Нӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм
«Нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (ДЗУТ. 12:1).
1, 2. Апостол Павел чырыстӕтты цард цӕимӕ абарста?
АЛЫ аз дӕр дунейы бирӕ рӕтты ерыстӕ скӕнынц ӕмӕ дзы дард фӕндагыл фезгъорынц. Чи дзы фӕархайы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ згъорынмӕ тынг дӕсны сты, ӕмӕ ахӕмтӕн сӕ нысан у фыццаг бынат бацахсын. Фӕлӕ йӕ сӕ фылдӕр та зонынц, уый сӕ къухы кӕй нӕ бафтдзӕн. Уыдонӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕй сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорой.
2 Библийы дзырд цӕуы, ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ цард ахӕм фӕндаджы хуызӕн кӕй у. Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон сты, сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорынмӕ ӕмӕ хӕрзиуӕг райсынмӕ чи тырны, ахӕм згъорджыты хуызӕн. Апостол Павел ахӕм ерысты кой кодта, Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм фыццаг цы фыстӕг ныффыста, уым: «Нӕ йӕ зонут, ӕмӕ ерысы згъорджытӕ се ’ппӕт дӕр кӕй фезгъорынц, фӕлӕ дзы хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу кӕй райсы? Уӕдӕ афтӕ згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат» (1 Кор. 9:24).
3. Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу райсы, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд?
3 Цымӕ Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу райсы, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ чырыстӕттӕй иу йеддӕмӕ нӕ райсдзӕн хӕрзиуӕг, ома цард? Нӕ. Павел дзырдта, ерысгӕнджытӕ цӕмӕн фезгъорынц, уый тыххӕй. Коринфы чырыстӕттӕ зыдтой, згъорджытӕй-иу алкӕй дӕр кӕй фӕндыд фыццаг бынат бацахсын, кӕд-иу хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр сӕ иу райста, уӕддӕр. Ӕмӕ-иу уый тыххӕй ӕдзух сӕхиуыл куыстой ӕмӕ-иу ерысты рӕстӕг сӕ хъарутыл нӕ ауӕрстой. Ӕмӕ Павелы дӕр уый фӕндыд, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕ царды фӕндагыл згъоргӕйӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй уыдаид сӕ бон хӕрзиуӕг райсын. Абон дӕр чырыстӕттӕй афтӕ чи архайы, уыдон се ’ппӕт дӕр райсдзысты хӕрзиуӕг – ӕнусон цард.
4. Чырыстӕттӕ цы фӕндагыл згъорынц, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы зонын?
4 Иуӕй нӕ уыцы ныхӕстӕ ныфс уадзынц, иннӕмӕй та нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй, абон нӕ цард куыд аразӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм. Нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕнӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы хӕрзиуӕг: чидӕртӕ нӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты ӕнустӕм, чидӕртӕ та – зӕххыл Дзӕнӕты. Фӕлӕ чырыстӕттӕн сӕ цард у дард ӕмӕ зын фӕндаджы хуызӕн. Уыцы фӕндагыл бирӕ цӕмӕйдӕрты у тӕссаг, ис ыл бирӕ цӕлхдуртӕ ӕмӕ къӕппӕджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ тӕссаг у, нӕ цыд куы фӕсындӕгдӕр кӕнӕм кӕнӕ та Йегъовӕйӕн бынтондӕр куы нал лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Матф. 7:13, 14). Хъыгагӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутыл ӕрцыд ахӕм хабар. Цымӕ царды фӕндагыл цавӕр къӕппӕджытӕ ис? Дӕхи уыцы къӕппӕджытӕй куыд бахиздзынӕ? Ӕмӕ дӕ цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай ӕмӕ хӕрзиуӕг райсай?
Хъӕуы фидардзинад
5. Павел Дзуттӕгтӕм 12:1 цы бамбарын кодта?
5 Цалдӕр азы фӕстӕ Павел фыстӕг ныффыста Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕм ӕмӕ та уым дӕр скодта згъорджыты кой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:1.) Павел, чырыстӕтты дарддӕр дӕр згъорын цӕмӕн хъӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ ма бамбарын кодта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорой. Фыццаг уал ӕркӕсдзыстӕм, Павел ацы фыстӕг цӕмӕн ныффыста ӕмӕ дзуттаг чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта, уымӕ. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, цы уынаффӕтӕ сын радта, уыдон махмӕ куыд хауынц, ууыл.
6. Дзуттаг дины разамонджытӕ чырыстӕттӕн цытӕ ӕвзарын кодтой?
6 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цардысты тынг уӕззау рӕстӕг. Уӕлдай зындӕр та уыди, Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы чи цард, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ дзуттаг дины разамонджытӕ адӕмӕн, сӕхи цы фӕндыд, уый аразын кодтой. Уымӕй размӕ адӕмы Йесо Чырыстийы ныхмӕ дӕр уыдон скодтой, хицауады ныхмӕ цӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ, раст цыма фыдгӕнӕг уыд, афтӕ амарын кодтой. Ӕмӕ ныр та сӕ ныхтӕ ныссагътой, Йесойы тыххӕй чи хъусын кодта, уыдоны. Хъуыддӕгты чиныджы кӕсӕм, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уый тыххӕй. Уыцы разамонджытӕ чырыстӕтты ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Уӕдӕ иузӕрдион чырыстӕттӕн сӕ цард ӕнцон кӕцӕй уыдаид (Хъуыд. 4:1–3; 5:17, 18; 6:8–12; 7:59; 8:1, 3).
7. Павел кӕмӕ фыста, уыцы чырыстӕттӕн ма зын ноджыдӕр цӕмӕн уыди?
7 Чырыстӕттӕн ма зын ноджыдӕр уымӕн уыди, ӕмӕ Иерусалим пырхгонд куы ’рцыдаид, уымӕ бирӕ нал хъуыд. Ӕмӕ сын Йесо уый тыххӕй рагацау загъта. Радзырдта ма сын, уыцы хабары хӕдразмӕ цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ сын бӕлвырд бамбарын кодта, цы сӕ хъӕудзӕн аразын, цӕмӕй фервӕзой. (Бакӕс Лукайы 21:20–22.) Чырысти сӕ бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа» (Лук. 21:34).
8. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ цыд цӕй тыххӕй фӕсындӕгдӕр кодтой кӕнӕ Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй нал лӕггад кодтой?
8 Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕг ныффыста, Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй 30 азы фӕстӕдӕр. Уыцы азты дӕргъы чырыстӕттыл цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд? Алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны кӕй скодтой, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ нал архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтаиккой ӕмӕ йӕм баввахс уыдаиккой (Дзут. 5:11–14). Чырыстӕттӕй кӕмӕдӕрты та афтӕ каст, ӕмӕ, сӕ алыварс иннӕ дзуттӕгтӕ куыд цардысты, афтӕ цӕрын сын бирӕ ӕнцондӕр уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр Хуыцауыл сӕ къух бынтон нӕ систой ӕмӕ Моисейы закъон дӕр ӕххӕст кӕнынц, зӕгъгӕ. Стӕй ӕмбырды дӕр уыд ахӕмтӕ, ӕмӕ иннӕтӕн дзырдтой, Моисейы закъон ӕмӕ дзуттаг дины ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ кӕйдӕрты уыцы хъуыдыйыл сразы кодтой. Чидӕртӕ та сӕ тӕрсгӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм хъуыстой. Уӕдӕ Павел йе ’мчырыстӕттӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр къӕрцхъус уыдаиккой ӕмӕ сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтаиккой?
9, 10. а) Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕджы 10-ӕм сӕры кӕрон цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕтты цы хъуыди аразын? ӕ) Павел Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты уырнындзинады тыххӕй цӕмӕн радзырдта?
9 Павел Хуыцауы разамындӕй ацы фыстӕг уый тыххӕй ныффыста, цӕмӕй дзуттаг чырыстӕтты бафидар кодтаид. Уыцы фыстӕджы сын 10-ӕм сӕры райдианы бамбарын кодта, Моисейы закъон «фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон кӕй у» ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрмӕстдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй ӕрцӕудзысты. Уыцы сӕры кӕрон та сын бамбарын кодта, цы сӕ хъуыди, цӕмӕй сын уыцы нывонд пайда ӕрхастаид: «Сымах хъӕуы фидардзинад, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Уымӕн ӕмӕ ма „иу гыццыл“, ӕмӕ, „ӕрцӕуинаг чи у, уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн“» (Дзут. 10:1, 36, 37).
10 Ацы ныхӕстӕй сӕ Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй фидар лӕууыдаиккой. Ӕмӕ та сын 12-ӕм сӕры дӕр загъта фидардзинады тыххӕй, зӕгъгӕ, «уӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй» згъорут. Фӕлӕ уал сын уый размӕ 11-ӕм сӕры радзырдта, фидар уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыцы рагон лӕггадгӕнджыты тыххӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕцӕг уырнындзинад цы у, уый. Цымӕ сын фидардзинады кой кӕнгӕйӕ уырнындзинады тыххӕй цӕмӕн дзырдта? Фӕндыди йӕ, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисынӕн сӕ кӕй хъуыди хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидардзинад, кӕнӕ фӕразондзинад. Павел радзырдта, зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззад, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Сӕ цӕвиттон дзуттаг чырыстӕттӕн хъуамӕ баххуыс кодтаид зын уавӕрты фидар фӕлӕууынӕн. Павел, уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ уырнындзинад куыд ӕвдыстой, уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд загъта: «Нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ [«ӕвдисӕнты ахӕм стыр мигъ», фип.] кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (Дзут. 12:1).
«Ӕвдисӕнты... стыр мигъ»
11. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
11 Павел Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты схуыдта «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Уыдон сӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕн дӕр сӕ бон кӕй у цыфӕнды зын уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайын. Уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ уыдысты, сӕ фӕндагыл кӕронмӕ чи азгъордта, ахӕм згъорджыты хуызӕн. Ӕмӕ дзуттаг чырыстӕттӕ сӕ цӕвиттоныл куы хъуыды кодтаиккой, уӕд сӕ уый ныфс бауагътаид, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй бауыдаид сӕ фӕндагыл кӕронмӕ фӕразонӕй згъорын. Ӕмӕ уый ныфс уадзы мах дӕр.
12. Павел кӕй кой ракодта, уыцы адӕмы цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
12 Павел кӕй кой ракодта, уыцы адӕмы цардӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн, уымӕн ӕмӕ-иу уыдон дӕр мах хуызӕн уавӕрты уыдысты. Зӕгъӕм, Ной цард, Йегъовӕ уӕды дуне Доны хъаймӕты куы фесӕфта, уыцы рӕстӕджы. Ӕмӕ мах дӕр ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм – тагъд Йегъовӕ Хӕйрӕджы дуне фесафдзӕн. Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн та Йегъовӕ загъта, цӕмӕй сӕ хӕдзар ныууагътаиккой ӕмӕ сын кӕдӕм бацамыдта, уырдӕм ацыдаиккой. Зӕрдӕ сын бавӕрдта, уыдонӕй кӕй рацӕудзӕн, Йегъовӕйӕн чи кувдзӕн, ахӕм стыр адӕм. Ӕмӕ Авраам ӕмӕ йӕ бинойнаг ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы зӕрдӕвӕрд кӕд сӕххӕст уыдаид, уымӕ. Йегъовӕ махӕн дӕр дзуры, цӕмӕй, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ мауал цӕрӕм, фӕлӕ уый куыд фӕнды, афтӕ. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ын йӕ хорзӕх кӕй ссардзыстӕм ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзыстӕм. Моисей та Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цыди дард ӕмӕ тӕссаг фӕндагыл. Мах дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ, йӕ бонтӕ нымад кӕмӕн сты, уыцы фыддунейы уылты цӕуӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дунемӕ. Уӕдӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цардыл хъуыды кӕнын. Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд рухс кодтой, уымӕй сӕ нӕ бон у фӕзмын, сӕ рӕдыдтытӕй та нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ зондӕн райсын (Ром. 15:4; 1 Кор. 10:11).
Кӕронмӕ цӕй фӕрцы азгъордтой?
13. Ной цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ӕмӕ йын цы баххуыс кодта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый саразынӕн?
13 Уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ сӕ фӕндагыл кӕронмӕ цӕй фӕрцы азгъордтой? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел Нойы тыххӕй цы ныффыста, уымӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:7.) Ной ахӕм хабар никуы федта, ӕмӕ адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ иууылдӕр доны фӕцагъды уыдаиккой (Райд. 6:17). Уымӕй размӕ Доны хъаймӕт никуы уыд, фӕлӕ уӕддӕр Ной афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй ӕххӕст кӕны, уый йӕ фидарӕй уырныдта. Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн Йегъовӕмӕ хъусын. Гъемӕ йын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, «раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). Ахъуыды-ма кӕн, Нойы цас цыдӕртӕ хъуыди бакӕнын. Хъуамӕ нау сарӕзтаид, алыхуызон цӕрӕгойты ӕрӕмбырд кодтаид ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр фаг хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Стӕй хъуамӕ адӕмы бафӕдзӕхстаид, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар кодтаид. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон нӕ уыди. Фӕлӕ Ной Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд ӕмӕ уый фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кодта, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ Нойӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.
14. Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыдысты, уый куыд равдыстой? Сӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
14 Павел «ӕвдисӕнты... стыр мигъы» тыххӕй куы дзырдта, уӕд ракодта Авраам ӕмӕ Саррӕйы кой дӕр. Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Урӕй куы ацыдысты, уӕд сӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Разӕй сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕн ницы зыдтой. Фӕлӕ сӕ фидар уырнындзинады фӕрцы суанг зын уавӕрты дӕр Хуыцауы коммӕ кастысты. Авраам йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтаид, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Библи хоны, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» (Ром. 4:11). Дзуттаг чырыстӕттӕ Авраамы ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел сӕ хъуыддӕгтӕй цалдӕры кой йеддӕмӕ не скодта. Фӕлӕ уый дӕр фаг уыди, цӕмӕй сын равдыстаид, фидар уырнындзинады хицау кӕй уыдысты, уый. Павел загъта: «Уыдон... суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой, стӕй ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты» (Дзут. 11:13). Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уый фӕрцы сӕ бон баци сӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын.
15. Моисей цавӕр цард равзӕрста ӕмӕ цӕмӕн?
15 Моисей дӕр уыд, Павел цы «ӕвдисӕнты» кой кодта, уыдонӕй. Уый дӕр Авраамау йӕ цӕттӕ цард ныууагъта. Моисей йӕ къух систа, фараоны галуаны йын цы кад ӕмӕ цы хъӕздыгдзинӕдтӕ уыд, уыдоныл. Ӕмӕ уый бӕсты «равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын». Цӕмӕн? Павел загъта: «Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл... Уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–27.) Моисей ӕмбӕрста, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый» сӕйраг кӕй нӕу. Уый фидарӕй зыдта, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, ӕмӕ суанг зын уавӕрты дӕр уыди хъӕбатыр ӕмӕ фидар. Ӕмӕ уый фӕрцы израилӕгты Египетӕй ракодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахӕццӕ кодта, кӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уӕддӕр.
16. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Моисейӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йӕхимӕ кӕй нӕ ныхъхъуыста?
16 Авраамау Моисей дӕр йӕхи цӕстӕй нӕ федта, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кодта, уый. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы хъуамӕ бацыдаиккой, уый хӕдразмӕ йын Хуыцау загъта: «Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уырдӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ». Моисей ӕмӕ Аарон Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ уый тыххӕй нӕ бацыдысты, ӕмӕ Меривӕйы дӕтты цур фыдзонд израилӕгтӕ куы хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд сӕм смӕсты сты ӕмӕ стыр рӕдыд ӕруагътой – адӕмы раз Хуыцауы не скадджын кодтой (Дык. з. 32:51, 52). Фӕлӕ уӕддӕр Моисей Хуыцаумӕ нӕ фӕхӕрам ӕмӕ йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕ раст нӕ бакодта. Уый уымӕй у бӕрӕг, ӕмӕ йӕм скуывта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн раарфӕ кодтаид. Ӕмӕ фӕстагмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Куыд амондджын дӕ, Израил! Чи у дӕу хуызӕн? Сымах стут, Йегъовӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн у, уыцы адӕм, уый у уе ’ххуысы уарт ӕмӕ уе ’мбисонды хъама» (Дык. з. 33:29).
Цӕуыл ахуыр кӕнӕм
17, 18. а) Павел «ӕвдисӕнты... стыр мигъ» кӕй схуыдта, уыдоны цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
17 Павел «ӕвдисӕнты... стыр мигъ» кӕй схуыдта, уыдоны цардӕй базыдтам иу хъуыддаг: цӕмӕй нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Хуыцауыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл (Дзут. 11:6). Нӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа, абон нӕ цард куыд аразӕм, уымӕй. Уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдонӕй уӕлдай мах зонӕм, разӕй нӕм диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уырнындзинады цӕстӕй мах уынӕм, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» ӕмӕ уый фӕрцы нӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм (2 Кор. 5:7).
18 Чырыстон фӕндаг ӕнцон фӕндаг нӕу. Фӕлӕ йыл уӕддӕр нӕ бон у кӕронмӕ азгъорын. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Павел рагон «ӕвдисӕнты» уырнындзинады тыххӕй цӕмӕн ныффыста?
• Уыцы «ӕвдисӕнты» цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм?
• Ной, Авраам, Саррӕ ӕмӕ Моисейы цардӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
[Ныв 19 фарсыл]
Авраам ӕмӕ Саррӕ цӕттӕ уыдысты сӕ хорз цард ныууадзынмӕ