․․․․

...фӕлварӕнты Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны, уымӕй.

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Мыййаг дӕ ныфс искуы асаст, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтай, ничи мын баххуыс кӕндзӕн, зӕгъгӕ? Зын уавӕры куы бахауис, уӕд дын, дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд баххуыс кӕнид? (Бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн 1 Коринфӕгтӕм 10:13.)

․․․․․

4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ кӕс сайты www.watchtower.org

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын