Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауыл»
«Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн, тӕригъӕдгӕнаг Фыдӕн ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» (2 КОР. 1:3).
1. Алы адӕймаджы дӕр цы хъӕуы?
АЛЫ адӕймаджы дӕр йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ исчи рӕвдауа. Зӕгъӕм, сывӕллон кӕуын куы райдайы, уӕд мад фӕзоны, барӕвдауын ӕй кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысмӕ сисы йе та йын бахӕрын кӕны. Фӕлӕ адӕймаг куы сыстыр вӕййы, уӕд дӕр ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕй исчи барӕвдауа. Адӕймаг исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕлдай тынгдӕр та йӕ уӕд фӕхъӕуы, цӕмӕй йын исчи удӕнцой ратта, кӕнӕ дзы ныфс бауадза.
2. Йегъовӕ, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?
2 Арӕх нын удӕнцойы хос вӕййынц нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ. Фӕлӕ хатт ахӕм зын уавӕры бахауӕм, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн вӕййы йӕ бон махӕн удӕнцой раттын. Йӕ Ныхасы уылты нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ... [...] Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын» (Пс. 145:18, 19). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (Пс. 34:15). Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау ӕххуыс кӕна ӕмӕ нын удӕнцой дӕтта, уый тыххӕй йыл хъуамӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм. Уый хорз зыны Давиды ныхӕстӕй: «Йегъовӕ зӕрдӕсаст адӕмӕн суыдзӕн сӕ бӕрзонд хох, сӕ бӕрзонд хох зын сахат. Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны» (Пс. 9:9, 10).
3. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, уый Чырысти куыд равдыста?
3 Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ тынг зынаргъ сты. Чырысти уый бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Лук. 12:6, 7). Раджы заманты Йегъовӕ Йеремийы уылты йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон. Гъе уый тыххӕй дӕ ӕлвасын мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй» (Йер. 31:3).
4. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?
4 Адӕймаг йӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕнда, уӕд ын уый зын уавӕрты удӕнцой хӕсдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцауыл нӕ ныфс дарӕм, Навины фырт Йесо йыл йӕ ныфс куыд фидарӕй дардта, афтӕ. Уый загъта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр... нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14). Стӕй, куыд зонӕм, афтӕмӕй «Хуыцау иузӕрдион у», ӕмӕ кӕд ныртӕккӕ зын уавӕрты стӕм ӕмӕ нӕ ныфс асасти, уӕддӕр нӕ ныууадздзӕн. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.)
5. Нӕ бон цӕй фӕрцы у иннӕтӕн удӕнцой дӕттын?
5 Апостол Павел Йегъовӕйы схуыдта «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау». «Удӕнцой раттын» нысан кӕны тыхст адӕймаджы бафидар кӕнын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кӕнын. Йегъовӕ растдӕр ахӕм удӕнцой дӕтты махӕн. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.) Нӕ уӕларвон Фыдӕн алкӕуыл дӕр ӕмӕ алцӕуыл дӕр йӕ бар цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый саразын, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой ратта. Ӕмӕ нын Хуыцау «цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын». Уӕдӕ ныфссаст адӕмӕн Йегъовӕйӕ хуыздӕр никӕй бон у удӕнцой раттын.
Адӕймаджы ныфс цӕмӕн асӕтты
6. Абон бирӕтӕ цӕуыл фӕмаст кӕнынц?
6 Адӕмы ныфс бауадзын алыхуызон уавӕрты фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, бирӕ кӕй уарзынц, уыдонӕй сын исчи куы амӕлы, уӕд тынг фӕмаст кӕнынц. Адӕймагӕн уӕлдай зын дӕр та вӕййы, мӕлӕт ын йӕ цардӕмбалы кӕнӕ йӕ сывӕллоны куы байсы, уӕд. Иуӕй-иутӕн масты хос у, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый. Бирӕтӕн та сӕ ныфс асӕтты, се ’нӕниздзинад кӕй фӕцуды, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруадзынц, мӕгуыр цард кӕй фӕкӕнынц, сӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи кӕй нӕ фембарынц кӕнӕ дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй.
7. а) Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд нӕ удӕнцой цӕмӕн фӕхъӕуы? ӕ) Йегъовӕйӕн йӕ бон куыд у «зӕрдӕсаст» адӕймаджы сдзӕбӕх кӕнын?
7 Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд уый фӕзыны нӕ зӕрдӕйыл, нӕ хъуыдытыл, не ’нӕниздзинадыл ӕмӕ нӕ уырнындзинадыл дӕр. Ахӕм рӕстӕг нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй нын исчи удӕнцой ратта. Фыццаг уал ӕркӕсдзыстӕм зӕрдӕмӕ. Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй хатт адӕймаг вӕййы «зӕрдӕсаст» (Пс. 51:17). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын ахӕм уавӕры баххуыс кӕна – «уый дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны, бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ» (Пс. 147:3). Цыфӕнды зын уавӕры дӕр Хуыцаумӕ куы кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс куы курӕм, стӕй йыл куы ’ууӕндӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 3:19–22; 5:14, 15.)
8, 9. а) Нӕ сӕр алыхуызон сагъӕссаг хъуыдытӕй куы байдзаг вӕййы, уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны? ӕ) Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ бон нӕу нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?
8 Фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ сӕр алыхуызон сагъӕссаг хъуыдытӕй байдзаг вӕййы, ӕмӕ нӕ уӕд дӕр фӕхъӕуы удӕнцой. Фылдӕр хатт ахӕм уавӕры нӕхи бон ницы вӕййы саразын. Фӕлӕ псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19). Павел дӕр ныффыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн, цӕмӕй сагъӕссаг хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй фӕсурӕм (2 Тим. 3:15–17).
9 Хатт афтӕ ныфссаст вӕййӕм, ӕмӕ нӕ тар хъуыдытӕ сӕ быны скӕнынц. Чи зоны нӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нӕу, Библимӕ гӕсгӕ ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын кӕнӕ нын ӕмбырды нӕ бар цы хъуыддӕгтӕ бакодтой, уыдон аразын. Ахӕм уавӕры дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у махӕн удӕнцой раттын ӕмӕ нын баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, Хуыцау Навины фырт Йесойӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй израилӕгты сӕ тыхджын знӕгты ныхмӕ ракодтаид, уӕд ын Моисей загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ фидар, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды бакӕндзынӕ, Йегъовӕ сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ сын уыцы зӕхх бынӕн ды ратдзынӕ. Дӕ разӕй цӕуы Йегъовӕ. Уый уыдзӕн демӕ. Нӕ дӕ ныууадздзӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс» (Дык. з. 31:7, 8). Йегъовӕйы ӕххуысӕй Навины фырт израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодта, ӕмӕ се знӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз сты. Кӕддӕр Сырх денджызы цур Йегъовӕ Моисейӕн дӕр афтӕ баххуыс кодта (Рац. 14:13, 14, 29–31).
10. Кӕд не ’нӕниздзинад истӕй тыххӕй фӕцудыдта, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?
10 Хатт ныл цыдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ фырмӕтӕй не ’нӕниздзинад дӕр фӕцуды. Ахӕм уавӕры нын баххуыс кӕндзӕн, цы хӕрӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, фаг куы улӕфӕм, не уӕнгтӕ-иу куы айвазӕм, стӕй нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ хӕдзар дӕр сыгъдӕг куы дарӕм. Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд уый дӕр хорзырдӕм фӕзыны не ’нӕниздзинадыл. Уӕдӕ зын уавӕрты хорз уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам Павелы хабар. Уый дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕу, ӕмӕ нын фезмӕлӕн мауал уа; фӕтыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр бынтон афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм; нӕ фӕдыл зилынц, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ссӕндынц нӕ, фӕлӕ уӕддӕр нӕ сӕфӕм» (2 Кор. 4:8, 9).
11. Кӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?
11 Хатт фӕлварӕнты нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы. Ахӕм уавӕры дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у махмӕ йе ’ххуысы къух раттын. Йӕ Ныхас нын дзуры: «Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл» (Пс. 145:14). Кӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурӕм (Иак. 5:14, 15). Стӕй нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс, ӕмӕ уыцы ныфсыл ӕдзухдӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг фидар кӕндзӕн (Иоан. 17:3).
Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты ныфс куыд уагъта
12. Йегъовӕ Авраамы ныфс куыд бауагъта?
12 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн загъта: «Ӕрхъуыды кӕн, дӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы загътай, уый, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ. Мӕ фыдӕвзарӕны ууыл лӕууы мӕ уд, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхасы фӕрцы дӕн удӕгас» (Пс. 119:49, 50). Абон махмӕ ис Хуыцауы Ныхас, Библи, ӕмӕ дзы ис бирӕ цӕвиттонтӕ, Хуыцау-иу йӕ лӕггадгӕнджыты ныфс куыд бауагъта, уымӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ сафинаг кӕй у, уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам куы базыдта, уӕд йӕхицӕн ӕнцой нал ардта ӕмӕ йӕм скуывта: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ?» Йегъовӕ йын загъта, 50 рӕстгӕнӕджы дӕр дзы куы уа, уӕд дӕр Содом кӕй нӕ фесафдзӕн. Фӕлӕ ма йӕ Авраам уый фӕстӕ ноджыдӕр фондз хатты бафарста, зӕгъгӕ дзы 45, 40, 30, 20, 10 рӕстгӕнӕджы куы уа, уӕд та? Йегъовӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй ныхас кодта Авраамимӕ ӕмӕ йын загъта, дӕс рӕстгӕнӕджы дӕр дзы куы разына, уӕд дӕр уыцы горӕтмӕ кӕй нӕ бавналдзӕн. Ӕмӕ дзы кӕд дӕс рӕстгӕнӕджы дӕр нӕ разынд, уӕддӕр Йегъовӕ Лоты ӕмӕ йӕ чызджыты фервӕзын кодта (Райд. 18:22–32; 19:15, 16, 26).
13. Аннӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый куыд равдыста?
13 Елхъаны ус Аннӕйы тынг фӕндыд, цӕмӕй йын сывӕллон уыдаид. Фӕлӕ йын зӕнӕг нӕ цыд, ӕмӕ мастӕй йӕхи хордта. Уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куывта, ӕмӕ йын хистӕр сауджын Илий загъта: «Израилы Хуыцау [дын] раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Уыцы ныхӕстӕ йын удӕнцойы хос фесты ӕмӕ «йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:8, 17, 18). Аннӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ хъуыддаг йӕ бар бакодта. Гъемӕ кӕд, йӕ хабар куыд рауайдзӕн, уый нӕ зыдта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста – цасдӕры фӕстӕ Аннӕ басывӕрджын ӕмӕ ныййардта лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Самуил (1 Сам. 1:20).
14. Давиды ныфс бауадзын цӕмӕн хъуыди? Удӕнцой кӕм агуырдта?
14 Йегъовӕ адӕмӕн удӕнцой куыд лӕвӕрдта, уый ма бӕрӕг у рагон Израилы паддзах Давиды хабарӕй дӕр. Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ кӕй кӕсы, уымӕ гӕсгӕ, Давиды паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд зыдта, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг кӕй у ӕмӕ раст диныл фидар кӕй хӕцы (1 Сам. 16:7; 2 Сам. 5:10). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Давид Вирсавиимӕ фӕрӕдыд, ӕмӕ цӕмӕй йӕ тӕригъӕд басусӕг кодтаид, уый тыххӕй йын йӕ лӕджы амарын кодта. Давид, цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, уый куы бамбӕрста, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта: «Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мын ныххатыр кӕн мӕ фыдракӕндтӕ. Бынтондӕр мын ныхс мӕ рӕдыд, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ тӕригъӕдӕй. Ӕз зонын мӕ фыдракӕндтӕ, мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис» (Пс. 51:1–3). Давид зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ рӕдыд ныххатыр кодта. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр, йӕ тӕригъӕд цы ӕвирхъау хабӕрттӕм ӕркодта, уыдонӕй нӕ бахызта (2 Сам. 12:9–12). Ӕмӕ кӕд афтӕ уыди, уӕддӕр ын Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад стыр удӕнцой хаста.
15. Йегъовӕ Йесойӕн йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ куыд баххуыс кодта?
15 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд сӕмбӕлд карз фӕлварӕнтыл. Кӕд Хуыцау уыцы фӕлварӕнтӕ бауагъта, уӕддӕр Йесо, ӕххӕст адӕймаг, Йегъовӕйыл алкӕддӕр уыди иузӕрдион ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дардта. Уый Йегъовӕйы йӕ Хицауыл нымадта ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ каст. Куы йӕ хъуамӕ ӕрцахстаиккой ӕмӕ йӕ куы хъуамӕ амардтаиккой, уый хӕдразмӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». Ӕмӕ йӕм уӕд зӕд фӕзынд ӕмӕ йӕ бафидар кодта (Лук. 22:42, 43). Хуыцау дзы уыцы зын сахат ныфс бауагъта ӕмӕ йын хъарутӕ радта.
16. Нӕ уырнындзинады тыххӕй нӕ цардӕн дӕр тӕссаг куы уа, уӕд нын Хуыцау куыд баххуыс кӕндзӕн?
16 Нӕ уырнындзинады тыххӕй нӕ цардӕн дӕр тӕссаг куы уа, уӕд Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ныфсы хос у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Куыд тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕстаг знаг – мӕлӕт – сӕфт куы ’рцӕуа, уыцы бонмӕ! (1 Кор. 15:26). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕй дӕр чи амард, уыдон Йегъовӕйӕ рох не сты ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15). Фӕлварӕнты рӕстӕг нын ацы зӕрдӕвӕрд хӕссы стыр удӕнцой.
17. Нӕ хиуӕттӕй ӕмӕ не ’мбӕлттӕй исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд нӕ Йегъовӕ куыд бафидар кӕны?
17 Цӕй стыр удӕнцой нын хӕссы, нӕ хиуӕттӕй ӕмӕ не ’мбӕлттӕй немӕ чи нал ис, уыдон ног дунейы кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ, маст цы у, уый кӕй нал зондзысты! Ахъуыды-ма кӕн, цӕй диссаджы куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы «тынг бирӕ адӕммӕ», ома Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ацы дунейы кӕрон удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ – чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмы размӕ цӕудзысты ӕмӕ сыл цин кӕндзысты, стӕй сӕ Йегъовӕйы фӕндӕгтыл ахуыр кӕндзысты! (Рарг. 7:9, 10).
Хуыцау ныл хӕцы йе ’нусон къухтӕй
18, 19. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты ныфс куыд уагъта, ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой, уӕд?
18 Моисей ныффыста, израилӕгты чи бафидар кодта ӕмӕ сӕ ныфс чи бауагъта, ахӕм зарӕг. Уыцы зарӕджы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн, уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй» (Дык. з. 33:27). Фӕстӕдӕр пехуымпар Самуил израилӕгтӕн загъта: «Йегъовӕйӕ ма аздӕхут ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнут. [...] Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй» (1 Сам. 12:20–22). Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ никуы ныууадздзӕн – алкӕддӕр уыдзӕн нӕ фарсмӕ.
19 Ацы фӕстаг уӕззау бонты дӕр Хуыцау йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны ӕмӕ сӕ ныфс уадзы. Ӕгас дунейы дӕр не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ ӕфхӕрд ӕййӕфтой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодтой, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Сӕ хабарӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ ахӕм фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой кӕй ратты. Зӕгъӕм, Советон Цӕдисы чи цард, иу ахӕм ӕфсымӕры йӕ уырнындзинады тыххӕй сбадын кодтой ӕмӕ йын 23 азы радтой. Фӕлӕ-иу ахӕстоны дӕр нӕ литературӕ куыддӕрты йӕ къухы бафтыд, ӕмӕ йын уый хъарутӕ лӕвӕрдта ӕмӕ йын удӕнцой хаста. Уыцы ӕфсымӕр загъта: «Уыцы азты дӕргъы ӕз сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын, ӕмӕ мын алкӕддӕр хъарутӕ лӕвӕрдта». (Бакӕс 1 Петры 5:6, 7.)
20. Нӕ бон фидарӕй цӕмӕн у ӕууӕндын, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл?
20 Цыфӕнды ныл ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, псаломзарӕггӕнӕг цы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы» (Пс. 94:14). Кӕд нӕхи дӕр удӕнцой фӕхъӕуы, уӕддӕр нӕ бон у иннӕтӕн дӕр удӕнцой дӕттын. Иннӕ статьяйы фендзыстӕм, нӕ бон куыд у, ацы змӕст дунейы чи удхар кӕны, уыдонӕн удӕнцой дӕттын.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Нӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты?
• Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой куыд дӕтты?
• Нӕ цардӕн тӕссаг куы уа, уӕд нын удӕнцойы хос цы уыдзӕн?
[Рамкӕ/Нывтӕ 25 фарсыл]
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЗЫНДЗИНӔДТӔ КУЫ ФӔЗЫНОЙ . . .
▪ нӕ зӕрдӕйыл (Пс. 147:3; 1 Иоан. 3:19–22; 5:14, 15).
▪ нӕ хъуыдытыл (Дык. з. 31:7, 8; Пс. 94:19; Фил. 4:6, 7).
▪ не ’нӕниздзинадыл (2 Кор. 4:8, 9).
▪ нӕ уырнындзинадыл (Пс. 145:14; Иак. 5:14, 15).