Ма уӕ рох кӕнӕд кувын
«Ут ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын» (1 ПЕТ. 4:7).
1, 2. а) Кувын нӕ цӕуылнӕ хъуамӕ рох кӕна? ӕ) Нӕ куывдтыты фӕдыл цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
ӔХСӔВЫГӔТТЫ-ИУ чи куыста, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Ӕхсӕвы хъал уай, уый ӕппӕты зындӕр вӕййы боныцъӕхты тӕккӕ размӕ». Ӕмӕ, цӕйдӕр тыххӕй ӕхсӕв фынӕй кӕнӕн кӕмӕн нӕ вӕййы, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстимӕ сразы уыдзысты. Абон мах дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕм уавӕры стӕм, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрхӕстӕг (Ром. 13:12). Уымӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ ныр бафынӕй уӕм! Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нӕ кувын ма рох кӕна (1 Пет. 4:7).
2 Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Цы зӕгъӕн ис мӕ куывдтыты тыххӕй? Цавӕр мын вӕййынц ӕмӕ цӕй тыххӕй? Ӕппынӕдзух фӕкувын? Иннӕты тыххӕй дӕр фӕкувын ӕви ӕрмӕстдӕр мӕхи тыххӕй? Мӕ куывдтытӕ мӕ ирвӕзындзинадимӕ куыд баст сты?»
КУВУТ «АЛЫ ХУЫЗЫ ДӔР ӔМӔ АЛЦӔЙ ТЫХХӔЙ ДӔР»
3. Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм?
3 Апостол Павел ефесӕгтӕм ныффыста, «алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр» кӕй хъӕуы кувын (Еф. 6:18). Мах Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувӕм, цӕмӕй, цардӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ цух ма уадза, стӕй дзы нӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн дӕр ӕххуыс фӕкурӕм. Библи Йегъовӕйы хоны, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау». Йегъовӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ фехъусы, ӕххуыс дзы куы фӕкурӕм, уӕд (Пс. 65:2). Фӕлӕ ма хъуамӕ ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр кувӕм. Нӕ куывдтыты хъуамӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, бузныг ын дзурӕм ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнӕм.
4. Нӕ куывдтыты Йегъовӕйы арӕх цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?
4 Йегъовӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у уый аккаг, цӕмӕй йӕ нӕ куывдтыты кадджын кӕнӕм. Зӕгъӕм, «йӕ хъомысджын хъуыддӕгтыл» ӕмӕ, «диссаджы Хуыцау» кӕй у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 150:1–6.) 150-ӕм псаломы ӕхсӕз стихы йеддӕмӕ нӕй, фӕлӕ дзы 13 хатты фыст ис, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм, уый тыххӕй. Ӕндӕр псаломы та псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Бон дӕ авд хатты кадджын кӕнын дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй» (Пс. 119:164). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у кады аккаг. Уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕйы «бон авд хатты», ома тынг арӕх, куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм!
5. Нӕ куывдтыты Хуыцауӕн бузныг кӕй фӕдзурӕм, уый нӕ куыд хъахъхъӕны?
5 Хъуамӕ ма нӕ куывдтыты Йегъовӕйӕн бузныг дӕр дзурӕм. Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Фил. 4:6). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ куывдтыты Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй бузныг дзурӕм, уӕлдайдӕр уымӕн, ӕмӕ мах цӕрӕм фӕстаг бонты ӕмӕ адӕм «хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц» (2 Тим. 3:1, 2). Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд ныл уыцы зондахаст фӕзындзӕн. Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг куы дзурӕм, уӕд нын тӕссаг нӕ уыдзӕн, хъуыр-хъуыргӕнаг кӕй суыдзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕй хъаст кӕнын кӕй райдайдзыстӕм, уымӕй (Иуд. 16). Бинонты хистӕр йӕ бинонтимӕ Хуыцаумӕ куы кува ӕмӕ йын бузныг куы дзура, уӕд йӕ цардӕмбал дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ дӕр уыдзысты бузныгзӕрдӕ.
6, 7. Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын цы у? Йегъовӕйӕн цавӕр уавӕрты ис лӕгъстӕ кӕнӕн?
6 Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын у, зӕрдӕбынӕй йӕм куы кувай ӕмӕ дзы афтӕмӕй цыдӕр куы курай, уый. Йегъовӕйӕн цавӕр уавӕрты у нӕ бон лӕгъстӕ кӕнын? Зӕгъӕм, нӕ фӕдыл куы зилой кӕнӕ цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын куы уӕм, уӕд. Ӕмӕ ахӕм рӕстӕг Хуыцаумӕ ӕнӕуи кӕй нӕ фӕкувӕм, фӕлӕ йын лӕгъстӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый диссаг нӕу. Фӕлӕ цымӕ ӕрмӕст ахӕм уавӕрты ис Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕн?
7 Ӕркӕсӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы куывдмӕ ӕмӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Хуыцауы ном, йӕ Паддзахад ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 6:9, 10.) Ацы дуне фыддзинады аныгъуылд, ӕмӕ хицӕуттӕн сӕ бон нӕу сӕ адӕмӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр раттын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувӕм, цӕмӕй йӕ ном срухс уа ӕмӕ йӕ Паддзахад Хӕйрӕджы хицаудзинадӕн кӕрон скӕна. Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр. Уӕдӕ нӕ ма рох кӕнӕд алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр кувын.
«ӔППЫНӔДЗУХ КУВУТ»
8, 9. Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ Гефсиманийы дыргъдоны кӕй бафынӕй сты, уый тыххӕй сыл нӕ зӕрдӕ цӕуылнӕ хъуамӕ фӕхуда?
8 Апостол Петр чырыстӕтты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын, фӕлӕ ӕппынкъаддӕр иу хатт уый йӕхицӕй дӕр ферох. Йесо Гефсиманийы дыргъдоны куы куывта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафынӕй сты, ӕмӕ сӕ иу уыд Петр. Кӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ, уӕддӕр бафынӕй сты. (Бакӕс Матфейы 26:40–45.)
9 Петр ӕмӕ иннӕ апостолтыл нӕ зӕрдӕ хъуамӕ ма фӕхуда, гъеныр куыд бафынӕй сты, зӕгъгӕ. Рох нӕ ма уӕд, уыцы бон бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзтой ӕмӕ тынг фӕллад кӕй уыдысты. Уыцы бон апостолтӕ Куадзӕнмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтой ӕмӕ йӕ изӕрӕй сбӕрӕг кодтой. Уый фӕстӕ сын Йесо бацамыдта, Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын куыд хъӕуы, уый, цӕмӕй-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ кодтаиккой (1 Кор. 11:23–25). Уыцы хабӕртты фӕстӕ «Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты», ӕмӕ сӕ уырдӕм дӕр Иерусалимы нарӕг уынгтыл иу цасдӕр хъуыди цӕуын (Матф. 26:30, 36). Уӕдмӕ ӕмбисӕхсӕв дӕр суыдаид. Мах дӕр уыцы ӕхсӕв Гефсиманийы дыргъдоны куы уыдаиккам, уӕд нӕхӕдӕг дӕр, чи зоны, бафынӕй уыдаиккам. Йесо йӕ фӕллад апостолтӕн уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ фӕлмӕнӕй загъта, «уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у», зӕгъгӕ.
Кӕд Петр фӕрӕдыд, уӕддӕр ын уый зондзонӕн фӕци – бамбӕрста, кувын куыд ахсджиаг у (кӕс 10, 11 абзацтӕ)
10, 11. а) Гефсиманийы дыргъдоны Петрыл цы хабар ӕрцыд, уый йын цавӕр зондзонӕн фӕци? ӕ) Петры хабарӕй ды цӕуыл ахуыр кӕныс?
10 Гефсиманийы дыргъдоны Петрыл цы хабар ӕрцыд, уый йын зондзонӕн фӕци. Петр йӕхиуыл бавзӕрста, куыд тӕссаг у, адӕймаг къӕрцхъус куы нӕ уа, уый. Уыцы хабары размӕ Йесо загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут». Уӕд ын Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» Йесо та йын загъта, ӕртӕ хатты дзы афтӕ кӕй зӕгъдзӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Петр уӕддӕр ныллӕууыд: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр афтӕ нӕ бакӕндзынӕн» (Матф. 26:31–35). Фӕлӕ фӕстӕдӕр хабар рауад, Йесо куыд загъта, растдӕр афтӕ. Ӕмӕ Петр, цы сарӕзта, уый куы бамбӕрста, уӕд фырмастӕй «тынг ныккуыдта» (Лук. 22:60–62).
11 Уыцы хабары фӕстӕ Петр бамбӕрста, йӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын кӕй хъуамӕ ма уа. Ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы, ӕвӕццӕгӕн, баххуыс кодта, Йегъовӕмӕ кӕй куывта, уый. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ, ма уӕ рох кӕнӕд кувын, зӕгъгӕ, Петр ныффыста. Мах дӕр уыцы уынаффӕмӕ хъусӕм? Ӕппынӕдзух фӕкувӕм ӕмӕ нӕ куывдтытӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм? (Пс. 85:8). Хъуамӕ нӕ рох ма уа апостол Павелы уынаффӕ дӕр: «Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа» (1 Кор. 10:12).
ЙЕГЪОВӔ НЕЕМИЙЫ КУЫВД ФЕХЪУЫСТА
12. Нееми нын фӕзминаг цӕмӕй у?
12 Ӕркӕсӕм-ма Неемийы хабармӕ дӕр. Уый цард н. э. размӕ 5 ӕнусы ӕмӕ уыди Персы паддзах Артаксерксы сӕндар. Нееми нын фӕзминаг у, Йегъовӕмӕ-иу куыд зӕрдиагӕй куывта, уымӕй. Бирӕ рӕстӕг Нееми «ком дардта ӕмӕ... Хуыцаумӕ куывта», дзуттӕгтӕ Иерусалимы кӕуинаг уавӕры кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Неем. 1:4). Иуафон ӕй Артаксеркс бафарста, ӕнкъард цӕмӕн дӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын Нееми бамбарын кодта, Иерусалим цы уавӕры ис, ууыл кӕй мӕт кӕны. Уӕд ӕй паддзах бафарста: «Ӕмӕ дӕ цы фӕнды?» Нееми дӕр «уайтагъд уӕлӕрвты Хуыцаумӕ скуывта» (Неем. 2:2–4). Ӕмӕ хабар куыд рауад? Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта (Неем. 2:5, 6). Уый фӕрцы Неемийы уырнындзинад куыд тынг бафидар уыдаид!
13, 14. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууӕм?
13 Мах дӕр Неемийау ӕппынӕдзух куы кувӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар. Хӕйрӕг у ӕгъатыр ӕмӕ ныл арӕх йӕхи ныццӕвы, лӕмӕгъ куы вӕййӕм, уӕд. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын куы уӕм кӕнӕ истӕй тыххӕй нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ, мӕйы дӕргъы цы балӕггад кӕнӕм, уый Хуыцауы цӕсты ницы у. Чидӕр та нӕ, чи зоны, маст кӕны, кӕддӕр ыл цы ӕвзӕр хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны тыххӕй. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр ма нымайӕм. Уый архайы, цӕмӕй ахӕм хъуыдыты тыххӕй нӕ къухтӕ ’руадзӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Фӕлӕ нӕ кувын куы нӕ рох кӕна, уӕд нын уыдзӕн фидар уырнындзинад. Ӕцӕгдӕр, «уырнындзинады стыр уартӕй... нӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:16).
Кувын нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд алыхуызон фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдзыстӕм (кӕс 13, 14 абзацтӕ)
14 Кувын нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд алыхуызон фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕрӕдийдзыстӕм. Зын уавӕры куы бахауӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу нӕ зӕрдыл дарӕм Неемийы цӕвиттон ӕмӕ-иу уайтагъд Хуыцаумӕ скувӕм. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы бауыдзӕн нӕ бон цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕууын ӕмӕ нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын.
КУВУТ ИННӔТЫ ТЫХХӔЙ
15. Дзырд иннӕты тыххӕй кувыныл куы цӕуа, уӕд цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
15 Йесо Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй Петры уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид (Лук. 22:32). Ацы хъуыддаджы Йесойы фӕзмыдта Епафрас, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй сӕ иу. Уый зӕрдиагӕй куывта Колоссты цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй. Павел колоссӕгтӕм Епафрасы тыххӕй ныффыста: «Уый ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй, цӕмӕй ӕппынфӕстаг уат фӕлтӕрд ӕмӕ, Хуыцауы фӕндонмӕ цыдӕриддӕр хауы, ууыл фидарӕй ӕууӕндат» (Кол. 4:12). Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам ахӕм фарстатыл: «Ӕгас зӕххыл мын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны тыххӕй фӕкувын? Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй скувын мӕ нӕ ферох вӕййы? Йегъовӕйы организацийы стыр хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй фӕстаг хатт кӕд скуывтон? Ме ’мбырдӕй зын уавӕры чи ис, уыдоны тыххӕй Йегъовӕмӕ фӕкувын?»
16. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын ахсджиаг цӕмӕн у?
16 Хуыцаумӕ иннӕты тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уымӕн ӕцӕгдӕр стыр тых ис. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:11.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ истӕй тыххӕй арӕх куы кувой, уӕддӕр хӕсджын нӕу, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕн дзуапп радта. Фӕлӕ кӕрӕдзийыл афтӕ кӕй тыхсынц, уый йын тынг ӕхсызгон вӕййы, ӕмӕ сын сӕ курдиат сӕххӕст кӕны, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы вӕййы, уӕд. Уӕдӕ хъуамӕ ацы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм. Епафрасау мах дӕр хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй зӕрдиагӕй кувӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, тынг сӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).
НӔ ИРВӔЗЫНДЗИНАД ХӔСТӔГ У
17, 18. Кувын нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
17 «Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бонмӕ бирӕ нал хъӕуы»,– ныффыста Павел. Ӕмӕ уый размӕ та ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Сымах зонут, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый. Ныр уыцы афон у, цӕмӕй райхъал уат, уымӕн ӕмӕ, уырнджытӕ куы систӕм, уымӕй ныр нӕ ирвӕзындзинад хӕстӕгдӕр у» (Ром. 13:11, 12). Тагъд ралӕудзӕн Хуыцауы ног дуне, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинад, мах куыд хъуыды кӕнӕм, уымӕй бирӕ хӕстӕгдӕр у. Ныр уыцы рӕстӕг нӕу, цӕмӕй бафынӕй уӕм. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нын ацы дунейы хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕимӕ аныхас кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа. Кувын нӕ куы нӕ рох кӕна, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ сыгъдӕг цард кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (2 Пет. 3:11, 12). Афтӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, фынӕй кӕй нӕ кӕнӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй кӕй уырны, ацы фыддунейы кӕрон хӕстӕг кӕй у. Цӕй уӕдӕ «ӕппынӕдзух кувӕм» (1 Фес. 5:17). Стӕй Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Хуыцауимӕ хибар ран аныхас кӕнынӕн. Йегъовӕмӕ кувынӕн рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Иак. 4:7, 8). Ӕмӕ ма уымӕй стырдӕр арфӕдзинад цы хъуамӕ уа!
18 Библийы фыст ис: «Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй» (Дзут. 5:7). Йесо Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куывта, ӕмӕ йыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад. Уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты мӕрдтӕй райгас кодта ӕмӕ йын уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард балӕвар кодта. Махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдыл иузӕрдионӕй баззайӕм, цыфӕнды зын уавӕрты ӕмӕ фӕлварӕнты ма бахауӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ нӕ кувын куы нӕ рох кӕна, уӕд нын Хуыцау ратдзӕн диссаджы лӕвар – ӕнусон цард.