Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/3 18 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Матфей сси Йесойы ахуыргӕнинаг
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/3 18 ф.

Зыдтай йӕ?

Хъуыддӕгты 17:23 стихы цы нывондхӕссӕны кой ис, «Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн», зӕгъгӕ, уый цы уыд?

▪ Ахӕм нывондхӕссӕнты кой рагон грекъаг фысджытӕй бирӕтӕ кодтой. Зӕгъӕм, н. э. дыккаг ӕнусы цӕрӕг историк ӕмӕ географ Павсаний дзырдта, Олимпийы кӕй уыд нывондхӕссӕн «Ӕнӕзонгӕ хуыцӕуттӕн». Стӕй оратор ӕмӕ философ Филострат дӕр загъта, зӕгъгӕ, Афинты «нывондхӕссӕнтӕ арӕзтой суанг ӕнӕзонгӕ хуыцӕутты кадӕн дӕр».

Н. э ӕртыккаг ӕнусы чи цард, уыцы фысджытӕй иу, Диоген Лаэртий, ныффыста, «ӕнӕном нывондхӕссӕнтӕ» аразыны ӕгъдау куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Н. э. ӕхсӕзӕм кӕнӕ ӕвдӕм ӕнусы, Афинты фыдниз куы сыстад, уӕд иу лӕг, Эпименид, зӕгъгӕ, ӕнӕхъӕн горӕт уыцы бӕллӕхӕй фервӕзын кодта. Диоген фыста: «[Эпименид] равзӕрста фыстӕ... ӕмӕ сӕ Ареопагмӕ ӕрбатардта; уым сӕ сӕхи бар ауагъта ӕмӕ сын сӕ фӕстӕ кӕйдӕрты арвыста, цӕмӕй, фыстӕ кӕм схуысдзысты, уымӕ сӕ хъус дардаиккой ӕмӕ уыцы бынӕттӕ фӕбӕрӕг кодтаиккой, стӕй сӕ бынӕттон хуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхастаиккой. Куыд дзурынц, афтӕмӕй уыйадыл фыдниз фесӕфт. Абоны онг дӕр ма Аттикӕйы бирӕ рӕтты фенӕн ис ӕнӕном нывондхӕссӕнтӕ».

Иу дзырдуаты та фыст ис, ӕнӕзонгӕ хуыцӕуттӕн ма нывондхӕссӕнтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй кӕй арӕзтой, ӕмӕ «тарстысты, исты ӕнӕзонгӕ хуыцауӕн кӕнӕ ус-хуыцауӕн куы не скад кӕной, уӕд ын йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзысты кӕнӕ та сӕ йӕ фыдӕх кӕй баййафдзӕн» (The Anchor Bible Dictionary).

Раджы заманты дзуттӕгтӕ хъалонисджыты цӕуылнӕ уарзтой?

▪ Хъалонисджыты никуы ничи уарзта. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы, Израилы адӕмы ’хсӕн уыдон нымад уыдысты ӕппӕты ӕлгъагдӕртыл ӕмӕ ӕнаккагдӕртыл.

Ромаг хицауад адӕмыл ӕвӕрдта стыр хъалон. Ромӕгтӕ истой хъалон зӕххы тыххӕй, стӕй, алы адӕймаг дӕр йӕхи тыххӕй кӕй хъуамӕ фыстаид, ахӕм хъалон. Фӕлӕ-иу сын фылдӕр ӕхца чи бафыста, уыдоны бар-иу бакодтой, бӕстӕмӕ мидӕмӕ, бӕстӕйӕ ӕддӕмӕ, йе та бӕстӕйы уылты цы товартӕ ластой, уый тыххӕй адӕмӕй ӕхца ӕмбырд кӕнын. Амалхъом дзуттӕгтӕй-иу иуӕй-иутӕ балхӕдтой бар, цӕмӕй-иу кӕцыдӕр ран хъалон ӕмбырд кодтаиккой. Дзуттӕгтӕ ромӕгтӕй се сӕфт уыдтой, ӕмӕ сын барвӕндонӕй чи куыста, уыцы хъалонисджыты нӕ уарзтой. Макклинток ӕмӕ Стронджы энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ сӕм адӕм «кастысты, иннӕтыл гадзрахатӕй чи цыд, раст дин чи ныууагъта ӕмӕ, ӕдзух ӕнӕхуыцау адӕмимӕ кӕй уыдысты, уымӕй йӕхи чи фӕчъизи кодта, уыдонмӕ цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй».

Хъалонисджыты иууылдӕр зыдтой, ӕууӕнк кӕуыл нӕ уыд, ахӕмтӕй. Уыдон-иу схъӕздыг сты сӕхи адӕмы фӕллойӕ. Иуӕй-иутӕ дзы товар ласӕггаг истой, цы ӕмбӕлд, уымӕй фылдӕр, иннӕтӕ та-иу мӕгуыртыл цыдӕртӕ ӕрымысыдысты, цӕмӕй-иу сӕ ӕхца расайдтаиккой (Лукайы 3:13; 19:8). Уымӕ гӕсгӕ хъалонисджыты нымадтой тӕригъӕдджынтыл, ӕмӕ, иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сын «бар нӕ уыд тӕрхонгӕнӕджы куыст кӕнын ӕмӕ суанг ӕвдисӕнӕй ныллӕууын дӕр» (Матфейы 9:10, 11) (The Jewish Encyclopedia).

[Ныв 18 фарсыл]

Нывондхӕссӕн ӕнӕзонгӕ хуыцауӕн, Пергамы хӕлддзӕгтӕ, Турци

[Ныв 18 фарсыл]

Хъалонисӕг, Ромаг барельеф, н. э. 2 кӕнӕ 3 аз.

[Барлӕвӕрдӕй]

Erich Lessing/​Art Resource, NY

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын