Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/7 30–31 фф.
  • Хуыцау йе сӕфт уыны хӕрам хъуыддӕгтӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау йе сӕфт уыны хӕрам хъуыддӕгтӕй
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Петр нӕ басаст
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Дӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзур!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/7 30–31 фф.

Кӕстӕртӕн

Хуыцау йе сӕфт уыны хӕрам хъуыддӕгтӕй

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цы хабӕртты тыххӕй кӕсыс, уыдон цыма дӕ алыварс цӕуынц: архайджытӕ цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс ӕмӕ, цы ’нкъарынц, уый ӕмбарыс.

Сӕйраг архайджытӕ: Агав, Иезавел, Навуфей ӕмӕ Илийа

Цӕуыл цӕуы ныхас: Цӕмӕй Навуфейы сӕнӕфсирдон паддзах Ахавы бауыдаид, уый тыххӕй йӕ ус Иезавел Навуфейы амарын кодта.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС 1 ПАДДЗӔХТЫ 21:1–26

Куыд хъуыды кӕныс, ацы цыппар адӕймаджы уындӕй цыхуызӕн уыдысты?

Ахав ․․․․․

Иезавел ․․․․․

Навуфей ․․․․․

Илийа ․․․․․

5–7 стихтӕм гӕсгӕ Иезавел ӕмӕ Ахав куыд ныхас кодтой?

․․․․․

Навуфейы хабар куыд рауад, уый 13-ӕм стих куыд ӕвдисы?

․․․․․

20–26 стихтӕ бакӕс, ӕмӕ зӕгъ, Илийа ӕмӕ Ахав кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кодтой, уый.

․․․․․

2 ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Иезавел цавӕр адӕймаг уыд, уый 7-ӕм ӕмӕ 25-ӕм стихтӕй куыд зыны?

․․․․․

4-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Ахав цавӕр адӕймаг уыд?

․․․․․

Ахав ма кӕй мӕлӕты уыд аххосджын? (Бакӕс 2 Паддзӕхты 9:24–26.)

․․․․․

Йегъовӕ Ахавы цавӕр адӕймагыл нымадта? (Ногӕй бакӕс 25-ӕм ӕмӕ 26-ӕм стихтӕ. Кӕс-ма 1 Паддзӕхты 16:30–33.)

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...Йегъовӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй уыны, уымӕй.

․․․․․

...Йегъовӕ, ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уыдоныл кӕй тыхсы, уымӕй.

․․․․․

...Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у, уый куыд ӕвдисы, уымӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4.)

․․․․․

4 ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Абон дӕр иуӕй-иутӕм Иезавелы зондахаст кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Бакӕс Раргомад 2:18–21.)

․․․․․

Илийа цы хъӕбатырдзинад равдыста, ахӕм хъӕбатырдзинад дӕ цавӕр хъуыддӕгты бахъӕудзӕн?

․․․․․

Хӕрам хъуыддӕгтӕ куы уынай кӕнӕ дын дӕхи ӕнаххосӕй куы ’фхӕрой, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?

․․․․․

5 АЦЫ ХАБӔРТТӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Уынаффӕ. Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ацы цауы тыххӕй телеуынынады ног хабӕртты дзурыс. Радзур, хабар куыд уыд, уый, стӕй сӕйраг архайджытӕй ӕмӕ, хабар йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонӕй интервью райс.

www.jw.org

Кӕс Библи Интернеты

Ацы статья дӕхицӕн скъопи кӕн кӕнӕ йӕ гӕххӕттыл рауадз

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын