Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/7 7 ф.
  • Раст дин ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раст дин ис?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раст дин кӕцы у, уый куыд ис базонӕн?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Ӕнӕ ӕууӕнкӕй царды амонд нӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Библи цы дзуры?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Цы диныл хӕст дӕ, ууыл дӕ ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/7 7 ф.

Раст дин ис?

Кӕд кӕцыдӕр динӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕ, уӕд дзы, ӕвӕццӕгӕн иуыл дӕр нал ӕууӕндыс. Фӕлӕ раст дин кӕй ис, ууыл ма дызӕрдыг кӕн. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цардаиккой. Абон дӕр ис, чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл чи архайы, ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт адӕм. Уыдон сты Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ. Кӕм сӕ ис ссарӕн?

Эстелл, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, зӕгъы: «Библи ӕмбарын райдыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ йӕ ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд». Бирӕ рӕстӕг мӕ нӕ бахъуыд, цӕмӕй бамбӕрстаин, Иоанны 8:32 стихӕн йӕ хъуыды цы у, уый. Уым фыст ис: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн».

Айразмӕ статьятӕй иуы кӕй кой кодтам, уыцы Рей та дзуры: «Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы ахуыр кодтон, уӕд базыдтон, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау аххосджын кӕй нӕу. Бузныг дӕн, кӕй бамбӕрстон, ӕмӕ кӕд нырма Хуыцау фыддзинадӕн цӕйдӕр тыххӕй быхсы, уӕддӕр нын ныфс ӕвӕры, тагъд ын кӕрон кӕй скӕндзӕн, уымӕй».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ алыварс чи ис, уыдонмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдау нымады дӕр куы нӕ уой, уӕд хӕрзӕгъдау цард кӕнын зын у. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис. Бирӕты фӕнды, исчи сын куы баххуыс кӕнид, цӕмӕй Библи бамбарой ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард аразой. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр милуангай адӕмимӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл Библи уый тыххӕй ахуыр кӕнынц. Алы къуыри дӕр тынг бирӕтӕ фӕахуыр кӕнынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый. Афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕнынц се Сфӕлдисӕгмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сты амондджындӕрa.

Хорз нӕ уаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты куы бафӕрсис, сӕ дин раст цӕмӕн хонынц?

Иннӕ хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд хорз нӕ уаид, куы сӕ бафӕрсис, сӕ дин раст цӕмӕн хонынц? Базон, цӕуыл ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн цы ном ис. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, раст дин ис ӕви нӕ.

a Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын