БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Библи бамбарӕн ис?
Библи у Хуыцауы Ныхас. Абарӕн ӕй ис уарзӕгой фыды писмоимӕ йӕ сывӕллӕттӕм (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы нын Хуыцау ӕмбарын кӕны, нӕ бон ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын куыд у, фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны ӕмӕ йӕ адӕмӕн цавӕр фидӕн цӕттӕ кӕны. Фӕлӕ дины разамонджытӕ Библийы ахуырӕдтӕ сзыгъуыммӕ кодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ афтӕ кӕсы, Библи бамбарын сӕ бон кӕй никуы бауыдзӕн (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй базонӕм рӕстдзинад, ома цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕ гӕсгӕ нын радта, нӕ бон бамбарын кӕй у, ахӕм чиныг. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3, 4.)
Дӕ бон куыд у Библи бамбарын?
Йегъовӕ нын Библи кӕй радта, уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ ӕмбаргӕ дӕр кӕнӕм. Йӕ Фырт Чырыстийы зӕхмӕ ӕрӕрвыста адӕмы ахуыр кӕнынмӕ (Лукайы 4:16–21). Йесо адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Фыстад ӕмбӕрстаиккой? Искӕцы стих-иу дзы ӕрхаста, ӕмӕ-иу сын ӕй бамбарын кодта. (Бакӕс Лукайы 24:27, 32, 45.)
Йесо бындур ӕрӕвӕрдта чырыстон ӕмбырдӕн, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой, йӕхӕдӕг цы куыст райдыдта, уый (Матфейы 28:19, 20). Абон Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый бамбарынӕн. Кӕд дӕ Библи бамбарын фӕнды, уӕд дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31.)