Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/3 3–6 фф.
  • Чырысти райгас. Уый ӕцӕг хабар у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырысти райгас. Уый ӕцӕг хабар у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КӔД ЧЫРЫСТИ НӔ РАЙГАС, УӔД ТА?
  • УУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔУУӔНДӔМ?
  • Чи амард, уыдон ӕнӕмӕнг райгас уыдзысты!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Райгасдзинады ныфсӕн ис стыр тых
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Йесо Чырысти кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Райгасдзинад. Ацы ахуырад дӕумӕ куыд хауы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/3 3–6 фф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ: ЧЫРЫСТИ РАЙГАС. УЫЙ НЫН ЦАВӔР НЫФС ДӔТТЫ?

Чырысти райгас. Уый ӕцӕг хабар у?

ГРЕКЪАГ историк Геродот (цард 2 500 азы размӕ) радзырдта иу хабар йӕ рӕстӕджы цӕрӕг египетӕгты тыххӕй. Геродот ныффыста: «Хъӕздгуыты куывдты-иу уазджытӕ цӕл ӕмӕ минас куы фесты, уӕд-иу сӕм рацыд иу лӕг, йӕ къухы-иу уыд хъӕдӕй конд мард адӕймаг чырыны мидӕг. Уыцы мард-иу уыд ӕцӕг адӕймаджы хуызӕн, йӕ дӕргъ-иу уыди иу кӕнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Лӕг-иу уазджытыл ӕрзылд ӕмӕ-иу ӕй алкӕмӕ дӕр равдыста ахӕм ныхӕстӕ дзургӕйӕ: „Нуаз ӕмӕ цин кӕн, уымӕн ӕмӕ куы амӕлай, уӕд ды дӕр амӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ“».

Цардмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ ахӕм цӕстӕй ӕрмӕст египетӕгтӕ нӕ кастысты. Абон арӕх ис фехъусӕн, «хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн», зӕгъгӕ. Афтӕ чи дзуры, уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, кӕд уӕддӕр мӕлгӕ кӕндзыстӕм, уӕд цалынмӕ нӕ бон у, уӕдмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ цин кӕнӕм? Раст цы у, уый аразыныл нӕхи цӕмӕн хъуамӕ марӕм? Кӕд мӕлӕт алцӕмӕндӕр кӕрон скӕндзӕн, уӕд ӕппӕты растдӕр у цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕсын. Раст уый кой кодта апостол Павел дӕр. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй нӕ уырны, уыцы адӕмы зондахасты тыххӕй загъта: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд „хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм“» (1 Коринфӕгтӕм 15:32).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, апостол Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Хуыцау мӕрдты ферох кӕндзӕн. Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕмӕ сын фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй макуыуал амӕлой. Ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый баст у иу ахсджиаг хабаримӕ – Чырысти кӕй райгас, уыимӕa. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыд, уый ныхмӕ ницы ис зӕгъӕн. Чырысти кӕй райгас, уый уыд стыр диссаг ӕмӕ тынг бафидар кодта фыццаг ӕнусы чырыстӕтты уырнындзинад.

Фӕлӕ Чырысти кӕй райгас, уый нын цавӕр ныфс дӕтты? Ӕцӕг хабар кӕй уыд, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕркӕсӕм-ма, апостол Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм йӕ фыстӕджы ацы хъуыддаджы фӕдыл цы ныффыста, уымӕ.

КӔД ЧЫРЫСТИ НӔ РАЙГАС, УӔД ТА?

Рагон Коринфы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кодтой, Чырысти кӕй райгас, ууыл. Иннӕты та ӕппындӕр нӕ уырныдта, мард райгас уа, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый. Йӕ фыццаг фыстӕджы коринфӕгтӕм апостол Павел ныффыста, кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд хабар куыд хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй: «Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас. Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та хъусын дӕр дзӕгъӕлы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр дзӕгъӕлы у. Уымӕй уӕлдай ма уӕд Хуыцауӕн мӕнгӕвдисӕнтӕ дӕр стӕм... Уӕ уырнындзинад ницы пайда у – ныр дӕр ма уӕ тӕригъӕдтӕй не ссӕрибар стут... Ӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бынтондӕр фесӕфтысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:13–18).

«Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ... Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:6–8).

Апостол Павел йӕ фыстӕг цы ныхӕстӕй райдыдта, уыдоны ныхмӕ ницы ис зӕгъӕн: кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Чырысти дӕр нӕ райгас. Ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд та? Уӕд та хорз хабар дӕр дзӕгъӕлы хъусын кӕниккам, уый уаид мӕнг ныхас. Уымӕй уӕлдай, Чырысти кӕй райгас, уый у чырыстон динӕн йӕ бындур, ӕмӕ ӕнгом баст у, Библийы сӕйраг ахуырӕдтимӕ: Хуыцауы хицаудзинадимӕ, йӕ номимӕ, йӕ Паддзахадимӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадимӕ. Ӕмӕ кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ цы хабар хъусын кодтой, уый таурӕгъ йеддӕмӕ ницы уыд ӕмӕ ницы пайда уыд.

Иннӕ хабар та уый у, ӕмӕ кӕд Чырысти нӕ райгас, уӕд чырыстӕтты уырнындзинад дӕр у дзӕгъӕлы, ницы пайда у ӕмӕ у мӕнг ныхӕстыл арӕзт. Уымӕй уӕлдай ма уӕд апостол Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дӕр мӕнг ныхӕстӕ кодтой, Чырысти кӕй райгас, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чи райгас кодта, уый тыххӕй дӕр, ома Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй. Ноджы диссагдӕр та уый у, ӕмӕ уӕд, Чырысти «амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй», зӕгъгӕ, уый дӕр мӕнг ныхас у. Ӕмӕ кӕд Ирвӕзынгӕнӕг йӕхӕдӕг нӕ райгас, уӕд иннӕты куыд хъуамӕ фервӕзын кӕна? (1 Коринфӕгтӕм 15:3). Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй чи амард, зӕгъӕм, фыдмард кӕй акодтой, уыдон сӕ ныфс дзӕгъӕлы дардтой, кӕй райгас уыдзысты, ууыл.

Апостол Павел скодта ахӕм хатдзӕг: «Кӕд Чырыстийыл нӕ ныфс ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм, уӕд махӕй ӕнамонддӕр адӕм нӕй» (1 Коринфӕгтӕм 15:19). Павел дӕр иннӕ чырыстӕттау хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, йӕ фӕдыл зылдысты, ӕмӕ-иу мӕлӕты цӕстытӕм касти, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ зӕххыл хорз цард кӕй уыдзӕн, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Куыд дзӕгъӕлы уыдаид алцыдӕр, кӕд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕнг ныхас у, уӕд!

УУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔУУӔНДӔМ?

Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ чырыстӕттӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыдӕттӕ мӕнг ныхӕстӕ сты. Уый зыдта, Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас, ӕмӕ, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, уыдон коринфӕгтӕн ранымадта: «Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ. Ӕмӕ фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕb». Дарддӕр Павел ныффыста: «Уый фӕстӕ та уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты, чидӕртӕ та дзы амард. Уый фӕстӕ фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕппӕты фӕстаг та фӕзынд мӕнмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:3–8).

Павел фидарӕй загъта, Чырысти кӕй амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас. Цымӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн дзырдта? Иу уый, ӕмӕ Чырысти кӕй райгас, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, ахӕмтӕ бирӕ уыди. Чырысти куы райгас, уӕд-иу фӕзынд иугай адӕймӕгтӕм (уыдонӕй иу уыд Павел йӕхӕдӕг), цалдӕргай адӕймӕгтӕм ӕмӕ ма суанг 500 адӕймагмӕ дӕр – уыдонӕн та сӕ фылдӕры Чырыстийы райгасы хабар уырнгӕ дӕр нӕ кодта (Лукайы 24:1–11). Уыцы диссаг чи федта, уыдонӕй ма бирӕтӕ Павелы рӕстӕг дӕр ӕгас уыдысты, ӕмӕ сӕ бон уыд ӕвдисӕн ныллӕууын, уый ӕцӕг хабар кӕй уыд, уымӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:6). Иу кӕнӕ дыууӕ ӕвдисӕны ныхӕстыл, чи зоны, ӕмӕ зын баууӕндӕн уыдаид, фӕлӕ 500 ӕвдисӕны кӕнӕ фылдӕры ныхмӕ чи цы хъуамӕ загътаид?

Дӕ хъус-ма ноджыдӕр ӕрдар, Чырысти кӕй амард, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас, Павел уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд дыууӕ хатты кӕй загъта, «Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ», зӕгъгӕ. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст ис, уыдон кӕй сӕххӕст сты, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй сбӕлвырд, Чырысти ӕцӕгдӕр зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй уыд, уый.

Фӕлӕ Чырысти кӕй райгас, уымӕн кӕд ӕвдисӕнтӕ уыд ӕмӕ Библийы дӕр уый тыххӕй бӕлвырдӕй фыст ис, уӕддӕр уӕды рӕстӕджы дӕр ӕмӕ абон дӕр ис ахӕм адӕм, уыцы хабар кӕй нӕ уырны. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Чырыстийӕн йӕ мард зӕппадзӕй адавтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ дзырдтой, Чырысти кӕй райгас, уый нӕхи цӕстӕй федтам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ зӕппадз хъахъхъӕдтой ромаг ӕфсӕддонтӕ, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон ницы уыд бакӕнын, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнӕджы мард рахастаиккой. Иннӕтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ-иу Йесо йӕ райгасы фӕстӕ адӕммӕ кӕй фӕзынд, уый цӕстылуайӕн йеддӕмӕ ницы уыд. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын раст кӕй нӕу, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ-иу Чырысти фӕзынд бирӕтӕм, уымӕй дӕр алыхуызон рӕстӕджыты.

Уӕддӕр иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Йесойы райгасы хабар йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрымысыдысты. Фӕлӕ сын цымӕ уый цы пайда уыд? Уыцы хабар кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй сыл адӕм худтысты, зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, кӕйдӕрты та дзы маргӕ дӕр акодтой. Цымӕ мӕнг ныхасы тыххӕй сӕхи бӕллӕхы ӕппӕрстаиккой? Уымӕй уӕлдай, фыццаг хъусын кӕнын райдыдтой Иерусалимы, сӕ ныхмӕ чи цыд ӕмӕ сӕ гыццыл истӕй тыххӕй дӕр ӕрцахсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдоны раз.

Фӕлӕ Чырысти кӕй райгас, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ Хицауы тыххӕй хъӕбатырӕй хъусын кодтаиккой, кӕд уый тыххӕй карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр. Чырыстийы райгасы хабар сси чырыстон дины сӕйраг ахуырӕдтӕй иу. Фыццаг чырыстӕттӕ сӕ цард тӕссаг уавӕры ӕрмӕст уый тыххӕй не ’ппӕрстаиккой, цӕмӕй хъусын кодтаиккой, кӕй сын амардтой, уыцы ахуыргӕнӕджы тыххӕй. Уыдон цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр, цӕмӕй хъусын кодтаиккой, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы хабар бӕлвырд кодта, Йесо кӕй уыд Чырысти, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ кӕй уыд удӕгас ӕмӕ хъомысджын, кӕй сын ӕххуыс кодта ӕмӕ сын разамынд кӕй лӕвӕрдта. Чырысти кӕй райгас, уый ма сын ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр кӕй райгас уыдзысты. Ӕцӕгдӕр, Чырысти куы нӕ райгас уыдаид, уӕд чырыстон дин дӕр нӕ уыдаид, стӕй Чырыстийы кой дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтаиккам.

Фӕлӕ Чырысти кӕй райгас, уый нын цавӕр ныфс дӕтты?

a «Райгасдзинад»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «ногӕй сыстын». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг цардмӕ раздӕхдзӕн, цавӕр адӕймаг уыд, ахӕмӕй, цы миниуджытӕ йӕм уыд ӕмӕ йӕм цы хъуыдытӕ уыд, уыдонимӕ.

b Кӕд Иудӕ Искариоты мӕлӕты фӕстӕ иуӕндӕс йеддӕмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ хуыдтой «дыууадӕс ахуыргӕнинаджы», кӕнӕ апостолы.

АРӔХДӔР КӔЙ ФӔДӔТТЫНЦ, УЫЦЫ ФАРСТАТӔ

Чи райгас уыдзӕн?

«Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Рӕстгӕнджытӕм хауынц, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, зӕгъӕм, Ной, Авраам ӕмӕ Саррӕ. Фыдгӕнджытӕ та сты, Хуыцауы закъӕттӕ базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыд ӕмӕ уый тыххӕй йӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ чи нӕ арӕзта, уыдон.

Чи райгас уыдзӕн, уыдон кӕм цӕрдзысты?

Чи райгас уыдзын, уыдонӕй иутӕ ӕнустӕм цӕрдзысты уӕлӕрвты ӕмӕ уым Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыдзысты, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕттой (Раргомад 5:9, 10). Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр райгас уыдзысты зӕххыл цӕрынӕн. Уыцы адӕм ӕнустӕм амондджынӕй зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты (Лукайы 23:39–43).

Чи амард, уыдон ӕгас кӕнын кӕд райдайдзысты?

Уый уыдзӕн тагъд фидӕны, Хуыцау фыдгӕнджыты зӕххӕй куы фесафа, уӕд. Библийы фыст ис, тынг бирӕ адӕм кӕй райгас уыдзысты, Чырысти иу мин азы дӕргъы паддзах куы уа ӕмӕ зӕхх дзӕнӕт куы суа, уыцы рӕстӕг (Раргомад 20:6).

Куадзӕны ӕгъдӕуттӕ, Чырысти кӕй райгас, уымӕ исты бар дарынц?

Бирӕ бӕстӕты адӕм бӕрӕг кӕнынц Чырыстийы райгасы бон, фӕлӕ уыцы бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕ равзӕрдысты мӕнг динтӕй ӕмӕ, Чырысти кӕй райгас, уымӕ ӕппындӕр ницы бар дарынц. Цымӕ уый махмӕ искуыд хауы? Хауы, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын мӕнг динимӕ иумӕйагӕй мацы уа ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоанны 4:23; 2 Коринфӕгтӕм 6:17).

Кӕд иуӕй-иу аргъуанты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ Чырысти Хуыцау у, уӕд ӕй чи райгас кодта?

Чырысти Хуыцау нӕу. Хуыцау у Йегъовӕ, Чырысти та у йӕ Фырт. Чырыстийы мӕрдтӕй Йегъовӕ райгас кодта (Ромӕгтӕм 10:9). Библи чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд загъта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ исчи йӕхӕдӕг йӕхи райгас кодтаид, суанг Чырысти дӕр»c.

c Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 7 ӕмӕ 8 сӕртӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Кӕнӕ кӕс сайты www.jw.org/os.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын