Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 15/2 10–14 фф.
  • «Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ ӔНӔХУЫЦАУ ДУНЕЙЫ
  • РАВДЫСТОЙ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ ХЪӔБАТЫРДЗИНАД
  • ХЪӔБАТЫР СЫЛГОЙМӔГТӔ
  • НӔ НЫХӔСТӔ НЫФС БАУАДЗДЗЫСТЫ
  • ПАДДЗАХЫ УС ЕСФИР – ХЪӔБАТЫР СЫЛГОЙМАГ
  • «ФИДАР ЛӔУУТ»
  • «Хъӕбатыр... у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Хъӕбатыр у – Йегъовӕ демӕ ис!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ бон у, ӕмӕ хъӕбатыр уай
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 15/2 10–14 фф.

«Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу»

«Хъӕбатыр у ӕмӕ фидар лӕуу... дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (ЙЕС. Н. 1:7–9).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Енох ӕмӕ Ной хъӕбатырдзинад куыд равдыстой?

  • Рагзаманты цӕрӕг сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг куыд сты?

  • Кӕстӕртӕй дын дӕ зӕрдӕ кӕй хабар бацагайдта?

1, 2. а) Цӕмӕй алы бон дӕр, раст цы у, уый аразӕм, уый тыххӕй нӕ хатт цы фӕхъӕуы? ӕ) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

ХЪӔБАТЫР адӕймагӕй нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, у лӕмӕгъ ӕмӕ тӕппуд. Адӕймаджы хъӕбатыр схонӕн вӕййы, фидар ӕмӕ ныфсджын куы вӕййы ӕмӕ куы ницӕмӕй фӕтӕрсы, уӕд. Фӕлӕ нӕ хатт хъӕбатырдзинад фӕхъӕуы, цӕмӕй алы бон дӕр, раст цы у, уый аразӕм.

2 Библийы цы адӕмы тыххӕй фыст ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ тынг зын уавӕрты дӕр ницӕмӕй тарстысты. Иннӕтӕ та хъӕбатыр уыдысты, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ арӕх цы уавӕрты бахауынц, ахӕм уавӕрты. Библийы цы хъӕбатыр адӕмы тыххӕй фыст ис, уыдонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ ӔНӔХУЫЦАУ ДУНЕЙЫ

3. Енох ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй цы дзырдта?

3 Нойы рӕстӕджы цы Доны хъаймӕт уыд, уый размӕ зӕххыл царди фыдадӕм. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы рӕстӕджы адӕймаг Йегъовӕйы ныхас хъусын кодтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди хъӕбатырдзинад. Фӕлӕ Енох, «Адамӕй ӕвдӕм», ныфсджынӕй пехуымпариуӕг кодта: «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!» (Иуд. 14, 15). Енох дзырдта, цыма уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы пехуымпар-ныхас ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдаид. Ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕцӕгдӕр иууылдӕр фесӕфтысты Доны хъаймӕты.

4. Ной цавӕр уавӕрты «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ»?

4 Доны хъаймӕт уыд н. э. размӕ 2370 азы, Енохы мӕлӕтӕй 650 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Енох куы амард, уӕдӕй Доны хъаймӕты онг цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд? Уыцы рӕстӕг райгуырд Ной, сывӕллӕттӕ схъомыл кодта, ӕмӕ йӕ фырттимӕ сарӕзта нау. Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ райстой адӕймаджы буӕрттӕ, рӕсугъд сылгоймӕгтӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой ӕмӕ сын гуырди лӕппутӕ. Уыцы лӕппутӕ-иу систы уӕйгуытӕ. Адӕм бынысӕфт фесты, ӕмӕ зӕхх фыдмитӕй байдзаг (Райд. 6:1–5, 9, 11). Кӕд Нойӕн йӕ алыварс адӕм ахӕм хъуыддӕгтӕ кодтой, уӕддӕр «Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» ӕмӕ уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг», ӕмӕ уыцы хъуыддаг арӕзта хъӕбатырӕй. (Бакӕс 2 Петры 2:4, 5.) Мах дӕр ацы фӕстаг бонты хъӕуы ахӕм хъӕбатырдзинад.

РАВДЫСТОЙ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ ХЪӔБАТЫРДЗИНАД

5. Моисей уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

5 Моисейы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад уыдысты фӕзминаг (Дзут. 11:24–27). Н. э. размӕ 1513–1473 азты Хуыцау Моисейы уылты израилӕгты Египетӕй ракодта ӕмӕ сын ӕдзӕрӕг быдыры лӕвӕрдта разамынд. Кӕд Моисеймӕ афтӕ касти, ӕмӕ уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн, уӕддӕр сразы ис (Рац. 6:12). Моисей ӕмӕ йе ’фсымӕр Аарон цалдӕр хатты бацыдысты ӕгъатыр фараонмӕ ӕмӕ йын ныфсджынӕй фехъусын кодтой дӕс ӕфхӕрды тыххӕй. Уыцы дӕс ӕфхӕрды фӕрцы Йегъовӕ равдыста, Египеты хуыцӕуттӕ куыд ницы сты, уый, стӕй израилӕгты ссӕрибар кодта (Рац., 7–12 сӕртӕ). Моисей равдыста уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау ӕдзухдӕр ӕххуыс кодта, ӕмӕ махӕн дӕр афтӕ ӕххуыс кӕны (Дык. з. 33:27).

6. Бартӕ кӕй къухы ис, уыдонӕн нӕ дзуапп дӕттын куы бахъӕуа, уӕд ныфсджынӕй цӕй фӕрцы дзурдзыстӕм?

6 Мах дӕр хъуамӕ Моисейау уӕм хъӕбатыр, уымӕн ӕмӕ Йесо афтӕ загъта: «Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр фехъусой хорз хабар. Фӕлӕ уӕ тӕрхонмӕ куы раттой, уӕд-иу, цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды сыгъдӕг тых дзурдзӕн уӕ дзыхӕй» (Матф. 10:18–20). Бартӕ кӕй къухы ис, уыдонӕн нӕ дзуапп дӕттын куы бахъӕуа, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕм уа фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. (Бакӕс Лукайы 12:11, 12.)

7. Йесо хъӕбатыр ӕмӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыд?

7 Моисейы фӕстӕ Израилӕн разамынд лӕвӕрдта Йесо Навин. Хуыцауы Закъон ӕдзух кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ уыд хъӕбатыр. Н. э. размӕ 1473 азы израилӕгтӕ хъуамӕ бацыдаиккой Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ. Ӕмӕ сын Хуыцау загъта, цӕмӕй уой хъӕбатыр ӕмӕ фидар лӕууой. Хуыцау Йесо Навинӕн загъта, Закъонмӕ куы хъуса, уӕд зондджынӕй кӕй архайдзӕн ӕмӕ ӕнтыстджын кӕй уыдзӕн. Хуыцау ын ныфс бавӕрдта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:7–9). Уыцы ныхӕстӕ Йесойы куыд тынг бафидар кодтаиккой! Хуыцау ӕцӕгдӕр уыд йемӕ, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ фылдӕр хай бацахсынӕн 6 азы йеддӕмӕ нӕ бахъуыд – уыцы зӕххытӕ бацахстой н. э. размӕ 1467 азмӕ.

ХЪӔБАТЫР СЫЛГОЙМӔГТӔ

8. Раав йӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг цӕмӕн у?

8 Рагзаманты бирӕ сылгоймӕгтӕ Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ ӕвдыстой хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, Иерихоны чи цард, уыцы хӕтаг сылгоймаг Раавы уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ равдыста хъӕбатырдзинад – Йесо Навин сын сӕ зӕхх сгарӕг кӕй рарвыста, уыцы дыууӕ лӕджы бамбӕхста. Стӕй йӕм Иерихоны паддзахы ӕрвыст адӕм уыцы дыууӕ лӕджы агурӕг куы ӕрбацыдысты, уӕд сын сӕ не схъӕр кодта. Израилӕгтӕ Иерихон куы бацахстой, уӕд Раав ӕмӕ йӕ бинонтӕ удӕгасӕй баззадысты. Раав йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагъта ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Ӕмӕ ма суанг йӕ ном ис, Мессийӕйы хӕдзарвӕндаджы цы нӕмттӕ ис, уыдоны ’хсӕн! (Йес. Н. 2:1–6; 6:22, 23; Матф. 1:1, 5). Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы сылгоймаг йӕ уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй схайджын стыр арфӕдзинӕдтӕй!

9. Деворӕ, Варак ӕмӕ Иаил хъӕбатырдзинад куыд равдыстой?

9 Йесо Навин амард н. э. размӕ 1450 азмӕ ӕввахс. Уый фӕстӕ Хуыцау Израилӕн разамынд лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджыты уылты. Ханаайнаг паддзах Иавин 20 азы дӕргъы израилӕгты хӕрдмӕ скӕсын нӕ уагъта. Ӕмӕ Хуыцау пехуымпар Деворӕйы уылты тӕрхонгӕнӕг Варакӕн загъта, цӕмӕй уыцы паддзахимӕ схӕцыдаид. Варак ӕрӕмбырд кодта 10000 лӕджы, стӕй Фаворы хохыл ӕрбынат кодта ӕмӕ цӕттӕ уыд Иавины ӕфсады хистӕр Сисарӕимӕ схӕцынмӕ. Сисарӕ ӕмӕ йе ’фсад, уыди сӕм 900 хӕстон бӕхуӕрдоны, бацыдысты Киссоны цӕугӕдоны хус дӕлвӕзмӕ. Израилӕгтӕ уырдӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ ӕвиппайды бӕстӕ дон фестад. Зӕхх афтӕ сцъыф, ӕмӕ ханаайнӕгты бӕхуӕрдӕттӕн сӕ бон фезмӕлын дӕр нӕ уыд. Варакы адӕм уыцы хӕсты фӕуӕлахиз сты ӕмӕ Сисарӕйы ӕфсад иууылдӕр фӕцагътой. Сисарӕ та алыгъд ӕмӕ бамбӕхсти Иаилы цатыры, фӕлӕ Сисарӕ куы бафынӕй, уӕд ӕй уыцы сылгоймаг амардта. Деворӕ куыд загъта, афтӕмӕй ханаайнӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз сты, уыцы кад ӕрхауд сылгоймагмӕ, ома Иаилмӕ. Деворӕ, Варак ӕмӕ Иаил хъӕбатырӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы Израилы «цыппор азы уыди сабырдзинад» (Тӕрх. 4:1–9, 14–22; 5:20, 21, 31). Ахӕм уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыстой бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.

НӔ НЫХӔСТӔ НЫФС БАУАДЗДЗЫСТЫ

10. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ нӕ ныхӕстӕй нӕ бон у искӕмӕн хъӕбатырӕй архайынӕн баххуыс кӕнын?

10 Нӕ ныхӕстӕй нӕ бон у, ӕмӕ, немӕ Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны ныфс бауадзӕм, цӕмӕй хъӕбатыр уой. Н. э. размӕ 11 ӕнусы паддзах Давид йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыдзӕн демӕ, Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый цалынмӕ арӕзт не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (1 Аз. 28:20). Соломон архайдта хъӕбатырӕй ӕмӕ Йегъовӕйӕн Иерусалимы сарӕзта диссаджы рӕсугъд кувӕндон.

11. Иу хъӕбатыр израилаг чызджы ныхӕстӕ Нееманӕн куыд баххуыс кодтой?

11 Н. э. размӕ 10 ӕнусы иу хъӕбатыр израилаг чызджы ныхӕстӕ баххуыс кодтой хъотырджын адӕймагӕн. Уыцы чызджы сириӕгтӕ уацары акодтой ӕмӕ ӕфсады хистӕр Нееманы хӕдзары лӕггад кодта. Нееман уыд хъотырӕй рынчын. Чызг зыдта, Йегъовӕ йӕ пехуымпар Елисейы уылты цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ Нееманы усӕн загъта, йӕ лӕг Израилмӕ куы ацӕуа, уӕд ӕй уым Елисей кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Нееман уыцы чызджы ныхасмӕ байхъуыста, диссаджы хуызы сдзӕбӕх ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сси (2 Пад. 5:1–3, 10–17). Кӕд ды дӕр ӕрыгон дӕ ӕмӕ Хуыцауы уыцы чызгау уарзыс, уӕд Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ратдзӕн хъӕбатырдзинад, цӕмӕй хъусын кӕнай дӕ ахуыргӕнджытӕн, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр.

12. Паддзах Езекийы ныхӕстӕ йӕ адӕмыл куыд бандӕвтой?

12 Тӕссаг уавӕры куы уӕм, уӕд-иу, цы дзурӕм, ууыл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныхӕстӕ адӕймаджы ныфс бауадздзысты. Н. э. размӕ 8 ӕнусы ассириӕгтӕ Иерусалимы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд паддзах Езеки йӕ адӕмӕн загъта: «Ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар. Ассирийы паддзахӕй ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ адӕм ис, уыдонӕй ӕппындӕр ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ, немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, йемӕ чи ис, уыдонӕй. Уый йӕ ныфс адӕймаджы хъаруйыл дары, махимӕ та ис нӕ Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ бӕсты тох кӕна». Ацы ныхӕстӕ Иудӕйы адӕмыл куыд бандӕвтой? Библийы кӕсӕм: «Езекийы ныхӕстӕй адӕмы ныфс бацыд» (2 Аз. 32:7, 8). Куы нӕ ӕфхӕрой, уӕд ахӕм ныфсы ныхӕстӕ нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр хъӕбатырдӕр уӕм.

13. Паддзах Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овади нын йӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг куыд у?

13 Хатт хъӕбатырдзинад равдисӕм, цы фӕзӕгъӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ, цы нӕ фӕзӕгъӕм, уымӕй дӕр. Н. э. размӕ 10 ӕнусы паддзах Ахавы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг Овади стыр лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй 100 адӕймаджы «лӕгӕтты фӕндзайгӕйттӕй» ӕмбӕхста, цӕмӕй сӕ цъаммар ус-паддзах Йезавел ма амардтаид (1 Пад. 18:4). Хуыцауӕй чи тарсти, уыцы Овадийау абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ равдисынц хъӕбатырдзинад, сӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн се ’мчырыстӕтты тыххӕй кӕй нӕ радзурынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты кӕй бахъахъхъӕнынц, уымӕй.

ПАДДЗАХЫ УС ЕСФИР – ХЪӔБАТЫР СЫЛГОЙМАГ

14, 15. Есфир уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста? Уый фӕрцы хабар куыд рауад?

14 Паддзахы ус Есфир равдыста стыр уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Н. э. размӕ 5 ӕнусы фыдлӕг Аман сфӕнд кодта, Персы паддзахады цы дзуттӕгтӕ царди, уыдоны се ’ппӕты дӕр амарын. Дзуттӕгтӕ уыцы хабар куы фехъуыстой, уӕд маст кодтой ӕмӕ ком дардтой. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр зӕрдиагӕй Хуыцаумӕ куывтой (Есф. 4:1–3). Есфир дӕр тынг маст кодта. Йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Мардохей йӕм барвыста, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уый къухфыст ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, паддзахмӕ бацу ӕмӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй ныллӕгъстӕ кӕн. Фӕлӕ паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ чидӕриддӕр бацыдаид, уымӕн уыд иу тӕрхон – мӕлӕт (Есф. 4:4–11).

15 Фӕлӕ Мардохей Есфирӕн загъта: «Дзуттӕгты сӕрыл ды куы не сдзурай, уӕд сын ӕндӕр исчи баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн... Стӕй йын чи цы зоны, уӕдта ма паддзахы ус дӕр ацы зын сахаты тыххӕй сдӕ». Есфир Мардохейӕн загъта, цӕмӕй, Сузӕйы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдон се ’ппӕт дӕр уый тыххӕй ком дардтаиккой. Есфир ма загъта: «Ӕз дӕр... ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй паддзахмӕ бацӕудзынӕн, кӕд мын закъонмӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, уӕддӕр. Ӕмӕ мӕ кӕд марой, уӕд мӕ амарӕнт» (Есф. 4:12–17). Есфир архайдта хъӕбатырӕй, ӕмӕ, Есфиры чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау йӕ адӕмы фервӕзын кодта. Абон сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр зындзинӕдты рӕстӕг равдисынц ахӕм хъӕбатырдзинад. Ӕмӕ сын Йегъовӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», алкӕддӕр баххуыс кӕны. (Бакӕс Псалом 65:2; 118:6.)

«ФИДАР ЛӔУУТ»

16. Йесо кӕстӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

16 Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд иухатт ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ нал ардтой, фӕлӕ йӕ стӕй ссардтой кувӕндоны. Йесо «уым ахуыргӕнджыты ’хсӕн бадт ӕмӕ сӕм хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:41–50). Кӕд Йесо бынтон ӕрыгон уыд, уӕддӕр ӕм уыйбӕрц уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад уыд, цӕмӕй кувӕндоны ахуыргӕнджытӕм, йӕхицӕй хистӕр чи уыд, уыдонмӕ, фарстатӕ лӕвӕрдтаид. Абон ӕмбырдты цы кӕстӕртӕ ис, уыдон хъуамӕ Йесойы хабар сӕ зӕрдыл дарой. Уый сын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сын фадат куы фӕзына, уӕд-иу сӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн радзурой (1 Пет. 3:15).

17. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн разӕнгард кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаиккой ӕмӕ фидар лӕууыдаиккой? Мах дӕр фидар цӕмӕн хъуамӕ лӕууӕм?

17 Йесо иннӕты разӕнгард кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаиккой ӕмӕ фидар лӕууыдаиккой. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мемӕ ис. Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ фӕрцы фарнӕй хайджын уат. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоан. 16:32, 33). Ацы дуне махӕй йе сӕфт уыны, Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй йе сӕфт куыд уыдта, афтӕ. Фӕлӕ цыфӕнды куы уа, уӕддӕр нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ацы дуне йӕхи хуызӕн скӕна. Йесо куыд хъӕбатыр уыд, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм ахӕм хъӕбатырдзинад уыдзӕн, цӕмӕй нӕхи ацы дунейӕ фӕчъизи кӕнын ма бауадзӕм. Йесо дунейыл фӕуӕлахиз, ӕмӕ уый махӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн (Иоан. 17:16; Иак. 1:27).

18, 19. Павел уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

18 Апостол Павел бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Иухатт ӕй Иерусалимы цӕрӕг дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ йӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ сӕ къухтӕй байстой. Уӕд Павелмӕ ӕхсӕвы «фӕзынд Хицау ӕмӕ йын загъта: „Фидар лӕуу! Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр“» (Хъуыд. 23:11). Ӕмӕ Павел дӕр бакодта, Йесо йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

19 Павел нӕ тарсти, Коринфы ӕмбырд фехалынмӕ чи хъавыд, уыцы «„диссаджы“ апостолтӕн» бауайдзӕф кӕнынӕй (2 Кор. 11:5; 12:11). Уыдон уыдысты мӕнг апостолтӕ. Павелӕн та йӕ бон уыди сбӕлвырд кӕнын, ӕцӕг апостол кӕй уыд: уыди ахӕстӕтты, фыднад-иу ӕй фӕкодтой, тӕссаг ын уыди фӕндагыл цӕугӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр, ӕххормаг ӕмӕ дойны цы у, уый зыдта, арвыста-иу ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стӕй йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ӕппӕт ӕмбырдты мӕт. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 11:23–28.) Павелмӕ ахӕм уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕй уыд, уымӕй бӕрӕг у, хъарутӕ йын Хуыцау кӕй лӕвӕрдта.

20, 21. а) Царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизынӕн нӕ хъӕбатырдзинад кӕй хъӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. ӕ) Цавӕр уавӕрты нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидарӕй цы зонӕм?

20 Чырыстӕттӕй алчи карз ӕфхӕрд нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы фидардзинад, царды цы зындзинӕдтимӕ ӕмбӕлӕм, уыдоны сӕрты хизынӕн. Зӕгъӕм, Бразилийы иу лӕппу уыд фыдгӕнджыты къорды. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй бамбӕрста, йӕ цард ӕй фӕивын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ-иу уыцы фыдгӕнджыты къорд чи ныууагъта, уый-иу маргӕ акодтой. Уыцы лӕппу Йегъовӕмӕ скуывта, ӕмӕ стӕй Библийы стихты фӕрцы сӕ хистӕрӕн бамбарын кодта, йӕ бон баззайын цӕуылнӕ у, уый. Уыцы лӕппуйы сӕрӕгасӕй ауагътой, ӕмӕ уый фӕстӕ сси хъусынгӕнӕг.

21 Хъӕбатырдзинад нӕ фӕхъӕуы бирӕ алыхуызон уавӕрты. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм. Кӕстӕрты хъӕбатырдзинад хъӕуы, цӕмӕй, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕ бон скъолайы дӕр уа ӕвдисын. Кӕйдӕр хъӕбатырдзинад фӕхъӕуы, цӕмӕй йӕхи куыстӕй ракура ӕмӕ конгрессӕй иу бон дӕр ма фӕцух кӕна. Ӕмӕ ма ис бирӕ ӕндӕр уавӕртӕ дӕр. Фӕлӕ цыфӕнды уавӕры ма бахауӕм, Йегъовӕ нын фехъусдзӕн нӕ «уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывд» (Иак. 5:15). Ӕмӕ нын Хуыцау ӕнӕмӕнгӕй йӕ сыгъдӕг тых ратдзӕн, цӕмӕй «хъӕбатыр уӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм»!

[Ныв 11 фарсыл]

Енох хъӕбатырӕй хъусын кодта ӕнӕхуыцау дунейы

[Ныв 12 фарсыл]

Иаил уыд хъӕбатыр сылгоймаг

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын