Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/11 6–7 фф.
  • 2-аг фарста. Мӕрдты исты ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2-аг фарста. Мӕрдты исты ис?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мӕрдты исты ис?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинад. Дӕумӕ куыд хауынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Цы ’рцӕуы нӕ зӕрдиаг амӕлджытыл?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/11 6–7 фф.

2-аг фарста. Мӕрдты исты ис?

РОМАН нырма гыццыл уыди, йӕ хуыздӕр ӕмбал аварийы куы фӕмард, уӕд. «Ме ’мбал куы амард, уӕд тынг маст кодтон,– загъта Роман.– Уыцы хабары фӕстӕ мын бирӕ азты дӕргъы ӕнцой нӕ лӕвӕрдта иу хъуыды, цымӕ мӕрдты исты ис, зӕгъгӕ».

Адӕймагмӕ ахӕм фарста цӕмӕн фӕзыны?

Кӕд адӕм ӕнусты дӕргъы мӕлынц, уӕддӕр нӕм мӕлӕт ӕнахуыр кӕсы. Адӕймагыл цасфӕнды ма цӕуа – мӕлын ӕй нӕ фӕфӕнды. Бирӕтӕ мӕлӕтӕй тӕрсынц, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонынц, мӕрдты исты ис ӕви нӕ.

Иуӕй-иутӕ цы фӕзӕгъынц?

Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, фыдгӕнджытӕ та сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕнустӕм зындоны фӕхъизӕмар кӕнынц. Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд бынтондӕр кӕй нал вӕййы ӕмӕ ӕппынфӕстаг кӕй ферох вӕййы.

Сӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

Фыццӕгты ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕндӕр кӕмдӕр фӕцӕры. Дыккӕгты ныхӕстӕй та афтӕ уайы, ӕмӕ адӕймаг дзӕгъӕлы цӕры. Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон вӕййынц ахӕм зондыл хӕст: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Коринфӕгтӕм 15:32).

Библи цы дзуры?

Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы цыдӕр цӕргӕйӕ кӕй баззайы. Паддзах Соломон Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). «Ӕппындӕр [чи] ницы зоны», уый, йӕ алыварс цы фӕцӕуы, уый нӕ фембары. Мӕрдтӕн сӕ бон ӕппындӕр ницы у. Уӕдӕ удӕгӕстыл сӕ бон нӕдӕр хӕрзаудӕн кӕнын у, нӕдӕр – фыдаудӕн.

Хуыцау адӕймаджы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй иу гыццыл ацӕра, ӕмӕ уый фӕстӕ амӕла. Фыццаг нӕлгоймаг Адамы сфӕлдыста, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм цардаид. Хуыцау мӕлӕты кой скодта ӕрмӕстдӕр иу хатт, Адам коммӕ куы нӕ бакастаид, уӕд ӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй йын куы дзырдта, уӕд. Хуыцау ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй иу бӕласы дыргътӕй ма бахордтаид, ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дзы куы бахӕрай, уӕд «амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:17). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы нӕ ахызтаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой.

Фӕлӕ Адам Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ фӕстӕдӕр амард (Ромӕгтӕм 6:23). Йӕ мӕлӕты фӕстӕ дзы цӕргӕйӕ ницы баззад. Куы амард, уӕд нал уыд. Хуыцау Адамӕн загъта: «Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:19). Адӕм иууылдӕр Адамӕй кӕй равзӕрдысты, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12).

Кӕд Адам Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст, уӕддӕр Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн – зӕхх ын йӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кӕндзӕн (Райдиан 1:28; Исай 55:11). Чи амард, уыдонӕй бирӕты тагъд Хуыцау фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй апостол Павел загъта: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймаг, Роман, Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ базыдта, Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй Библи цы дзуры, уый. Уый йыл тынг фӕзынд. Йӕхӕдӕг цы радзырдта, уый бакӕсӕн ис ацы журналы 11 фарсыл.

Мӕрдты исты ис ӕви нӕ, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 6 сӕр. Ацы чиныг ссарӕн ис сайты www.jw.org/os

Йесо мӕлӕты тыххӕй цы загъта?

Чырыстийы заман дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, мӕрдтӕ кӕй нӕ райгас уыдзысты. Фӕлӕ Чырысти семӕ разы нӕ уыд (Лукайы 20:27). Йесо афтӕ никуы загъта, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы, зӕгъгӕ. Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, мӕлӕты тыххӕй Чырысти цы загъта, уый.

Мӕлӕт абарӕн ис, адӕймаг тарффынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Йесойӕн йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон». Фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой ӕмӕ йын загътой: «Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». Дарддӕр цы уыд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Фӕлӕ Йесо, Лазӕр мӕлгӕ кӕй акодта, уый кой кодта. Уыдон та йӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ ӕнӕуи бафынӕй ӕмӕ сын уый кой кӕны. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: „Лазӕр амард“» (Иоанны 11:11–14).

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Чырысти Лазӕры райгуырӕн горӕтмӕ куы ’рцыд, уӕд ын йӕ хо Марфӕйы ахӕм ныхӕстӕй ӕрсабыр кодта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Уый фӕстӕ загъта ахӕм диссаджы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн». Йӕ ныхӕстӕ афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Чырысти бирӕ адӕмы раз Лазӕры райгас кодта, кӕд йӕ мӕлӕтыл цыппар боны рацыд, уӕддӕр (Иоанны 11:23, 25, 38–45).

Йесо апостол Иоаннӕн цы цӕстылуайӕн фенын кодта, уым дӕр зӕрдӕ бавӕрдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Равдыста, мӕлӕт, йӕ уацары чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр куы ссӕрибар кӕна, уыцы диссаджы рӕстӕг (Раргомад 20:13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын